Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы арфæ Черчесты Станиславæн

0
458

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав Уæрæсейы футболон иугонд командæйы сæйраг тренер ЧЕРЧЕСТЫ Станиславы номыл цы телеграммæ арвыста, уым арфæ ракодта нæ спортсментæн, дунейы чемпионаты фæлгæты Испанийы иугонд командæйыл кæй фæуæлахиз сты, уый фæдыл.

«Уæрæсейы иугонд командæйæн фыццаг хатт бантыст ахæм бæрзонд къæпхæнмæ схизын. Уый, æнæмæнг, де сгуыхтдзинады, стæй уæлахизмæ командæйы уæнгты тырнындзинады фæрцы бафтыд къухы. Нæ зæрдæты нын стыр æхсызгондзинад бауагътат æмæ уын бузныг зæгъæм», — загъд ис арфæйы телеграммæйы.

Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы иугонд командæйæн йæ зæрдæ зæгъы ноджы стырдæр æнтыстдзинæдтæ.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here