Мæскуыйы уыд акционерон æхсæнад «Газпром»-ы æрвылазон иумæйаг æмбырд. Компанийы акционертæ бахыгътой ивгъуыд азы куысты бæрæггæнæнтæ, стæй снысан кодтой дарддæры архайды сæйрагдæр нысантæ.
Фембæлды сæрдариуæггæнæг — компанийы директорты советы сæрдар, УФ-йы Президенты сæрмагонд минæвар, газы æвæрæнтæй хъæздыг чи у, уыцы бæстæтимæ æмгуыстады фарстаты фæдыл Виктор Зубков æмбырды райдайæны куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2018 азы 4 июны хыгъдмæ компанийы акционерты номхыгъды уыд 464 мин адæймагæй фылдæр (уыдон сты «Газпром»-ы 23 499 652 869 акцийы хицæуттæ). Кæй зæгъын æй хъæуы, уый бæрц адæмы иу ранмæ æрæмбырд кæнæн нæй. Уыцы æууæл хынцгæйæ, акционертæн сæ фылдæр хай рагагъоммæ сæ хъуыдытæ загътой æмæ схъæлæс кодтой æмбырды боны фæткы фарстатыл.
«Газпром» æмæ йæ дæлхайæдтæ ивгъуыд азы цавæр куыст бакодтой, стæй хæстæгдæр фидæны сæ размæ цавæр нысантæ æвæрынц, уый тыххæй доклад скодта компанийы правленийы сæрдар Алексей Миллер. Уый бæстон æрлæууыд компанийы финансон-экономикон архайды бæрæггæнæнтыл, радзырдта, «Газпром» цы бирæ ахсджиаг социалон проекттæ æххæст кæны, уыдоны тыххæй дæр.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, дунейы егъаудæр æмæ хъомысджындæр энергетикон компаниты æмрæнхъ уæвын æнцон хæс нæу, фæлæ уыцы хъуыддаг нæ къухы æфты», — фæнысан кодта Алексей Миллер. Йæ ныхасмæ гæсгæ, æрдзон газы æвæрæнты бæрцæй компанийæн дунейы æмбал нæй, «Газпром»-ы бæрны чи ис, газæй ифтонгады уыцы системæ дæр йæ дæргъмæ, стæй йæ техникон хъомысмæ гæсгæ у æппæты егъаудæр.
«Уæрæсейы Федерацийы экономикæмæ «Газпром» цы стыр бавæрæн хæссы, уый ирдæй зыны ахæм бæрæггæнæнæй дæр — алы æмвæзады бюджеттæм компани 2017 азы хъалонты хуызы барвыста 2,5 триллион сомы бæрц. 2016 азимæ абргæйæ, хъалонтæ æмæ æндæр ахæм фиддонты бæрцыл бафтыд 568 миллиард сомæй фылдæр. Æмткæй райсгæйæ, Уæрæсейы консолидацигонд бюджеты æфтиæгты 8 процентæй фылдæр дæтты нæ компани», — загъта правленийы сæрдар. Алексей Миллер æрхаста ахæм нымæцтæ дæр — 2017 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, компанийы æфтиæгты бæрц 12 миллиард доллæрæй фæфылдæр.
Æфтиæгты кой кæнгæйæ, æвæццæгæн, зæгъын æмбæлы, компани йæ акциты ныхмæ цы дивидендтæ фиды, уыдоны тыххæй дæр. Уæвгæ, хорз зындгонд у — уæрæсейаг куыстуæттæй йæ акционертæн дивидендтæ чи фиды, уыдоны нымæц бирæ нæу. Уыимæ, сæ иу у «Газпром». Ивгъуыд азы куысты бæрæггæнæнтæ бахынцгæйæ, компанийы директорты совет фæндон бахаста, цæмæй ацы хатт иу акцийы ныхмæ дивидендты хуызы лæвæрд æрцæуа 8 сомы æмæ 4 капеччы. Афтæмæй, дивидендтæ фидыныл компани схардз кæндзæн 190 миллиард сомы (ома, йæ æфтиæгты 27 проценты бæрц).
Алексей Миллер йæ доклады бæстон радзырдта, компани цы егъау æмæ ахсджиаг инвестицион проекттæ æххæст кæны, уыдоны тыххæй дæр. Уыцы проекттæн сæ егъаудæртæ æххæстгонд цæуынц Боливийы, Вьетнамы, Ирак æмæ æндæр бæстæты, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейæн йæхи мидæг.
Æргомгонд цæуынц газы ног гуырæнтæ, хъомысджындæр кæны газуадзæн хæтæлты системæ, нывылдæр кæнынц газы комплексы инфраструктурæйы иннæ объекттæ дæр.
«Сила Сибири», «Северный поток», «Северный поток-2» æмæ иннæ магистралон газуадзæнтæ фадат ратдзысты, цæмæй зынгæ фæфылдæр уа газы фæлхасад, куыд бæстæйы мидæг, афтæ фæсарæнты дæр.
Доклады куыд загъдæуыд, афтæмæй 2017 азы компани уæрæсейаг фæлхасгæнджытæн цы газ радта, уый бæрц схæццæ 229,9 миллиард кубометрмæ (ома, 2016 азимæ абаргæйæ, 7 проценты фылдæр). Ам сæрмагондæй зæгъын хъæуы, компани кæй æххæст кæны, бæстæйы газификацийы уыцы программæйы тыххæй.
Ацы программæйæн ахсджиаг социалон нысаниуæг кæй ис, уый дызæрдыггаг нæу. Куыд зонæм, афтæмæй бирæ уæрæсейаг цæрæн бынæттæм æрдзон газ нæма фæхæццæ. Æмæ, цæмæй уавæр хуыздæрæрдæм фæива, ууыл куыст цæуы бæлвырд фæткмæ гæсгæ. Зæгъæм, газификацийы федералон программæйы фæлгæты 2017 азы арæзт æрцыдысты, сæ иумæйаг дæргъ 1 848 километры кæмæн у, ахæм газуадзæн хæтæлтæ (уыцы куыстытæ цыдысты 32 уæрæсейаг регионы). Афтæмæй газуадзæн хæтæлтæ бахæццæ сты ноджыдæр ма 121 хъæу æмæ поселокмæ. Ныр уыцы газуадзæн хæтæлтæ хъæуты уынгтæм бауадзыны хæс та хауы хицаудзинады регионалон оргæнтæм. Докладгæнæджы ныхасмæ гæсгæ, 2017 азы кæронмæ бæстæйы газификацийы къæпхæн схызт 68,1 процентмæ (уыимæ, горæтты газификацийы къæпхæн у 71,4 проценты, хъæуты та — 58,7 проценты).
Зынгæ фæфылдæр, «Газпром» раздæры Советон Цæдисы бæстæтæн цы æрдзон артаг ауæй кодта, уый бæрц дæр — схæццæ 35 миллиард кубометрмæ (йæ бæрцыл бафтыд 1,8 миллиард кубометры).
Европæйы бæстæм та «Газпром» æрдзон артаг цас ауæй кодта? Уыцы бæрæггæнæндæр зынгæ фæфылдæр æмæ схызт æппæты бæрзонддæр нымæцтæм — 194,4 миллиард кубометрмæ. Компани цы 25 азы кусы, уыдоны дæргъы дыууæ хатты фæфылдæр кодта, европæйаг фæлхасгæнджытæн цы газ æрвиты, уый бæрц. Æмткæй райсгæйæ, Европæйы бæстæтæ цы газ хардз кæнынц, уымæн йæ 34,2 проценты у уæрæсейаг газ.
Ацы азы бæрæггæнæнтæ дæр куыд æвдисынц, афтæмæй дарддæр рæзы уæрæсейаг газы европæйаг фæлхасад. Зæгъæм, 2018 азы фыццаг æмбисы «Газпром» европæйаг бæстæтæм арвыста æрдзон артаджы 101,2 миллиард кубометры (ома, ивгъуыд азы уыцы æмгъуыдимæ абаргæйæ, 5,5 миллиард кубометры фылдæр). Алексей Миллер куыд фæнысан кодта, афтæмæй йæ зæрдæ дары, 2018 азы кæронмæ уæрæсейаг газы европæйаг фæлхасад 200 миллиард кубометрæй фылдæр кæй фæуыдзæн, ууыл.
Афтæ бæстон компанийы правленийы сæрдар радзырдта сæ архайды æппæт фæзилæнты тыххæй дæр.
Æмбырды архайджытæ загътой сæ фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ, уыимæ, хорзыл банымадтой 2017 азы куысты бæрæггæнæнтæ æмæ сæ сфидар кодтой. Афтæ, боны фæткы æппæт фарстаты фæдыл дæр рахастæуыд бæлвырд уынаффæтæ.
Компанийы акционерты æмбырды фæстæ «Газпром»-ы директорты ног æвзæрст совет æркаст организацион фарстатæм дæр. Виктор Зубковы ногæй равзæрстой компанийы директорты советы сæрдарæй, Алексей Миллеры та директорты советы сæрдары хæдивæгæй.
Компанийы акционерты æмбырды цы уынаффæтæ рахастæуыд, уыдоны тыххæй Виктор Зубков æмæ Алексей Миллер фæстæдæр бæстон радзырдтой, дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн цы пресс-конференци сарæзтой, уым. «Мах дарддæр дæр бæрнонæй кусдзыстæм нæ сæйрагдæр нысаныл — афойнадыл æмæ æнæкъуылымпытæй æрдзон газ æрвитын уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг фæлхасгæнджытæм. Уый у нæ фыццаградон хæс», — журналисттимæ фембæлды кæронбæттæн фæнысан кодта Алексей Миллер.
СЛАНТЫ Аслан














