Ацы бонты, Хæдарцаты Асланы номыл уæгъдибар хъæбысхæсты академийы цы æхсæз гауызы ис, уыдоныл сæхи цæттæ кæнынц сæдæ богалæй фылдæр. Ам Ирыстоны иугонд командæйæ уæлдай ахуырты сты Венгрийы, Узбекистаны, Калининграды æмæ Уæрæсейы Æфсады центрон спортивон клубы богæлттæ
Нæ зындгонд тренертæ Тедеты Малик, Гозымты Хетæг (РЦИ-Аланийы иугонд командæйы сæйраг тренер), Дедегкаты Хъазыбег, Бæззаты Артур, Æрчъегкаты Тотрадз, Абайты Анатоли, Махъоты Æхсар, Тыбылты Цезарь, Санаты Георги æмæ иннæтæй уæлдай, фæсивæдимæ кусынц æндæр рæттæй æрбацæуæг командæты тренертæ: Алим Хикматов (Узбекистан), Михаил Харачура (Венгри), Олег Сугако (Калининграды облæст).
Ам йæ хъомылгæнинæгтимæ фыццаг хатт нæй нæ номдзыд æмбæстаг, Уæрæсейы сгуыхт тренер, Æфсады центрон спортивон клубы сæйраг тренер Мæргъиты Анатоли. Нæ номдзыд тренеримæ куы фембæлдыстæм, уæд йæ ныхас райдыдта Ирыстоны адæмæн арфæйæ: «Фыццаджыдæр, зæрдиаг арфæ кæнын Ирыстоны цæрджытæн. Спортуарзджытæн та мæ зæрдæ зæгъы, Уæрæсейы футболон командæ Черчесты Станиславы разамындæй нæ хъæбысæйхæцджыты куыд бафæзмой æмæ дунейы чемпионтæ куыд суой! Нæ богæлтты тыххæй куы дзурæм, уæд ныртæккæ нæ лæппутæ сæхи цæттæ кæнынц Уæрæсейы чемпионатмæ æмæ Дзæуджыхъæумæ дæр уый тыххæй ссыдыстæм.
Ам, хи бæрнон ерыстæм бацæттæ кæнынæн цы хъæуы, уыдæттæ иууылдæр сты. Ацы академи куы байгом, уæдæй нырмæ алы аз дæр нæ богæлттимæ ссæуæм Дзæуджыхъæумæ æмæ разыйæ баззайæм. Иннæмæй та нæ командæйы Ирыстон æмæ иннæ кавказаг республикæтæй бирæ лæппутæ ис æмæ уыдонæн ам уæвын вæййы æхсызгон. Уæдæ мæхæдæг дæр мæхи ам хуыздæр фæхатын, æмæ мын кусын дæр æнцондæр вæййы. Иу ныхасæй, стыр буз- ныг, ацы академи саразæг Хæдарцаты Махар, æмæ дзы чи кусы, уыдонæн!”
Тынг разы у сæ уавæртæй Венгрийы ко- мандæйы сæйраг тренер Михаил Харачура дæр: «Бæрнон ерыстæм хи цæттæ кæнын- мæ амæй хуыздæр уавæртæ зын ссарын у. Махмæ, Венгрийы, уæгъдибар хъæбыс- хæстæй бирæ нæй, ам цас тыхджын бо- гæлттæ ис, ахæмтæ. Уыдонимæ иумæ сæхи кæй цæттæ кæнынц нæ богæлттæ, уый сын тынг пайда у. Уæдæ иннæ уавæртæй дæр цы зæгъæн ис! Æрмæстдæр Стыр Бузныг!»
Бирæ арфæйы ныхæстæ загътой сæ фысымтæн Узбекистаны иугонд командæйы сæйраг тренер Алим Хикматов æмæ Калининграды облæсты командæйы сæйраг тренер Олег Сугако дæр.
«Ирыстоны богæлттимæ махæн фидар бастдзинæдтæ рагæй ис. Хæдарцаты æфсымæртæ Аслан, Махарбег æмæ Æхсар- бег, Фадзайты Арсен, Таймæзты Артур, тренертæ Дедегкаты Хъазыбег, Бекмæрзты Михал æмæ Константин стыр æвæрæн бахастой Узбекистаны хъæбысхæсты историмæ. Уымæ гæсгæ мах фæтырнæм нæ хъомылгæнинæгтимæ Ирыстонмæ. Мæнæ та ныр дæр Гуырдзыстонмæ дунеон турнирмæ цæугæйæ, нæ фæндаг ракодтам нæ уарзон Ирыстоныл. Ам ныл, куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр сæмбæлдысты æхсызгонæй. Ис нын æппæт уавæртæ дæр нæхи цæттæ кæнынæн. Мемæ сты, Тбилисы турниры нæ зæрдæ кæуыл дарæм, ахæм богæлттæ: Ихтиер Наврузов (70 кг), Бекзод Абдурахманов (74 кг), Давид Модзманашвили (125 кг) æмæ иннæтæ. Уырны мæ, ам Ирыстоны цы рæстæг фестæм, уый нæ лæппуты архайдыл хорзыл фæзындзæн», — загъта Алим Хикматов.
Тынг бузныг у фысымтæй Калининграды облæсты командæйы сæйраг тренер, Уæрæсейы сгуыхт тренер Олег Сугако дæр: «Æз Ирыстонмæ кæдфæндыдæр фæтырнын, куыд мæ уарзон бынатмæ. Ам мæнæн ис хорз æмбæлттæ тренертæ æмæ богæлттæй. Ноджы ма уæм мæнæ ацы æмбисонды уавæртæ арæзт куы ‘рцыд, уæд ма уымæй хуыздæр бынат кæм ис! Иннæмæй та Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайæн цы кад ис, уымæн фидар бындур ис æмæ ам нæ хъомылгæнинæгтæ цас арæхдæр уой, уый сын у пайдадæр. Æз сæрыстыр дæн, Ирыстоны мын хорз хæлæрттæ кæй ис, уымæй!»
Гъе, ахæм уавæрты цæуынц ахуыртæ фидæны ерыстæм. Тбилисы турнирмæ йæ уагæвæрдмæ гæсгæ алы бæстæйæ дæр сæ уæзты цæудзæн фæйнæ иу богалы. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы командæимæ уыдзысты: Рæмонты Сослан (70 кг), Уалыты Владислав (86 кг) æмæ Хуыбецты Кахабер (74 кг).
БАСКАТЫ Уырызмæг














