Ерысхъомдзинады рæзты мадзæлттæ

0
567

«Иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдтам, 2017 азы кæрон Уæрæсейы Федерацийы Президент цы Уынаффæ бафыста, уый тыххæй. Баст у нæ бæстæйы ерысхъом тыгъдад саразынимæ. Президент куыд бацамыдта, афтæмæй алы субъекты дæр уыцы фарстайыл хъуамæ бацархайой, ерысхъомдзинады рæзтимæ баст у чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады змæлд дæр. Махæн, Цæгат Ирыстонæн, 2018 аз нымад æрцыд республикæмæ инвестицитæ æрбаздахыны азыл. Кæд æмæ алы къабазы дæр ерысхъомдзинадæн бындур сæвæрыныл æппынæдзух дæр архайæм, уæддæр бæстæйы Президенты Уынаффæйæ нæ хæстæ фæбæлвырддæр сты. Алы регионы размæ дæр сæ сæвæрдтой æмæ сæ æххæст кæнын хъæуы», — знон, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав ахæм разныхасæй байгом кодта ерысхъомдзинады рæзты фарстатимæ баст æмбырд.

Республикæйы Хицауады кабинеты, æндæр бæрнон службæты минæвæрттæй уæлдай дзы архайдта Уæрæсейы Федерацийы Монополиты ныхмæ тох кæныны службæйы хицауы хæдивæг Алексей Доценко.

Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы Монополиты ныхмæ тох кæныны службæйы уыдис цалдæр æмбырды, уырдæм фæхуыдтой регионты разамонджыты, фæбæлвырд сын кодтой сæ размæ æвæрд хæстæ. Уыцы æмбырдты куыд райхъуыст, афтæмæй регионтæм цæудзысты федералон службæйы бæрнон кусджытæ баххуыс кæныны нысанимæ. «Стыр бузныг мæ зæгъын фæнды Уæрæсейы Федерацийы Монополиты ныхмæ тох кæныны службæйы хицау Игорь Артемьевæн, Алексей Доценкойæн, кæддæриддæр нын баххуысмæ цæттæ кæй сты, уый тыххæй», — загъта республикæйы разамонæг.

Алексей Доценкойы ныхасмæ гæсгæ сын ахæм хъуыддаджы фембæлдтытæ нырмæ дæр уыдис, республикæйы хицаудзинад ерысхъомдзинады рæзты тыххæй цы мадзæлтты пълан бацæттæ кодта, уыимæ дæр базонгæ ис. «Кæцыдæр къабæзты ис тынг хорз бæрæггæнæнтæ, сæ базарадты ис бирæ архайджытæ, ома, кæрæдзи мидæг ерыс кæнынц, хуыздæр, асламдæр, хæрзхъæддæр лæггæдтæ бакæнынæй, товартæ ауæй кæнынæй. Бакусын хъæуы, цæмæй иннæ къабæзты дæр фылдæр архайджытæ фæзына. Мах цæттæ стæм æмгуыстадмæ, ныридæгæн дæр нæм ис ахæм проекттæ, æмæ дзы кæцыфæнды регионы бон дæр у спайда кæнын», — загъта мæскуыйаг уазæг.

Æмбырды дарддæр раныхас кодта экономикон рæзты министр Томайты Хъазыбег. Уый фæбæрæг кодта, республикæйы ерысхъомдзинады рæзты пъланы мадзæлттæ ныридæгæн царды æххæстгонд куыд цæуынц æмæ сæм цавæр ивддзинæдтæ бахæссын хъæуы, уыдæттæ. Томайы-фырт куыд загъта, афтæмæй республикæйы Сæргълæууæджы уынаффæйæ сфидар кодтой ахъаззагдæр æмæ социалон æгъдауæй ахадгæдæр базарадты хыгъд, 2018 азы кæронмæ ерысхъомдзинады рæзты мадзæлтты пълан.

Уæрæсейы Федерацийы Монополиты ныхмæ тох кæныны службæ куыд амоны, афтæмæй 41 товарон базарады хъуамæ фæфылдæр уа хицæн амалхъомадон организациты бæрц, паддзахадон архайд та фæкъаддæр уа. Уыцы амынддзинæдтæй хатдзæгтæ скæнгæйæ, рабæрæг: 41 товарон базарадæй нæ республикæйы 17 базарады сты размæцыд, ерысхъомдзинад æвдисæг бæрæггæнæнтæ дзы схызтысты 100 процентмæ. Уыдон сты — хæрзмыггаг фосдарынад, хъæууонхæдзарадон сæйраг культуртæн мыггæгтæ цæттæ кæнын, цæрæнуæттæ, фæндæгтæ æмæ капиталон арæзтад, архитектурон-арæзтадон проекттæ цæттæ кæнын, бæлццæттæ æмæ уæзæгтæ ласыны лæггæдтæ, рог промышленность, хъæдгуыстгæнæн æмæ хъæдæй дзаума аразын, агуыридур, бетонуадзæн машинæтæ цалцæг кæнын æмæ ма æндæр къабæзтæ.

Томайы-фырт æрхаста бæрæггæнæнтæ иннæ базарадты уавæры тыххæй. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ кæцыдæрты хъуамæ архайджытæ уой зынгæ фылдæр. Министр куыд бафиппайдта, афтæмæй цалдæр базарады та хуыздæр уаид пъланæй сисын, уымæн æмæ сæ нæй архайджытæ, кæнæ та уыцы къабæзтæ нæ республикæйы æппындæр сæхи ницы хуызы æвдисынц. Уыдонимæ уыдис электрон тых розницæйы уæй кæнын дæр. Битарты Вячеслав не сразы ис уыцы хатдзæгимæ. «Куыд зонæм, афтæмæй монополист «Севкавэнерго» уырдæм уадзгæ дæр никæй кæны, æмæ ма йæ бынтон дæр пъланæй куы сисæм, уæд уый раст нæ уыдзæн. Уыцы базарады фылдæр архайджытæ куы уаид, уæд электрон тых йæ куыстуатмæ баиу кæныны фæдыл æхсæзгай мæйтæ чи рацу-бацу кæны, уыдонæн фенцондæр уаид. Цæмæн хъуамæ æнхъæлмæ кæсой уыйбæрц рæстæг, мах Магаданы облæст не стæм, кæнæ Сахалин, цæмæй уыцы лæггад скæнын афтæ уæззау уа», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Тæнгъæд газ баллонты адæммæ хæццæ кæныны базарадæй уыйас тыхст кæй не стæм, уыимæ сразы ис Битарты Вячеслав. Куыд зонæм, афтæмæй нæ республикæйы хъæутæ æмæ горæтты 95 проценты ис æрдзон газ, куыст цæуы, цæмæй алы цæрæн бынатмæ дæр уагъд æрцæуа. Экономикон рæзты министр æрхаста, ерысхъомдзинад райрæзыны тыххæй ма цавæр мадзæлттæй пайдагонд цæудзæн, уыдæттæ. Хæдзарадон архайд чи æххæст кæндзæн, уыцы субъекттæн конд æрцæудзæн алыхуызон уавæртæ æмæ разæнгардгæнæнтæ, паддзахадон нысаниуæджы æлхæнинæгтæ кæнгæйæ дæр хъуамæ нымад цæуа ерысхъомдзинады рæзт æмæ ма æндæр мадзæлттæ.

Уæрæсейы Федерацийы Монополиты ныхмæ тох кæныны службæйы цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг Плиты Раман æмбырды архайджыты базонгæ кодта, цавæр закъонæвæрынадон удæнцойдзинæдтæ конд цæуынц, цæмæй чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомад сæ къахыл фидар слæууой, уый тыххæй. Æрхаста бæрæггæнæнтæ сæ архайды, фылдæр сæм цавæр хъæстытæ æмæ курдиæттæ æрбацæуы, уый тыххæй. Плийы-фырты ныхасмæ гæсгæ, дыууæ азы дæргъы иртæстой товарон базарадты уавæр. Уыцы хатдзæгтæм гæсгæ, æнææрзæтон арæзтадон æрмæджыты базарады архайджытæ ис тынг гыццыл; хъармдæттыны къабазы та уавæр ноджы уæззаудæр у, хуымæтæджы уыцы базарадмæ ничи бахиздзæнис; электрон тых розницæйы уæй кæныны базарад дæр у æхгæд; цардыуаджы фидар æппарæццæгтæ æмбырд кæнын æмæ ласыны базарады ис змæлд, кæд ма дзы æрæджы дæр аст архайæджы уыдис, уæд 2016 азы æхсæрдæсмæ схæццæ сты. Ныхасгæнæг куыд бафиппайдта, афтæмæй уыцы базарадты змæлд сæхæдæг дæр цырендæр кæнынц, архайынц аукционты. Нырма ис, цæуыл бацархайой, ахæм бирæ хъуыддæгтæ.

Æмбырды кæрон куыд райхъуыстис, афтæмæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Монополиты ныхмæ тох кæныны службæйы ‘хсæн хъуамæ фыст æрцæуа æмгуыстады бадзырд. Документ бафыстой Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ Алексей Доценко.

БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here