Не ‘мзæххоны номыл

0
363

Цæгат Ирыстонæй рацæуæг Калоты Георгийы кадæн Донецкы олимпаг авналæнты сывæллæтты 3-æм скъолайы бæстыхайы раззаг къулыл байгом кодтой номарæн къæй.

Номарæн æмбырды архайдтой бынæттон хæстыты ветеранты æппæтуæрæсеон æхсæнадон организаци «Боевое братство»-йы цæгатирыстойнаг хайады æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы ирон æхсæнады минæвæрттæ. Донецкы Адæмон Республикæйы Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд нысаниуæджы полчъы 2-æм къорды æфсæддон службæгæнджытæ, стæй олимпаг авналæнты скъолайы хъомылгæнинæгтæ.

— Нæ фыдæлтæ кæй ныхмæ тох кодтой, уыцы знæтдзинадæй нæ зæхх чи хъахъхъæны, абон гом кæнæм уыцы ирон адæмы хъæбатыр минæвары номарæн къæй. Рæхджы ирон, донецкаг æмæ уæрæсейаг адæмтæ кæй баиу уыдзысты, уый мæ уырны, — загъта Донецкы Коммунистон партийы разамонæг Борис Литвинов.

Æфсæддон-интернационалист Калоты Георги Донецкы Адæмон Республикæйы рæзтмæ цы æвæрæн бахаста, республикæйы гæрзифтонг тыхты службæгæнджытæ уый тыххæй радзырдтой.

Номарæн къæй байгом кæныны фæстæ æмбырды архайджытæ, æдзæмæй алæугæйæ, хъæбатырæн кад скодтой.

Æфсæддон-интернационалист Калоты Георги (1965-2017) 1983-1985 азты архайдта Афганистаны хæсты, разамынд лæвæрдта Бынæттон хæстыты ветеранты æппæтуæрæсеон æхсæнадон организаци «Боевое братство»-йы цæгатирыстойнаг хайадæн, ахста РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы уæнджы æмæ Парламенты депутаты бынæттæ, ахъаз кодта «Боевое братство»-йы донецкаг регионалон хайады арæзтадæн.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here