Сывæллæттæн — цалцæггонд бассейн

0
799

Дзæуджыхъæуы Цоколайыфырты уынджы чи æрбынæттон, гом арвы бын сывæллæтты уыцы бассейн рацарæзтой. Найæн хатæнты ныккалдтой бетон, стæй бассейны къултæ сцалцæг кодтой

— Ацы бассейныл 10 азæй фылдæр кæй цæуы, уымæ гæсгæ мозаикон къæйтæй арæзт йæ пъол æмæ къултæ раууатмæ æрцыдысты. Уымæй уæлдай, зымæджы дон кæцæй рауадзынц, уыцы бассейн уæлейы æхгæд кæй нæ вæййы, уый дæр объектыл æвзæрæрдæм фæбæрæг. Бассейны бындур цалдæр раны афаз. Мозаикон къæйтæ иууылдæр систам, бассейны бын бетонæй ногæй бамбæрзтам, — загъта Дзæуджыхъæуы муниципалон кусæндон «Радуга»-йы кусæг Берозты Сослан.

Китайаг фæзмæ ‘ввахс ран спортивон-дзæбæхгæнæн комплексы территорийыл æмæ Хъесаты Колкайы уынджы чи ис, уыцы бассейнтæ дæр банывыл кодтой. Ацы куыстытыл бахардз кодтой 550 мин сомы. Æрвылбон бассейнты территоритæ бафснайынц, дон та сæрмагонд фæрсудзæнтæй ныссыгъдæг кæнынц. Медицинон хотæ æмæ ирвæзынгæнджытæ бассейнты территоритыл рад хæссынц, — Республикæйы цæрджытæй курæм, цæмæй бассейнтæ сыгъдæгæй дарой, бырæттæ æрмæст урнæтæм æппарой, — загъта Берозы-фырт.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here