Цæгат Ирыстон — Иран: бастдзинæдтæ

0
502

Дæ фыдызæхмæ, цы адæмæй дæ, уыдонмæ уарзондзинад знаджы ныхмæ æрлæууынæй уæлдай, æндæр хуызы дæр ис равдисæн. Цæгат Ирыстоны Социалон æмæ гуманитарон иртасæнты институты хистæр наукон кусæг Сатцаты Эльбрусы кæдæй зонын, уæдæй мæ дисы æфтауы йæ дунеæмбарынад, парахат хъуыдыкæнынад, граждайнаг зондахаст æмæ Ирыстоныл æнувыддзинад. Нæ чысыл республикæ, не ‘мбæстæгтæ цæмæй цæрынц, уыдон ын сты тынг ахсджиаг. Сатцайы-фырт у зындгонд ахуыргонд, скæсæйнаг бæстæты æвзæгтæзонæг, иртасæг. Ташкенты университетæй йæ куыстмæ хуыдтой бирæ бæстæтæ, зæрдæ йын æвæрдтой граждайнад раттынæй дæр, æрмæст сæм рацæуæд. Фæлæ йæ фæндыд пайда æрхæссын Ирыстонæн æмæ ардæм сыздæхт.

Бирæ азты дæргъы САТЦАТЫ Эльбрус архайы Иран æмæ Цæгат Ирыстоны ‘хсæн бастдзинæдтæ сфидар кæныныл. Фæстаг рæстæг хъуыддаг йæ бынатæй фезмæлыд, фæбæрæг уал сты Хетæгкаты Къостайы номыл университеты, республикæйы Социалон æмæ гуманитарон иртасæнты наукон институты æмæ Тегераны университеты ‘хсæн бадзырды фæлгæты конд хъуыддæгтæ. Сатцаты Эльбрус ахсджиагыл нымайы, скæсæйнаг бæстæтæ зоныны магистратурæ кæй байгом, уый

— Дæ хорзæхæй, Эльбрус, ацы цауы тыххæй ма бæстондæр радзур.

— Нæ университеты историон факультеты бындурыл байгом ис магистратурæ, 1 сентябры йæ куыст райдайдзæн, у боныгон ахуыры хуыз. Ахуыр кæндзысты дыууæ азы, у бафидыны бындурыл конд. Уырдæм бацæуыны бар ис, историон факультет чи фæцис, ахæм адæймæгтæн. Фæстаг дыууæ семестры магистранттæ ахуыр кæндзысты Тегераны университеты. Ахуыр куы фæуой, уæд суыдзысты персайнаг æвзаг зонынимæ историктæ. Сæ бон уыдзæн наукон архайд кæнын. Магистратурæйы фæрцы нæм фæзындзæн Ираны культурæ, истори, æвзаг, нырыккон уавæр зонæг, иртасæг специалисттæ. Уымæй нæ наукон авналæнтæ фæпарахатдæр уыдзысты, нæ хъомысыл бафтдзæн. Алыхуызон историон персайнаг æрмæджытæ иртасдзыстæм нæхи хъарутæй.

— Куыд бамбæрстон, афтæмæй сын алыхуызон дисциплинæтæ амондзысты нæхи ахуыргæндтæ.

— Историон факультет у размæцыд, рæстæджы домæнтæ æнкъарынц, ацы нысаныл сразы сты, уæдæ дзы хорз цæттæгонд специалисттæ дæр бирæ ис. Иннæ ахæм, персайнаг æвзагзонæг ахуыргæндтæй дæр стæм æххæст. Мæхæдæг дæр цавæрдæр дисциплинæтæ амондзынæн. Куыд зонут, афтæмæй Мæхæмæтты Ахуырбег ректор куы уыдис, уæд университеты персайнаг æвзаг ахуыр кодтой, æмæ нæм уый фæрцы хорз рауагъдонтæ ис. Фæстæдæр хъуыддаг бамынæг, цæмæн, дам, нæ хъæуы персайнаг æвзаг, æмæ йæ сæхгæдтой. Ныртæккæ Огъуаты Алан дæр уавæр раст æмбары æмæ Ираны паддзахадимæ бастдзинæдтыл архайы.

Нæ рауагъдонты кой куы кæнон, уæд сæ иутæ кусынц нæхи наукон институты, сæ фылдæр хорз бынæттæ ссардтой Мæскуыйы, æндæр стыр горæтты. Ныртæккæ цы наукон хъомысы хицау стæм, уый нын фаг уыдзæн магистратурæйы хъуыддаг сфидар кæнынæн.

— Эльбрус, ацы фарстайы тыххæй ма демæ ныхас кодтам. Дæ цæстæй акæсгæйæ, нæ республикæйы æппæт гæнæнтæ дæр ис, цæмæй нæм иранистикæйы центр фæзына…

— Уый дзурæг уаид нæ наукон гæнæнтыл, фæрæзтыл. Куыстытæ æххæст кæниккам сыхаг регионтæ, стыр горæттæн, уый бирæвæрсыг архайд у. Геополитикон уавæр тынг тагъд ивы, куы иу бæстæ рацæуы размæ, куы — иннæ. Мах æппынæдзух хъуамæ архайæм нæ паддзахады интерестыл, пайда нын цы æрхæсдзæн, æддагон ахастдзинæдтæ куыд нывыл кæнын хъæуы, ууыл. Иранимæ нын ис иумæйаг уидæгтæ, зонынц æй, кæрæдзимæ хæстæг кæй стæм, уый, фæнды сæ бастдзинæдтæ фидар кæнын. Бирæ пайдайаг хъуыддæгтæ ис скæнæн Цæгат Ирыстоны ахæм бастдзинæдты фæрцы.

Наукæ, ахуырад, культурæ — ацы къабæзты æмгуыстады фæстæ экономикон æмархайд хъуамæ райдайа, фæлæ уал азмæ нырма ницыма рауад. Ирайнаг ахуыргæндтæ, аивады кусджытæ нæм арæх ссæуынц. Сæхи Ирыстоны хорз æнкъарынц, не ‘гъдау, нæ зондахаст сын хæстæг сты. Ацы паддзахад у размæцыд, пайда кæны бæрзонд технологитæй, уæдæ америкаг экономикон ныхмæлæудтæй кæй нæ фæцудыдта, йæхи фæрæзтæ æмæ авналæнтæй спайда кæнгæйæ, хъомысджын кæй ссис, уый йæхæдæг у дæнцæгæн хæссинаг.

Æз уыдтæн Ираны, йæ уавæр ын зонын, йæ цæрджытæ сты тынг кусаг, фæллойуарзаг, амалхъомады сын æппындæр цæлхдуртæ ничи æвæры, æрмæстдæр кусæнт. Тегеранæй æддæмæ куы рахизай, уæд дзы заводтæ, куыстуæттæ, цехтæ ныддæргъвæтин сты. Æз-иу сæм бацыдтæн, æнæмæтæй бадгæ дзы никæй фендзынæ, æппынæдзух кусынц, цавæрдæр продукци цæттæ кæнынц, базарадмæ йæ æрвитынц. Сæхи дæр дарынц, хъалонтæ дæр фидынц, сæ продукци дæр хуыздæргæнгæ цæуы. Махæн нæ географион бынат дæр хорз у, не ‘хсæн ис 600 километры бæрц, арæнтæ дæр нæ республикæйыл цæуынц. Ома — пайдайаг бынат.

— Нæ газет фыста, ирайнаг антрополог, этнограф Муртаза Ирыстонмæ кæй ссыд, уый тыххæй.

— Æцæгдæр, цалдæр мæйы дæргъы ацы ахуыргонд иртасы, Ирыстоны агуры Ираны паддзахаддзинады, историон, архитектурон, æндæр фæдтæ, бынтæ. Куыд зонут, афтæмæй, ам, Ирыстоны, революцийы агъоммæ уыдис ирайнаг консулад. Уæд нæм цард цалдæр мин ирайнаджы, уæдæ сыхаг республикæты дæр цардысты. Нæ уазæг ныридæгæн бабæрæг кодта Дагестан, Цæцæн. Фæлæ æппæты хуыздæр йæхи æнкъары Ирыстоны, цы иртасæн куыстытæ кæны, уымæ гæсгæ уал персайнаг æвзагыл фыстытæ рабæрæг кодта Стыр Дыгуры, Дзæуджыхъæуы дзуттæгты рагон уæлмæрдты. Фæнд кæны æндæр хъæутæм дæр фæцæуын.

Куыд ахуыргонд, афтæмæй цавæрдæр æмдзæвгæмæ гæсгæ сбæлвырд кодта, шиитты мæзджыт арæзт кæд æрцыд, уый — 1872 азы. Æппæт ацы хъуыддæгтæ конд цæуынц, уæлдæр цы бадзырды кой скодтон, уый руаджы. Ныр хъуамæ нæ институты æртæ специалисты ацæуой Тегераны университетмæ. Æртæ мæйы дæргъы сæ зонындзинæдтæ фылдæр кæндзысты, бастдзинæдтæ, æмархайд дæр фидардæр кæндзæн.

Афтæ зæгъæн ис, æмæ нæ университет дзæбæх къахдзæфтæ акодта: ирайнаг культурæйы центр дзы байгом, уым кæй фæнды, уыдон ахуыр кæнынц персайнаг æвзаг, уæдæ магистратурæ кæй байгом, уый дæр у стыр къахдзæф, ахæсгæ сты Ирыстон æмæ Ираны æхсæн æмгуыстадмæ. Ахуыргæндтæн уал æнтысы уыцы æмгуыстад, экономикон бæлвырд хъуыддæгтæ, туризмы райрæзт кæмæ хауынц, уыдон дæр хъуамæ сæхи равдисой.

— Бузныг, Эльбрус.

Ныхас ныффыста БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here