Сидзæрдæтты хъомылгæнинæгты бæрц фæкъаддæр

0
525

Цæгат Ирыстоны сывæллоны барты æххæстбарджын КОКАЙТЫ Артуры ныхасмæ гæсгæ, фæстаг æртæ азы дæргъы нæ республикæйы сидзæрдæтты хъомылгæнинæгты нымæц дыууæ хатты фæкъаддæр.

— Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны сидзæрдæтты ис 98 хъомылгæнинаджы, ома, 2015 азимæ абаргæйæ, 115 сывæллоны къаддæр. Фæстаг дæсгай азты дæргъы сидзæрдæтты хъомылгæнинæгты нымæц афтæ бæлвырд фæкъаддæр фыццаг хатт. Афтæ бакæнын нын бантыст сæйрагдæр социалон сидзæрдзинады профилактикæйы фæрцы. Нæ республикæйы æппæтæй фылдæр ис ацы къордмæ хауæг сидзæртæ (сывæллæтты ныййарджытæ бæлвырд социалон, кæнæ экономикон æфсæнтты аххосæй ныййарæджы бар- тæй цухгонд сты). Ныййарджытæ сæ цоты сидзæрдæттæм кæй аххосæй раттынц, уыцы æфсæнттæ рабæрæг кæнæм. Ацы æфсæнттæ кæд æхцайы цухдзинадимæ баст сты, уæд ныййарджытæн куыст ссарæм, нуазгæ, кæнæ наркотиктæй чи пайда кæны, уыцы ныййарджытимæ та кусынц специалисттæ. Ацы хъуыддаджы архайынц Фæллой æмæ Мидхъуыддæгты министрадтæ, Адæмæн куыстдæттæг комитет æмæ æндæр ведомствотæ, — загъта Кокайы-фырт.

2008 азæй нырмæ ныййарæджы бартæй цухгонд ныййарджыты нымæц дыууæсæдæ дыууын цыппарæй æртын асты онг фæкъаддæр (ацы къордмæ хауынц æгуыст, кæнæ цотмæ чысыл æргом здахæг ныййарджытæ).

Æдæппæт Цæгат Ирыстоны ис æхсæз сидзæрдоны (адонæй фондз — Дзæуджыхъæуы). Æппæтæй фылдæр хъомылгæнинæгтæ — 30 сывæллоны — цæрынц сидзæрдон «Виктория»-йы.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here