Шахмæтты уроктæ — скъолайы

0
479

Цæгат Ирыстон-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Иринæ АЗИМОВАЙЫ ныхасмæ гæсгæ, 1 сентябрæй фæстæмæ республикæйы скъолаты райдайæн кълæсты ахуырдзауты ахуыр кæндзысты шахмæттæй хъазыныл.

— Æвзонджы бонтæй фæстæмæ шахмæттыл ахуырад сывæллæтты сфæлдыстадон гæнæнтæ раргом кæнынæн, стæй сæ логикон хъуыдыкæнынады рæзтæн кæй ахъаз кæны, уымæ гæсгæ рахастам 1 къласæй фæстæмæ æппæт райдайæн кълæсты шахмæттæй хъазтыл ахуырады уроктæ амоныны уынаффæ, — загъта министр.

Республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрад кæуыл бакуыста, уыцы программæмæ гæсгæ предмет «Физикон культурæ» амоныны фæткмæ гæсгæ 1-4 кълæстæн къæпхæнгай амондзысты шахмæттæй хъазт.

Хъазтæй фæстæмæ скъоладзауты зонгæ кæндзысты шахмæтты историимæ, араздзысты сын турниртæ (ацы хъуыддæгтæ баххæст кæнынæн республикæйы скъолаты ахуыргæнджытæ каст фесты дæсныдзинады къæпхæн уæлдæргæнæн курсытæ). Фæлварæны хуызы Ногиры дыууæ азы дæргъы кусы Анатолий Карповы номыл шахматон скъола (æндæраз скъола байгом кæнынмæ шахмæттæй дунейы раздæры чемпион йæхæдæг æрбацыд). Алыхуызон ерысты архайгæйæ, скъолайы хъомылгæнинæгтæ дзы æвдисынц нывыл бæрæггæнæнтæ.

Скъола кусы хъæуы спорткомплексы бындурыл, 2-æм астæуккаг скъолайы та урокты фæстæ шахмæттæй хъазынæн рахай кодтой æнæхъæн уæладзыг.

— Шахмæттæй хъазыныл ахуырады уроктæ цæуынц нæ хъæуы спорткомплексы æмæ не скъолайы. Ахуырад цæуы къуыри æртæ хатты. Шахмæттæ ахъаз кæнынц сывæллæтты хуыздæр ахуырадæн, — зæгъы Ногиры 2- æм скъолайы директоры хæстæ æххæстгæнæг Хъæцмæзты Гермæн.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here