Церекаты бинонты дохтыртæн сæ фæллойадон рæстæг иумæ куы банымайæм, уæд рауайдзæн тынг стыр нымæц — 182 азы. Церекаты бинонты цы æхсæз дохтыры ис, уыдон иумæйагæй уал азы медицинон æгъдауæй лæггад кæнынц адæмæн.
Бинонты хистæр Церекаты Юри у хирург. Æмæ йыл кæд ацы аз æххæст кæны 81 азы, уæддæр бакастæй у цæрдæг, хæрзконд, æлвæст æмæ алкæддæр цардбæллон. Хирурджы дæсныйадæн йæ царды бонтæй уый снывонд кодта æнусы æмбисæй фылдæр. Цæгат Ирыстоны сгуыхт дохтыр, бæрзонддæр къæпхæны дохтыр Церекаты Юри уал азы дæргъы цал æмæ цал адæймаджы аирвæзын кодта сæ низтæй, бирæ хатт суанг мæлæтæй дæр, уый абон нæдæр йæхæдæг, нæдæр ничиуал банымайдзæн. Стæй хъуыддаг нымæцтæй дæр нæу. Зындгонд рагон бердзенаг философ Сократ загъта: «Дунейы цыдæриддæр дæсныйæдтæ ис, се ‘ппæт дæр, æртæйæ фæстæмæ, цæуынц адæмæй. Уыцы æртæ дæсныйады та — дохтыр, ахуыргæнæг æмæ тæрхонгæнæг — лæвæрд вæййынц æрмæстдæр Хуыцауæй». Ацы ныхæстæй растдæр зæгъæн нæй. Юри алкæддæр зыдта, дохтыры куыст кæй нæ быхсы сайæн митæ, æрдæгкуыстытæ. Йæ сæйраг миниуджытæ сты адæмы уарзын, сыгъдæгцæсгом æмæ куысты бæрнон æмæ дæсны уæвын.
Дохтыры дæсныйадмæ Юри бæллыд йе’рыгон бонтæй фæстæмæ. Уыимæ йæ фæндыд йæ цард æфсæддон медицинæимæ сбæттын. Уый тыххæй ахуыр кæнынмæ бацыд Одессæйы æфсæддон-денджызон медицинон училищемæ. Æрмæст æй каст нæ фæци, уымæн æмæ ахуыргæнæндон æхгæд æрцыд. Юри æрыздæхт Ирыстонмæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон институты (ныры академийы). Каст æй куы фæци, уæд æрвыст æрцыд Грознамæ. Уым райдыдта йæ фæллойадон фæндаг. Уый фæстæ 15 азы бакуыста Мæздæджы районы центрон рынчындоны. Уæдмæ йæ алыварс æрбамбырд, сæ куысты мидæг йемæ иухъуыды, иузæрдион чи уыд, ахæм дæсны коллектив.
Хирург у медицинон дæсныйæдтæн сæ зындæртæй иу (уæвгæ та дзы æнцон кæцы у?), дохтырæй уый домы, йе ‘ппæт хъарутæ, йæ уд дæр куысты куыд уадза. Афтæ дæр уыд, æмæ-иу къуыригæйттæ Юри хæдзармæ нæ ацыд, уымæн æмæ операцитæгæнæн залы-иу æрвитын бахъуыд 14-18-гай сахæттæ. Фæлæ, йæ дæсныйад Хуыцауæй лæвæрд кæмæн уыд, уыцы фæлтæрдджын хирург Церекаты Юри никуы сфæлмæцыд, никуы фæфæсмон кодта, дохтыры куыст кæй равзæрста кæддæр, ууыл.
Мæздæджы фæстæ Юри куыста Рахизфарсы районы центрон рынчындоны, ам дæр уыд хирургион хайады сæргълæууæг. Амбулаторион хирургийы центр та Цæгат Кавказы фыццаг хатт куыддæр фæзынд, афтæ йæ снысан кодтой уый сæргълæууæгæй. Юри абон дæр ис йæ куысты уæлхъус, у Рахизфарсы районы поликлиникæйы хирург.
Ацы ран фæллой кæны йæ бинойнаг Еленæ дæр. Еленæ у цæстыты дохтыр. Йæ медицинон стаж уымæн дæр егъау у. Медицинон институт каст фæуыны фæстæ æрвыст æрцыд горæт Пермьмæ. Уый фæстæ куыста Малгобечы. Ныртæккæ Еленæ у Беслæны поликлиникæйы офтальмологион кабинеты сæргълæууæг, уыцы-иу рæстæг у Рахизфарсы районы æфсæддон комиссарады эксперт, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг дæсны дохтыр.
Церекаты Юрийæн йæ дыууæ хойы — Тамарæ æмæ Ларæ — дæр равзæрстой дохтыры дæсныйад, сæ иу у гастроэнтеролог, иннæ — терапевт. Уæдæ хотæн сæ цот дæр — афтæ. Уымæ гæсгæ диссаг нæу, Юри æмæ Еленæйы кæстæртæ дæр сæ ныййарджыты фæндагыл кæй ацыдысты, уый. Сæ æртæ фыртæй æрмæстдæр хистæр лæппу Владимир ссис историк. Астæуккаг лæппу Тимур у дохтыр-уролог. Кусы Цæгат Кавказы бирæкъабазджын медицинон центры Беслæны. Кæстæр лæппу Алан та равзæрста профилактикон медицинæ, у Медицинон профилактикæйы республикон центры хайады сæргълæууæг. Алан куыд зæгъы, афтæмæй профилактикон медицинæ у æппæтæй вазыгджындæр, уымæн æмæ, бæрæг куыд у, афтæмæй рынчыны йæ низæй аирвæзын кæнынæй низ не ‘руадзын у æнцондæр. Æмæ абоны медицинæмæ, Аланы хъуыдымæ гæсгæ, кæсын хъæуы ахæм цæстæй, иннæ бæстæты куыд у, афтæ. «Нæ ныййарджытæ нын нæ гыццылæй фæстæмæ уыдысты дæнцæг. Кастыстæм сæм æмæ æмбæрстам, дохтыры дæсныйад æнцон кæй нæу, уый. Нæ фыд адæмы мæлæ- тæй кæй ирвæзын кæны, уый дæр æмбæрстам. Ныр уынæм, йæ раздæры рынчынтæ дзы куыд арфæйаг сты, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ ныййарджытæ дохтыртæ сты, æмæ æз дæр дохтыр уыдзынæн, зæгъгæ, фидæны дæсныйад æвзаргæйæ, ахæм хъуыдыйы фæдыл адæймаг хъуамæ ма цæуа. Фидæны дæсныйад хъæуы зæрдæйæ равзарын, — зæгъы Алан. — Мах та ме ‘фсымæримæ гыццылæй фæстæмæ нæхицæн скарстам: нæ ныййарджытæ куыд дæсны, фæлтæрдджын æмæ арфæйаг дохтыртæ сты, махæй дæр хъуамæ ахæмтæ рауайа».
Дыууæ æрыгон дохтыры Тимур æмæ Аланæн сæ профессионалон фæндаг нырма у даргъ æмæ уæрæх, æмæ сæ хорз фæндтæ сæ къухы бафтæнт. Дохтырты хистæр фæлтæр сæ кæстæр фæлтæрæй сæрбæрзонд куыд уой, ахæм амонд сæ уæд.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














