Социалон фæдзæхстады ног ивддзинæдтæ

0
457

 

Социалон фæдзæхстады фонды куыст ахъаззаг у нæ республикæйы кусæг адæмæн, инвалидтæн, фæллойы æмæ хæсты архайæг ветерантæн. Алы категоритæн дæр йæхи хицæн пособитæ ис, æмæ сыл бирæ архайд цæуы. Фæлæ, фонды кусджытæ æппындæр ницæмæй тыхсынц, æххæссынц алы хъуыддагыл дæр. 2018 азы 1 июлæй фæстæмæ социалон фæдзæхстады фонды куысты ивддзинæдтæ æрцæудзæн, æмæ уый фæдыл, знон йæ сæргълæууæг АЙЛАРТЫ Зæлинæ æмбырд скодта специалисттимæ. Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы профцæдисон активты, министрадты æмæ ведомствоты минæвæрттæ.

Æмбырды ныхас цыдис ног «Комкоммæ фидæн» — («Прямые выплаты»), зæгъгæ, пилотон проектыл. Айларты Зæлинæ ивгъуыд азы куыстæн хатдзæгтæ скодта æмæ загъта, фонды ивддзинæдтæ фарон дæр кæй æрцыд, уый фæдыл.

— Архайæм фондз пилотон проекты. Уыдонæй иу «электронный больничный лист», — зæгъгæ райдыдта 2017 азы 1 июлы. Афæдзмæ ахæм «листытæ» лæвæрд æрцыд нæ республикæйы 104 мин адæймагæн æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы «больничный»-тæн пособитæ фонд радих кодта. Ацы аз та «больничный лист» кæй хонæм, ахæм пособитæ электронон варианты уыдысты 21 мин адæймаджы. Ацы проект у федералон æмæ йæ сæххæст кæныныл архайæм æвæстиатæй.

Ацы аз, 1 июлæй æххæст кæнын райдайдзыстæм иннæ проект «Комкоммæ фидын». Проекты нысантæм гæсгæ нæ бæрны уыдзæн ноджыдæр ма 19 хæслæвæрды пособитæ фидынæн. Уый егъау æмæ зын куыст у, фæлæ мæ зæрдæ дарын, æнæкъуылымпыйæ кæй æххæст кæндзыстæм, уый. 90 милуан сомы нæ æрвылмæй дæр æрвитын хъæудзæн фæдзæхстад кæмæ ис, уыцы адæймæгты хыгъдтæм. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ кæд раздæр кусæг адæмæн сæ фæдзæхстады пособиты иу хай организаци фыста, уæд ныр уыцы æхца æнæхъæнæй дæр фонд райдайдзæн фидын.

«Дорожная карта», кæй хонынц, ууыл нæхæдæг бакуыстам, куыд райдайдзыстæм нæ куыст, уый сбæлвырд кодтам. Æппæт пособитæ дæр æрвыст цæудзысты комкоммæ банчы хыгъдмæ кæнæ посты хайадмæ, — загъта Айларты Зæлинæ.

Социалон фæдзæхстады фонды разамонæджы хæдивæг Иринæ Вобликова специалисттæн бæлвырд æмæ бæстон радзырдта ног проекты нысантæ цы домынц æмæ сæ куыд æххæст кæнын хъæудзæн, уый тыххæй.

САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here