Хорз — сæ фадæттæ, къуындæг — сæ гæнæнтæ

0
648

Уæллаг Ларсы Уæрæсейæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæнтыл цы бæрæггæнæн-бахизæн пункт ис, ууылты афæдзы дæргъы 2-3 сахаты æнæфæстиатæй бахизæн стæм хатт йеддæмæ никуы вæййы. Рог æмæ уæзласæн машинæтæ, автобустæ ныххал вæййынц цалдæргай километртæ. Рады лæуджыты нымæц уæлдай фылдæр вæййы сæрды мæйты, уымæн æмæ уæд сбирæ вæййынц фæлладуадзынмæ цæуджытæ, Фæскавказæй дыргъ æмæ халсартæ ласджытæ.

Уæрæсейæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæнтыл бахизæны уыйбæрц транспорт æмæ адæмы тыхстæй æдыхст не сты таможняйы кусджытæ æмæ арæнхъахъхъæнджытæ дæр. Бæрæггæнæн-бахизæн пункты гæнæнтæ къуындæг кæй сты, сæ фæуæрæхдæр кæныны мадзæлттæ та бынтон хуымæтæг кæй не сты, уый æмбарынц ведомствоты разамонджытæ дæр, фæлæ алцы аразын уыдонмæ нæ хауы. Уæрæсейы арæнты объекттæ аразын æмæ сæ пайда кæнынмæ цæттæйæ дарын хауы «Росгранстрой»-ы дирекцимæ.

Æрæджы сæ разамынды минæвæрттæ æрцыдысты Уæллаг Ларсмæ. Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ бахизæны уавæртæ фенынмæ æмæ адæм цы къуылымпытæ æййафынц, уыдон аиуварс кæнынæн мадзæлттæ саразын æмæ снысан кæныны фæдыл. Фембæлдысты Цæгат Ирыстоны Таможняйы хицау Сергей Троцко æмæ Уæрæсейы Федерацийы æдасдзинады федералон службæйы Арæнхъахъхъæнджыты управленийы хицау Владимир Юровимæ. Журналисттимæ фембæлын сæ цæмæдæр гæсгæ нæ бафæндыд, сæ æрцыды нысан дæр нæ раргом кодтой. Æрмæст скъуыддзаг хъусынгæнинæгтæм гæсгæ журналисттæ базыдтой се ‘рцыды æмæ сæ дарддæры нысанты тыххæй.

Журналисттимæ фембæлд Цæгат Ирыстоны Таможняйы хицау Сергей Троцко. Уый ныхасмæ гæсгæ, арæнтыл бæрæггæнæн-бахизæн пункт йæ райдайæны цы проектмæ гæсгæ арæзт æрцыд, уый бындурыл суткæмæ арæнтыл хъуамæ ауадзой 200 рог автомашинæйы, 170 — уæзласæн машинæтæ, 40 та — автобустæ. Уыдоны нымæц та сæрды мæйты фæфылдæр вæййы 20 хатты. Уый стыр зындзинæдтæ æвзæрын кæны бæлцæттæн дæр æмæ таможняйы, стæй арæнхъахъхъæнджыты кусджытæн дæр. Арæнхъахъхъæнджытæ ма уæлæмхасæн байгом кодтой 4 кабинæйы, фæлæ уыдон дæр не ‘ххæссынц уыйбæрц бæлццæттыл. Арæнтыл бæрæггæнæн-бахизæн пункты гæнæнтæ къуындæг кæй сты, уæрæхдæр кæнын сæ кæй хъæуы, уый дызæрдыггаг никæмæ кæсы, æрмæст куыд æмæ цы хуызы, ууыл та ныр лæмбынæгдæр ахъуыды кæндзысты «Росгранстрой»-ы дирекцийы разамонджытæ æмæ рахæсдзысты йæ реконструкцийы тыххæй фæндæттæ.

Фæндагæн æхгæнæн ницы хуызы ис, йæ уæрæхдæр кæныны мадзæлттæ дæр сæ хуымæтæгтæй не сты. Бон цæуы æмæ фарн хæссы, кæд исты æрхъуыды кæниккой сæхи нæ бацамыдтой «Росгранстрой»-ы уыцы минæвæрттæ æмæ сæ инженерон диссаджы фæндæттæй барухс кæниккой фидæны бæлццæтты зæрдæтæ.

КАСАТЫ Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here