РЦИ-Аланийы кæронмæ æрхæццæ сты æппæтахуырадон организациты ‘хсæн Сæргълæууæджы Кубок рамбулыны республикон ерыстæ футбол, баскетбол æмæ волейболæй. Cбæрæг сты Кубок рамбулджытæ чызджытæ æмæ лæппуты ‘хсæн дæр волейбол æмæ баскетболæй. Æдæппæтæй футболæй турниры архайдтой 16 мин скъоладзауы.
Кæронбæттæны фембæлдысты Дзæуджыхъæуы 42-æм æмæ Мæздæджы 3-æм скъолайы ахуырдзаутæ. Сæ хъазт рауад цымыдисаг, фæлæ карз тохы фæуæлахиз сты дзæуджыхъæуккæгтæ 2:0 хыгъдимæ æмæ систы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы цæугæ Кубокы хицау.
Чызджыты хуыздæр футболон командæйыл нымад æрцыд Мæздæджы 3-æм скъолайы командæ.
Волейболæй республикон ерысты сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Æрхонкæйы станицæйы 1-æм скъолайы чызджытæ, лæппуты ‘хсæн та – ацы станицæйы 2-æм скъолайы ахуырдзаутæ.
РЦИ-Аланийы Кубоктæ лæвæрд æрцыдысты баскетболæй Æрыдоны 1-æм скъолайы (чызджыты ‘хсæн) æмæ Беслæны æппæтахуырадон скъолайы командæтæн (лæппуты ‘хсæн).
Уæлахиздзау командæтæ æмæ призертæн раттой кубоктæ, майдантæ, дипломтæ æмæ æхцайы сертификаттæ фæйнæ 50, 70 æмæ 100 мин сомимæ.
Сæрмагондæй Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло Мæздæджы 3-æм скъолайы командæйы дуаргæс Артем Яблочкинæн балæвар кодта Уæрæсейы иугонд командæйы футболист æмæ дуаргæс Æгкацаты Станиславы æрмкъухтæ.
Сергей Меняйло æрвылазон егъау бæрæгбоны æвзонг архайджытæн зæрдиаг арфæ ракодта.
– Нæ лæппутæ æмæ чызджытæ уæлахизыл куыд тох кæнынц, уымæ трибунæйæ куы кæсай, уæд æмбарыс – ис сæм характер, ныфс, тырнындзинад. Æхсызгон мын у, Сæргълæууæджы Кубок царды кæй æрфидар, æмæ дзы скъоладзаутæ æхсызгонæй кæй архайынц. Фыццаг уыдон уыдысты лæппуты ‘хсæн хъæзтытæ футболæй, стæй – чызджыты ‘хсæн, дарддæр – баскетбол æмæ волейболæй. Бузныг организатортæн, ныййарджытæн, ахуыргæнджытæ æмæ, ацы хъæппæрисы фарс чи рахæцыд æмæ сабиты чи разæнгард кодта, уыдонæн. Спорт сæм æвзæрын кæны уæлахизмæ тырнындзинад, æнæниз цардыуагыл сæ æфтауы. Æмæ, кæд се ‘ппæт профессионалон спортсменты фæндаг нæ равзардзысты, уæддæр сæ зæрдыл бадардзысты, сæ хъазтæй цы ирд æнкъарæнтæ райстой, уыдон. Æз мæхæдæг дæр æрымысын, мæ сабибонты ацы фæзы «Сæрак пурти»-йы турниры куыд хъазыдтæн Алагиры командæйæн, уый. Спорты фæуæлахиз вæййы тыхджындæр, фæлæ сымах, мæ хæлæрттæ, фыццаджыдæр, фæуæлахиз стут уæ мидтыхст æмæ тасыл! – загъта Сергей Меняйло.
Ацы аз æртæ хуызы спорты ерысты архайдтой 42 мин ахуырдзауæй фылдæр. Ерысты нысан у сывæллæттæ æмæ æнахъомты физикон культурæ æмæ спортыл цалх кæнын, курдиатджын сабиты сбæлвырд кæнын. Æрвылазон ерыстæ арæзт цæуынц РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














