Дохтыр — Хуыцауысконд адæймаг

0
607

Галиуæрдыгæй рахизæрдæм: бадынц ТАМАТЫ Жаннæ, ГУГКАТЫ Тамарæ æмæ санитарон кусæг ПЛИТЫ Джульетæ; лæууынц ГАБЕТЫ Анютæ, ХАРЕБАТЫ Индирæ, КЪОЗОНТЫ Альбинæ, ЧЕРТЫХЪОТЫ Фатимæ æмæ ГÆБÆРАТЫ Майæ Урс халат куы скæнай… Æнæниздзинадæй хуыздæр царды ницы ис. Æмæ цас фæнды куы фæдзурæм нæ медицинæйы хъæндзинæдтыл, цас фæнды дзы хъаст куы кæнæм, уæддæр æй алчидæр æмбары — æнæ дохтырæй цæрæн нæй. Дохтырæй арфæйагдæр, зындæр, бæрнондæр æмæ арфæйагдæр куыст нæй. Дохтыр у Хуыцауысконд адæймаг, æмæ афтæ чи зæгъы, дохтырæн йæ зæрдæ ныддур вæййы, зæгъгæ, уый раст нæу.
Нæ республикæйы медицинæйы къабазы кусджытæ сæ профессионалон бон сбæрæг кæнынмæ æрбамбырд сты Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион Ирон театры. Арфæ ракæнынмæ сæм æрбацыд республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, йемæ республикæйы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев æмæ республикæйы æнæ- низдзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Ратманов.
— Царды цыдæриддæр дæсныйæдтæ ис, уыдонæй дохтыры дæсныйад у æппæтæй ахсджиагдæр, зындæр æмæ вазыгджындæр. Тæригъæд кæнын, фæлмæнзæрдæ уæвын, искæй рыст хи рыстау æнкъарын — уыдон сты дохтырæн йæ сæйраг миниуджытæ, æмæ уыцы миниуджытæ уæм кæй разынд, уымæ гæсгæ равзæрстат дохтыры дæсныйад, — дохтыртæн, медицинон кусджытæн арфæ кæнгæйæ, загъта Битарты Вячеслав. — Адæм нæм æнхъæлмæ кæсынц, нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы уавæр ноджы кæй фæхуыздæр уыдзæн, йæ лæггæдтæ ноджы кæй фæхæрзхъæддæр уыдзысты. Æмæ уыцы нысанæн республикæйы разамынд, Хицауад кæй ницы бавгъау кæндзысты, уымæй зæрдæ æвæрын. Нырмæ цы сарæзтам æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы, уымæй ноджы фылдæр араздзыстæм дарддæр. Бындуронæй кæй рацарæзтам кæнæ сцалцæг кодтам, уыцы медицинон объекттыл ма бафтдзæн Æрыдоны районы рынчындон æмæ Мæздæджы поликлиникæ. Араздзыстæм ног амбулаторитæ æмæ фелсырон- акушерон пункттæ. Архайдзыстæм дохтыртæ æмæ медицинон кусджытæн сæ царды уавæртæ хуыздæр кæныныл, сæ мызды фарстайыл. Архайдзыстæм, кусын кæй фæнды æмæ размæ чи тырны, медицинæйы къабазы ахæм курдиатджын фæсивæд æргом кæныныл æмæ сын куысты фадæттæ аразыныл. Æрмæст сымах уæ хæстæ æххæст кæнынмæ ноджы бæрнондæр цæстæй куы нæ кæсат, уæд алцыдæр уыдзæн дзæгъæлы. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, фыццаджыдæр, ног æнтыстытæ æмæ уæ рынчынты ‘рдыгæй арфæтæ фылдæр куыд кæной. Амондджын бæрæгбæттæ уыл куыд цæуа, Хуыцау уый зæгъæд. Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы стыр æнтыстытæ æмæ дæсныдзинады тыххæй «РЦИ-Аланийы сгуыхт дохтыр»-ы кадджын ном лæвæрд æрцыд Гуытъиаты Лянæйæн — Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны 2-аг терапевтон хайады сæргълæууæгæн.
Республикæйы медицинæйы къабазы бирæ азты æнæзæрдæхудтæй кæй бакуыста æмæ æнтыстытæ йæ къухы кæй бафтыд, уый тыххæй РЦИ-Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады сгуыхт кусæджы кадджын ном лæвæрд æрцыд Реуазты Ассетæйæн — Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы сывæллæтты низты кафедрæйы доцентæн.
Бирæ азты æнæзæрдæхудт куысты тыххæй РЦИ-Аланийы Кады грамотæйæ хорзæхджын æрцыдысты: Дауыраты Лидия — Республикон онкологион диспансеры опера- цитæгæнæн блокы хистæр медицинон хо; Дзуццаты Фатимæ — Республикон клиникон рынчындоны неврологион хайады хистæр медицинон хо; Галинæ Донцова — Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны дохтыр-терапевт; Золойты Иринæ — Республикон клиникон рынчындоны кардиологион хайады хистæр медицинон хо; Хъаммæрзаты Раман — Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны реанимацион хайады сæргълæууæг; Хъамболты Тамарæ — Дыгуры районы центрон рынчындоны терапевтон хайады сæргълæууæг; Хъороты Алексей — Республикæйы офтальмологион центры дохтыр-офтальмолог; Медойты Вадим — Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны хирург; Собиты Игорь — Республикон клиникон рынчындоны сæйраг дохтыры хæдивæг; Созанаты Зæлинæ — клиникæ «Æнæниздзинад»-ы дохтыр-инфекционист; Танхълаты Ингæ — Дзæуджыхъæуы 4-æм поликлиникæйы сæйраг дохтыры хæдивæг; Хетæгкаты Беллæ — Дзæуджыхъæуы 2-æм арæндоны акушер-гинеколог.
Ирон театры чи æрæмбырд, Ирыстоны медицинон æхсæнады уыцы минæвæрттæн арфæ ракодтой республикæйы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Ратманов æмæ ирыстойнаг дохтыртæ æмæ медицинон кусджытæн сæ хуыздæрты схорзæхджын кодтой РЦИ-Аланийы Парламенты Кады грамотæтæй æмæ Арфæйы гæххæттытæй, стæй РЦИ-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады Кады грамотæтæй.
Республикæйы медицинон къабазы кусджытæн сæ рæсугъд аивадæй арфæ ракодтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион ансамбль «Алан», уæрæсейаг телевизион конкурс «Синяя птица»-йы фæуæлахизуæвæг, зарæггæнæг Сланты Тимур, Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы кæфтыты ансамбль «Цард» æмæ иннæтæ.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here