Йæ тыхы бацыд бархионты змæлд

0
338

 

Цæгат Ирыстоны Бархионы аз кæныны фæдыл организацион комитетæн уыдис æмбырд, амыдта йæ Хицауады Сæрдары хæдивæг ФАДЗАЙТЫ Æхсарбег. Куыд бафиппайдта, афтæмæй бархионты змæлд йæхиуыл, куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр схæцыд. «Цæмæй ацы змæлдæн цавæрдæр пълан уа, уый тыххæй 2018 аз нæ бæстæйы банымадтой Бархионы азыл. Иугонд Нациты Организацийы генералон секретарь Кофи Анан куыд загъта, афтæмæй бархиондзинады æмбырдгонд сты, лæггад кæныны æмæ ацы дуне нæ бон иумæ хуыздæр скæнын кæй бауыдзæн, ахæм бæрзонд нысантæ. Уый æцæгæй дæр тынг раст хъуыды у», — загъта Фадзайы-фырт.

Ныридæгæн дæр Бархионы азы фæлгæты цавæр хъуыддæгтæ конд æрцыд, уый тыххæй æмбырды радзырдта фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джусойты Руслан. Куыд рабæрæг, афтæмæй азы фыццаг æмбис скодтой цалдæр социалон æмæ ахуырадон акцийы, 300 алыхуызон фембæлды, хъуыддаджы бацархайдтой федералон эксперттæ дæр, республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ бацæттæ кодтой 50 æрмæгæй фылдæр. «Скъоладзауты æппæтуæрæсеон змæлд»-ы регионалон хайады координатор Мæргъиты Жаннæ куыд радзырдта, афтæмæй сывæллæттæ æмæ æвзонг адæймæгтæн, бархион змæлды архайгæйæ, аивы сæ зондахаст, сæ удварны хæзнатыл æфты, уæдæ, хъуыддæгтæ аразгæйæ, сæ арæхстдзинад дæр фæфылдæр вæййы. Бархионы чиныг цы рауагъдонмæ уа, уымæн, уæлдæр ахуыргæнæндонмæ цæугæйæ, йæ баллтыл бафты 3—5 разæнгардгæнæн баллы. Бархионы аз кæныны организацион комитеты уæнгтæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй сын хорз æххуыс кæны æппæтуæрæсеон конкурс «Доброволец России»-йы амонæг Цæгат Кавказы федералон зылды Еленæ Козак. Йæ архайды фæрцы Цæгат Ирыстоны апрелæй июньмæ конд æрцыд бархионты алыхуызон хъуыддæгтæ. Республикон æхсæнадон организаци «Боевое братство»-йы сæрдар Дзгойты Валери ракуырдта, цæмæй бархионты къордтæ æмбæлой Афганистаны хæсты архайджытимæ, ныффыссой сын бæстон сæ мысинæгтæ. Уыдæттæ скæнын хъæуы, Афганистанæй Советон æфсæдты куы ракодтой, уыцы цауы 30 азы кадæн. Комитеты уæнгтæ ацы курдиатимæ сразы сты. Æмбырды ма сфæнд кодтой 2018 азы кæрон республикæйы хуыздæр бархионты схорзæхджын кæнын.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here