Бындур — ног центрæн

0
546

Знон Дзæуджыхъæуы бындур сæвæрдтой ног базарадон центр «Леруа Мерлен»-ы арæзтадæн.

Зындгонд егъау компани «Леруа Мерлен» у, дунейы алы бæстæты арæзтадон æрмæг асламдæр æргътæй чи уæй кæны, уыцы бренд. Ирыстонмæ компанийы разамынд хуымæтæджы се ‘ргом нæ раздæхтой. Нæ республикæйы хорз фадæттæ æмæ гæнæнтæ ис ног объекттæ аразынæн.

Ног базарадон центры арæзтад райдайынæн фæзы фыццаг дур бавæрдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ «Леруа Мерлен»-ы уæрæсейаг компанийы генералон директор Елизаветæ Лисюкова.

Битарты Вячеслав зæрдиаг арфæтæ ракодта уазджытæ æмæ ног центры арæзтады архайджытæн æмæ загъта, æхсызгон кæй у, нæ республикæмæ инвестортæ се ‘ргом арæхдæр кæй здахынц, уый.

Зындгонд компани Ирыстоны йæ куыст кæй райдайдзæн, уый нæ республикæйæн ахъаззаджы хос уыдзæн. Бюджетмæ æфтиæгтæ, куысты бынæттæ æмæ нæ адæмæн хæрзхъæд арæзтадон æрмæджытæ кæй уыдзæн, уымæй, — загъта республикæйы Сæргълæууæг. Компанийы куысты фæдыл бæлвырд радзырдта Елизаветæ Лисюкова. Уый куыд загъта, афтæмæй сæ арæзтадон æрмæджыты дуканитæ дунейы бирæ сты.

— Æрмæст Уæрæсейы ахæм центртæ ис 77. Цыппæрдæс азæй фылдæр нæма стæм дунейы базарады, афтæмæй нæ куысты бæрæггæнæнтæ та сты бæрзонд. Æргътæ аслам уый тыххæй скодтам, æмæ алкæй бон дæр цæмæй уа балхæнын, цы йæ хъæуы йæ хæдзары арæзтадæн, уый. Дзæуджыхъæуы нæ базарадон центрæн хорз фидæн ис, уый мæ уырны, уымæн æмæ федтон алырдыгæй дæр ног объектты арæзтæдтæ, — загъта уæрæсейаг компанийы генералон директор.

Подрядон организаци «СТ», йæ сæргъы Хъайтмазты Хъазыбег, афтæмæй цæттæ у ног центры арæзтад тæккæ райсом дæр райдайынмæ. Уæвгæ, сæ куыстмæ бавнæлдтой. Техникæ кусы æнæ къуылымпыйæ. Центр кæм уыдзæн, уыцы фæз уал ныссыгъдæг æмæ сæмвæз кодтой.

Тæвд бонты, кæй зæгъын æй хъæуы, зын у гом арвы бын, аууоны мур кæм нæй, ахæм бынаты кусын, фæлæ сын ис æмгъуыд æмæ сæ хæслæвæрдтæ афоныл хъуамæ сæххæст кæной.

САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here