Æнусы æмбис лæггад кæны адæмæн

0
675

 

Хуасдзауты Таисæ райгуырд, фæллой кæнын царды скъола æмæ кæс- тæрты хъомылады бындур кæм уыд, ахæм куыстуарзаг æмæ кадджын бирæ бинонты ‘хсæн.

Ныййарæг мад æмæ фыдæн сæ зæнæг уыдысты дæс — æхсæз лæппуйы æмæ цыппар чызджы. Бинонтæй медицинæмæ æмхиц ничи уыд. Æрмæст Таисæ, скъоладзау ма куы уыд, уæдæй фæстæмæ зыдта, дохтыры дæсныйадæй уæлдай иннæ дæсныйæдтæй йын иунæг дæр ад кæй нæ кæндзæн, уый. Чызгæн йе стырдæр бæллиц уыд дохтыр суæвын æмæ, йе ‘ххуысхъуаг чи уа, уыцы рынчын адæмæн лæггад кæнын. Скъола каст фæуыны фæстæ Таисæ йæ гæххæттытæ балæвæрдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон институтмæ (ныры академимæ), фæлварæнтæ бæргæ радта, фæлæ йын бацæуынæн не сфаг иунæг балл. Рыстзæрдæйæ йæ гæххæттытæ балæвæрдта Хæххон хъæууонхæдзарадон институтмæ, фæлварæнтæ æнтыстджынæй радта æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд экономикон факультетмæ. Ахуыр бæргæ хорз кодта, фæлæ йæ зæрдæ уæддæр медицинæмæ æхсайдта. Дохтыр суæвыны фæндоныл йæ зæрдæ нæ сивта, æмæ афæдзы фæстæ ногæй бафæлвæрд- та медицинон институтмæ бацæуын. Ацы хатт йæ бæллиц йæ къухы бафтыд — ссис дзæбæхгæнæн факультеты студенткæ.

Медицинон институт иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци 1967 азы. Уæдæй абоны онг, ныр 51 азы, æнæзæрдæхудтæй æмæ сыгъдæгзæрдæйæ Таисæ лæггад кæны адæмæн æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы. Æппæт уыцы азтæй æрмæстдæр æртæ азы æмæ æрдæг бакуыста æндæр ран (уæлдæр ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ Хъалмыхъты Республикæмæ кусынмæ æрвыст уыд йæ сæрыхицау, æмæ æрыгон бинонты цæуын бахъуыд уырдæм), иннæ азтæ иунæг бон дæр æнæфæцухгæнгæйæ Хуасдзауты Таисæ фæкуыста æмæ абон дæр кусы Æрæфы районы центрон рынчындоны. Уыцы-иу ран уыйбæрц рæстæг удуæлдай куыст фæкæн, æмæ дæм дæ дæсныйадмæ фыццаг бонты цы зæрдæйы ахаст уыд, уый ма раив — ахæм цæвиттонтæ царды бирæ нæ разындзæн. Дохтыры дæсныйад чи равзара, уый æнцон цардмæ æнхъæлмæ ма кæсæд. Афтæ дæр-иу уыд, æмæ Таисæйы бахъуыд æхсæвыгон йæ рынчынтæм ацæуын, стæй иу хатт дæр нæ, фæлæ дыууæ, æртæ хатты дæр, уавæр куыд домдта, афтæ. Æмæ уæддæр никуы фæтыхст, никуы сфæлмæцыд йæ куыстæй. Ахæм удуæлдай куыстæн абон йе стырдæр лæварыл нымайы, кæй сдзæбæх кодта, уыцы адæмы арфæтæ…

Таисæ куыд мысы, афтæмæй раздæр сывæллæтты дохтыртæ фаг нæ уыд, уымæ гæсгæ æрыгон дохтыр кусын райдыдта педиатрæй. Уый тыххæй йæ дыууæ хатты ацæуын бахъуыд специализаци Ростовы. Хъысмæт афтæ рауад, æмæ медицинæйы ацы къабазы 18 азы бакусыны фæстæ Таисæ йæ дæсныйад раивта, æмæ ныр 33 азы у Æрæфы районы рынчындоны дохтыр-невропатолог. Фæлæ уæддæр, куыд зæгъы, афтæмæй медицинон дæсныйæдтæй педиатрия у æппæтæй фæлмæнзæрдæдæр. 15 азы Таисæ уыд дзæбæхгæнæн фарстаты фæдыл Æрæфы районы центрон рынчындоны сæйраг дохтыры хæдивæг. У ССР Цæдисы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы отличник, уæлдæр къæпхæны дохтыр, Цæгат Ирыстоны сгуыхт дохтыр. Йæ дæсны- дзинадыл кусгæйæ, рæстæгæй-рæстæгмæ йæ бæрзонддæр кæнгæйæ, Таисæйы-иу ацæуын бахъуыд Ростовмæ, Харьковмæ, Стъараполмæ, Пензæмæ, Санкт-Петербург (уæды Ленинград) æмæ Мæскуымæ. «Дохтыр хъуамæ йæхиуыл куса, ахуыр кæна алы бон дæр, алы бон дæр исты ногдзинад хъуамæ базона, æнæ уымæй хорз дохтыр нæй», — зæгъы, æнусы æмбис медицинæйы чи бакуыста, уыцы фæлтæрдджын дохтыр. Йæхæдæг дæр йæ размæ ахæм бæрзонд нысантæ кæй æвæрдта, æмæ сæ кæй æххæст кодта, уый тыххæй медицинæйы йæ хъысмæт рауад амондджын. Стæй канд медицинæйы нæ. Уæздандзинад йæ алы уæнджы дæр кæмæн ис, хуымæтæг, фæлæ куырыхон сылгоймаг, дæсны æмæ фæлтæрдджын дохтырæн Хуыцау ракодта стыр лæвар ныййарæджы, бинонты амондæй дæр. Йæ сæрыхицау Тускъаты Русланимæ схъомыл кодтой хорз цот. Цоты хистæр Таймураз у Уæрæсейы æмвæзадыл наукон архайæг, нæ республикæйы Хицауады Сæрдар. Чызг Зæлинæ дæр у ахуыргонд, профессор, кафедрæйы сæргълæууæг Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты. Ахуыры фæндагыл ацыд кæстæр чызг Мæдинæ дæр. Педагогон æмæ наукон куыст кæны финансты колледжы. Амондджын нанайæн йæ цоты цот сты авд, æмæ уыдоны хурæй дæр рухс кæны йæ зæрдæ. Йæ профессионалон бæрæгбоны Таисæйæн нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй ма бирæ азты æнæрынцойæ æмæ зæрдæрухсæй фæкуса, æнусы æмбисы размæ йæ царды нысанæн кæй равзæрста, уыцы дæсныйады, æмæ йæ рынчынты арфæтæй йæ зæрдæ алкæддæр рухс куыд уа. ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here