Нæ бастдзинæдтæ уыдзысты уæрæхдæр
Дыууæ Ирыстоны иу сты. Иу сты не ‘взаг, нæ истори, нæ хъысмæт æмæ фидæн дæр. Уый рагæй нырмæ дæр зæрдæйæ æнкъарынц æмæ зонынц нæ мадæлон æвзагыл иумæйагæй цæуæг ирон газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Хурзæрин»-ы кусджытæ. Се ‘хсæн ис фидар хæлардзинады бастдзинæдтæ. Арæх кæрæдзиимæ æмбæлдысты æмæ абон дæр æмбæлынц иумæйаг фарстатыл бæстонæй, биноныгæй æрдзурыны тыххæй.
Цæмæй нæ дыууæ Ирыстоны цæрджыты ‘хсæн нæ хæлардзинад ноджы фидардæр кæна, уый тыххæй дыууæ республикæйы разамонджыты æмæ нæ дыууæ ирон газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Хурзæрин»-ы редакциты кусджыты иумæйаг уынаффæмæ гæсгæ нырæй фæстæмæ нæ бастдзинæдтæ фæуыдзысты ноджы уæрæхдæр æмæ фидардæр. Редакциты журналисттæ-иу сæрмагондæй бацæттæ кæндзысты хицæн фæрстæ æмæ-иу сæ мыхуыры рауадздзысты сæ газетты. Фыццаг ахæм фарс уал бацæттæ кодтой газет «Рæстдзинад»-ы. Абон æй хæссæм нæ газеткæсджыты размæ.
Фæстæдæр дыууæ ирон газеты кусджытæ кæрæдзиимæ фембæлдзыстæм æмæ иумæйагæй æрныхас кæндзыстæм не ‘рмæджыты хæрзхъæддзинадыл. Уый фæстæ та газет «Хурзæрин»-ы мыхуыры рацæудзæн ахæм сæрмагонд фарс.
Æмæ та нæ журналистты иумæйаг фембæлды бæлвырдæй æрныхас кæндзыстæм нæ ирон грамматикæйы, растфыссынады иумæйаг фарстатыл. Хорз хъуыддаг ма уый у, æмæ нæм арæзт кæй æрцыд терминты растфыссынады къамис. Нæ иумæйаг фембæлдтыты бæлвырдæй ныхас кæндзыстæм, бирæ ирон дзырдтæ цæмæй фæйнæ хуызы мауал фыссæм, фæлæ сæ фыссæм, мæнæ сæ Къоста куыд хуымæтæг, аив æмæ рæсугъд æвзагæй фыста, афтæ.
Нæ дыууæ ирон газеты «Рæстдзинад» æмæ «Хурзæрин»-ы ‘хсæн фидар хæлардзинады бындур æвæрд кæй æрцыд, уый æнæкæрон стыр циндзинад æрхæсдзæн нæ дыууæ Ирыстоны цæрæг æппæт дзыллæтæн дæр, æмæ нын ацы фæрныг хъуыддаг Хуыцау рæстмæ фæкæнæд!
Сæрмагонд хъусдард — хæсты ветерантæм
РХИ-йы Президент БИБЫЛТЫ Анатоли сбæрæг кодта, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты хæдзæртты цалцæггæнæн куыстытæ æххæстгонд куыд цæуынц, уый. Куыд зонæм, афтæмæй уыдон арæзт цæуынц фонд «Аланийы иудзинад»-ы фæрæзтæй, кæцыйæн йæ бындурæвæрæг у Бибылты Анатоли йæхæдæг.
Майы райдайæны хæсты ветерантæн Бибылты Анатоли сæ хæдзæрттæм йæхæдæг лæвæрттæ куы бахаста, уæд федта, бирæтæ сæ æвзæр уавæрты кæй цæрынц. Семæ ныхас кæнгæйæ, бамбæрста, уыдонæн сæ бæллицтæй иу кæй у, цæмæй сын сцалцæг кæной сæ цæрæн хæдзæрттæ, кæцытæ хъыгдард баййæфтой 2008 азы августы хæсты бонты. Уæдæй нырмæ бирæ курдиæттæ фæфыстой алы рæттæм, фæлæ ныфсæвæрæн ныхæстæй дарддæр уыдонмæ æркæсæг нæ уыд.
Цалцæггæнæн куыстыты аргъ сбæрæг кæныны фæстæ хъуыддаг бахæс кодтой арæзтадон фирмæ «Шанс»-æн, йæ сæргълæууæг у фæлтæрдджын аразæг Козаты Игорь. Цыбыр рæстæгмæ фонд «Аланийы иудзинад» радих кодта æхцайы фæрæзтæ æмæ аразджытæ бавнæлдтой Октябры уынджы — Уалыты Зоя, Лужковы уынджы — Гæззаты Петр, Октябры уынджы кæрон — Цоциты Амиран, Къобылты Сергейы уынджы — Пæррæстаты Фатимæ, Мамсыры-фырты уынджы — Кокойты бинонты æмæ Коцты Грийы уынджы цæрæг Танделаты Дарикъойы хæдзæрттæ цалцæг кæнынмæ. Дыууæ мæйы æмгъуыдмæ уыдонæй цалдæр æрцыдысты бæстон цалцæг. Октябры уынджы цы дыууæ сæрмагонд хæдзары арæзт цыд, уыдонæй иуæн йæ фыццаг уæладзыг, иннæмæн та йæ дыккаг уæладзыг æрцыдысты цалцæггонд. Къобылты Сергейы уынджы æмæ Коцты Грийы уынджы цæрджыты хæдзæрттæн ныккæлынæй тæссаг кæй у, уымæ гæсгæ уыдон арæзт æрцæудзысты ногæй.
Президенты, фыццаджыдæр, цымыдис кодта, хæдзары хицæуттæ сæхи куыд хатынц, райгонд сты арæзтадон фирмæ «Шанс»-ы куыстæй. Уый азылд æмæ федта, хатæнтæ куыд цалцæггонд æрцыдысты, уый.
«Ныр сымахæн уæ хæдзæртты фадат уыдзæнис æдæрсгæйæ цæрын. Хъуамæ сымах нырма бирæ азты фæцæрат, уæ фæрныг хæдзæрттæй та хъуыса цины хабæрттæ, фысымиуæг дзы кæна ирон фарн», — загъта Бибылты Анатоли.
Ветерантæ сæхæдæг æмæ сæ бинонтæ дæр бузныджы ныхæстæ загътой Президентæн, ахæм æххуыс сын кæй бакодтой, уый тыххæй.
Президент ветерантæн ныфс бавæрдта, дарддæр дæр сын кæй æххуыс кæндзæнис, уымæй.
УАЗÆГТЫ Марфæ
Дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ
Ленингоры районы хæстæгдæр бонты йæ куыст райдайдзæн сывæллæтты сæрдыгон лагерь. Районы администрацийы сæргълæууæг Хацырты Филипп куыд зæгъы, афтæмæй куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц.
«Куыстытæн сæ фылдæр сты æххæст, лагерь сывæллæтты райсынмæ цæттæ уыдзæн дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ. Ахуырдзаутæ дзы цæмæй сæ фæллад суадзой, уый тыххæй лагеры арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр», — загъта уый. Йæ ныхасмæ гæсгæ, лагеры иу сменæмæ сæ фæллад уадздзысты 60 сабийы. Æдæппæт та дзы уыдзæн æртæ сæрдыгон рады.
Бæстыхайы æппæт цалцæггæнæн куыстытæ æххæст цæуынц районы администрацийы хъарутæй. Лагерь æрбынат кодта Дзимыргомы, Ленингоры цæгатæрдыгæй. Фыццаг рады дзы сæ фæллад суадзыны фадат уыдзæн Ленингоры районы цæрæг сабитæн. Бацæттæ сын кæндзысты хъæздыг хиирхæфсæн æмæ фæлладуадзæн программæ.
ГÆЗЗАТЫ Иван
Баулæфдзысты санатори «Тæмискъ»-ы
Йæ æнæниздзинад санаторон-курортон бынаты фæхуыздæр кæнын кæмæн хъæуы, уыдонæн республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад радта балцæгтæ.
Уыдон сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ, æфсæддон быцæуты чи фæцæф, уыдон æмæ Афганистаны хæсты архайджытæ. Санаторимæ æмæ сæ фæстæмæ дæр æрласдзысты сæрмагонд транспортыл.
«Ацы аз нын Хицауады æххуысæй ис фадат, цæмæй льготон категоритæм чи хауы, уыдоны арвитæм санаторион-курортон бынæттæм. Нырма уал улæфджыты фыццаг хай арвыстам, фæлæ программæ æххæстгонд цæудзæн фæззæгмæ», — загътой министрады бæрнон кусджытæ.
Санаторийы алы фæлладуадзæгмæ дæр ис сæрмагонд хъусдард йæ æнæниздзинадмæ гæсгæ. Стыр ахъаз сын фæвæййынц ваннæтæ, хæринаджы хорз æмæ суанг йæ уæлдæф дæр.
ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ
«Растдон»-ы продукци, гæнæн ис, æмæ фæзына Хъырымы дæр
«Арæзт æрцæудзысты, «Растдон»-ы продукци Хъырымы цæрджытæн базонын кæнын æмæ йын йæ базарадон хызæг рапарахат кæнынæн ахъаз чи фæуа, ахæм мадзæлттæ», — хъусын кæны куыстуаты пресс-службæ.
Хъырымы Республикæйы базарадон-амалхъомады палатæйы делегаци раздæр базонгæ ис «Растдон»-ы комбинаты фыдызгъæлы продукцийы ног технологиимæ. Уыдон æмгуыстад райрæзын кæныны тыххæй куыстуаты минæвæртты фæхуыдтой Хъырыммæ.
Холдинг «Евродон»-æй равзæргæ куыстуат Хуссар Ирыстоны байгом ивгъуыд аз июлы мæйы æмæ иу азмæ рауагъта 100 тоннæйæ фылдæр продукци.
Компани «Евродон»-ы сæргълæууæг Уанеты Вадим куыд загъта, афтæмæй «Растдон» Цæгат Ирыстонмæ, Стъараполмæ, Краснодармæ æмæ Ростовы облæстмæ цы продукци ласы, уый цæуы, «Нартские», зæгъгæ, ахæм номимæ.
«Нартские»-йы ассортименты ис бæстон куыстгонд продукцийы бирæ хуызтæ. Уыдон сты фæздæгдзыд æмæ æрдæгфæздæгдзыд тахынæгтæ, фых продукци, ветчинатæ æмæ æндæр деликатесон продукци, кæцытæ арæзт æрцыдысты бынæттон рецепттæм гæсгæ.
Куыстуат кæй уадзы, уыцы продукцийæн нырма йæ æртыккаг хай баззайдзæн Ирыстоны, уый фæстæ та йе ‘мбис», — зæгъы Уанейы-фырт. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ацы аз куыстуат рауагъта 60 тоннæйы продукци, 100 тоннæйы та — йæ байгом кæнынæй нырмæ.
2018 азы кæронмæ ацы бæрæггæнæн хъуамæ схиза 300 тоннæмæ, фидæнмæ та — 600 тоннæмæ æввахс.
БЕСТАУТЫ Валентинæ
Сæ куыстæн сын скодта стыр аргъ
Уæрæсейы Федерацийы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады тæссагдзинæдтæ иуварс кæныны фæдыл центр «Лидер» радон хатт Хуссар Ирыстоны бæлвырд бынæттæ сæдас кодта хæлæн æмæ рæмудзæн æрмæджытæй.
Центр «Лидер»-ы командир, булкъон Валентин Белоусов нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ацы ахсджиаг хъуыддаг æххæстгонд цæуы УФ-йы Президенты уынаффæмæ гæсгæ 14 апрелæй. Æдæппæт рæмудзæн æрмæг æмæ хæцæнгæрзтæй сыгъдæггонд æрцыд 32,5 гектары. Уыдон сты «Паук»-ы бæрзæнд æмæ Ногкуртайы аргъуаны алфамбылай.
— Центр «Лидер» ссардта 306 рæмудзæн фæрæз æмæ хæцæнгарзы. Адæмы æдасдзинад хъахъхъæд цыд фæткмæ гæсгæ. Нæ куыст кæронмæ ахæццæ кодтам æмæ ныр здæхæм фæстæмæ, — загъта командир.
Куысты рæстæг цыфæнды ссаргæ рæмудзæн æрмæг дæр, гæнæн ис, æмæ æрхæсса фыдбылыз. Уый тыххæй уæлдай цæттæгонд цæуынц центры сапертæ æмæ пиротехниктæ, фыццаджыдæр, хъуамæ алы кусæг дæр æдзух йæ зæрдыл дара æдасдзинады домæнтæ. Ногкуртайы администрацийы центры кусджытæ пайда кодтой альпинистон ифтонггæрзтæй. Хатт-иу сæ бахъуыд роботон техникæйæ пайда кæныны сæр дæр. Цалынмæ хæлæн æмæ тæссаг æрмæджытæй сыгъдæг кæнынмæ æрæвналы къорд, уæдмæ бацæуæнтæ, зæххы хæйттæ сгæрст фæцæуынц роботы руаджы. Ныр дæр 35 гектары сыгъдæггонд æрцыдысты роботы æххуысæй.
Хуссар Ирыстоны Æнæнхъæлæджы уавæрты министр Тадтаты Алан йæ уæрæсейаг æмкусджытæн загъта бузныджы ныхæстæ, 80 боны ацы ахсджиаг хъуыддаг сæххæст кæныныл кæй куыстой, уый тыххæй.
— Сæ цардæн тæссаг уавæрты хæлæн æмæ рæмудзæн æрмæджытæй сыгъдæг æрцыд егъау бынаты алы метр дæр. Абон зæххытæ цæттæ сты хъæууонхæдзарадон куыстытæ кæнынмæ. Ацы аз майы УФ-йы министримæ фембæлды рæстæг бадзырдæуыд ацы программæ адарддæр кæныныл, уымæн æмæ программæ конд у æртæ азы æмгъуыдмæ, — фæнысан кодта министр. Зæрдыл дарын хъæуы, цы бынат ссыгъдæг кодтой рæмудзæн æрмæджытæй, уым æрæджы хæдтулгæ кæй схæцыд. Центр йæ куыст адарддæр кæндзæн Зары фæндаджы алфамбылай. Бузныг ма загъта сапертæн æмæ УФ-йы Æнæнхъæлæджы уавæрты дунеон архайды департаментæн, кæцы йæ хъус дары æмæ æххуыс кæны Хуссар Ирыстонæн ифтонггæрзтæй, уæрæсейаг хуыздæр центрты специалисттæ бацæттæ кæнынæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цыфæнды сæвзæргæ фарст дæр лыггонд цæуы афойнадыл. Ныфс бавæрдта, фидæны дæр иумæйагæй кæй бакусдзысты.
Тæссаг уавæртæй бахизыны центр «Лидер» йæ куыст кæронмæ хорз кæй сæххæст кодта, уый тыххæй сæм арфæ кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Уый стыр бузныг загъта центры разамынд æмæ кусджытæн, афтæ хъазуатонæй кæй бакуыстой, уый тыххæй. Ракодта сын арфæтæ æмæ загъта, цæмæй, цардæн тæссаг хъуыддæгты архайгæйæ, алкæддæр сæ бинонтæм здæхой сæрæгас æмæ æнæнизæй. Бибылты Анатоли кусджыты схорзæхджын кодта Кады гæххæттытæй æмæ семæ систа зæрдылдарæн къам.
Арфæ ма сын ракодта Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов.
РХИ-йы Хицауады пресс-службæ
Ирондзинад — йæ алы дарæсы
Горæты уынгты рацæйцæугæйæ, куысты уæлхъус, циндзинады рæстæг — кæмфæндыдæр адæймаджы рæсугъд дарæсы куы фенæм, уæд нын уый æрхæссы æхцондзинад. Дарæс æвдисы адæймагæн йæ миддуне, йæ зондахаст, йæ зæрдæйы уаг. Ныры рæстæджы бирæ ис, алыхуызон дарæс балхæнæн кæм ис, ахæм дуканитæ. О, фæлæ, чи зоны, æлхæнæг хъуыды дæр нæ акæны, дарæс цалынмæ дуканийы тæрхæгмæ бахауы, уæдмæ уыцы дзаумайы эскиз æрымысын æмæ йæ бахуыйыныл йæ саразæг кæй хардз кæны бирæ рæстæг æмæ арæхстдзинад.
Абон арæх фехъусæн ис дизайнерты кой. Дизайнеры дæсныйад ссис кадджын. Уæлæдарæсы тыххæй дзургæйæ зæгъын хъæуы, — дизайнер æрмæст хуыйгæ нæ кæны, фæлæ йæ сæйраг хæс у дарæсæн йæ фæлгонц, йæ дизайн æрымысын. Уыцы куыст та йæхæдæг у æнæхъæн аивад. Дизайнер суæвын хуымæтæг хъуыддаг нæу. Уымæн хъæуы æрдзон курдиат.
Уыцы курдиатæй хайджын у, мæ ныхасы сæр кæуыл у, уыцы æвзонг адæймаг. Леся Ковалева у уæлæдарæсы дизайнер. Саби ма куы уыд, уæд тынг уарзта йæ куклæтæн алыхуызон дзаумæттæ хуыйын. Афтæ рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ-иу рауадысты, æмæ Лесяйы мад уайтагъд бафиппайдта, йæ чызгмæ хуыйæджы курдиат кæй ис, уый. «Афтæ бирæ дзаумæттæ-иу бахуыдта йæ куклæтæн, æмæ-иу ыл мах, хæдзары бинонтæ, дис кодтам», — зæгъы Лесяйы мад Иринæ.
Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнгæйæ, Леся уыцы-иу рæстæг ахуыр кодта Цхинвалы Тугъанты Махарбеджы номыл аивæдты училищейы дæр. Бонтæ куыд цыдысты, афтæ чызгæн йæ курдиат æргом кодта тынгæй-тынгдæр. Леся скъола каст куы фæци, уæд ахуыр кæнынмæ ацыд Краснодары Культурæйы æмæ аивæдты паддзахадон университетмæ дизайны факультетмæ. Уый фæстæ ахуыр кодта Мæскуыйы паддзахадон университеты. Краснодары куыд уыд, афтæ ам дæр специализаци кодта «Костюмы дизайныл» æмæ йæ каст фæци 2015 азы. Уыцы аз бацыд Уæрæсейы А.Н.Косыгины номыл паддзахадон университетмæ, технологитæ æмæ аивады дизайны факультетмæ. Каст æй фæцис ацы аз, йæ дипломон куыст та уыд ахæм темæйыл: «Ирæтты традицион дарæсы хуызтæ æмæ символтæ».
Зонындзинæдтæм тырнæг чызг ууыл не ‘рлæууыд æмæ йæ дæсныдзинад ноджы фæбæрзондæр кæныны охыл бацыд уæрæсейаг зындгонд дизайнер Вячеслав Зайцевы Модæйы лабораторийы æртæмæйон курсытæм æмæ райста сертификат.
Ахуыр кæнгæйæ дæр Леся архайдта алыхуызон конкурсты. Цæвиттон, сывæллæтты республикон конкурсы Цхинвалы бацахста фыццаг бынат. Архайдта, Краснодары чи цыд, æвзонг дизайнерты уыцы дунеон конкурс «Русский силуэт»-ы, йæ дарæсы коллекци дзы æвдыст æрцыд, «Другой разум», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Уымæй уæлдай ма архайдта, «Губернский стиль», зæгъгæ, Модæйы дунеон фестивалы Воронежы, «Салют талантов», зæгъгæ, Парижы дунеон фестиваль-конкурсы æмæ номинаци «Графика»-йы ссис 2-аг къæпхæны лауреат. Модæйы дунеон ассамблеяйы та рæгъмæ рахаста йæ ног коллекци «Свобода вариантов».
Леся куыста Мæскуыйы алыхуызон компаниты дизайнерæй, афтæмæй йæ фæлтæрддзинад кодта фылдæрæй-фылдæр. Курдиатджын чызгæн йæ зæрдæйы райгуырынц ног æмæ ног бæллицтæ. Иуахæмы йæм сæвзæрд дарæсы дукани байгом кæныны фæнд, æмæ йын æнцой нал лæвæрдта. Хуссар Ирыстонмæ куы æрыздæхт, уæд сæххæст йæ рагон бæллиц — байгом кодта дарæсы дукани. Мидæгæй дзы ис чысыл æрмадз дæр, уыцы ран æвзонг дизайнер хъуыды кæны, стæй хуыйы ног алыхуызон дарæс. Бирæ фыдæбоны фæстæ дарæс куы сцæттæ вæййы, уæд хаст æрцæуы модæуарзджыты размæ.
Леся йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй тынг уарзы сæракимæ кусын. “Кæд дизайнеры куыст зын у, уæддæр мæнæн хæссы æнæкæрон æхцондзинад æмæ мын тынг æхсызгон у, ацы дæсныйад кæй равзæрстон æмæ йæ кæй сахуыр кодтон,уым — зæгъы Леся.
Лесяйæн йæ фыд у уырыссаг, йæ мад та ирон, схъомыл ирон адæмы æхсæн æмæ ирон æгъæуттæ æмæ культурæмæ уарзондзинад рахаста йæ гыццылæй фæстæмæ. Уыцы уарзондзинад ирдæй æвдисы йæ дизайнерон куыстыты дæр. Къабатæ хуыйгæйæ, спайда кæны ирон национ орнаменты хуызтæй, æмæ йын рауайынц диссаджы рæсугъд. Йæ дипломон куыст дæр ирон орнаменттимæ баст уый тыххæй уыд, æмæ йæ тынг цымыдис кæй кæнынц, æмæ дарддæр дæр фæнд кæны национ орнаменттимæ кусын. Уымæй уæлдай ма Леся къабатæ бахуыдта скъолаты рауагъдонтæн, æмæ йын уыдон дæр рауадысты тынг рæсугъд.
Леся у уæздан, æгъдауджын, зæрдæхæлар чызг. Йæ дæсныйадыл куы фæдзуры, уæд уыцы бæстон æмæ арæхстджынæй, æмæ йæм чи байхъусы, уыдонæй алчидæр æсцымыдис вæййы дизайнеры дæсныйадмæ. Уæвгæ, цы дарæс бахуыйы, уымæ бирæ чидæртæ цымыдис кæны, ис ын йæхи клиенттæ дæр. «Тынг æхсызгон мын вæййы, мæ дуканимæ куы æрбацæуынц æмæ мæ хуыд дарæсыл куы бацин кæнынц. Æмæ фæзæгъын мæхицæн, мæ куыст дзæгъæлы кæй нæу», — дзуры æвзонг дизайнер.
Кæд Лесяйыл нырма 25 азы йедтæмæ нæ цæуы, уæддæр æм ис бирæ рæсугъд хъуыдытæ æмæ фæндтæ. Уыдонæй нын раргом кодта сæ сæйрагдæр — тынг æй фæнды алыхуызон хуыд дарæсы коллекцитæ бацæттæ кæнын, модæуарзджытæ æмæ дæсны дизайнертæ сын аккаг аргъ цæмæй скæной, уый тыххæй.
Уырны мæ, Леся æмæ уый хуызæн курдиатджын дизайнерты фæрцы ирон адæммæ кæй æрыздæхдзæн ирон адæмы зондахаст æмæ удыхъæд æвдисæг ирон национ дарæс.
Нæ зæрдæ йын зæгъы, цыдæриддæр æм бæллицтæ ис, уыдон ын куыд сæххæст уой. Дизайнеры дæсныйады тæккæ стырдæр бæрзæндтæм схизæд æмæ йæ дарæсы ‘руаджы Ирыстонæн ном кæнæд дунейы зындгонддæр дизайнерты æхсæн.
Къæбысты Зæринæ
Журналисты дæсныйад чи равзара…
Мадæлон æвзаг, фыдæлтæй баззайгæ рæсугъд æмæ фæзминаг æгъдæуттæ бахъахъхъæныныл цæуы бирæ ныхас. Мадæлон æвзаджы рæсугъддзинад сывæллоны, фыццаджыдæр, ахъары йæ мады æхсыримæ, афтæмæй равзæрынц ирон æфсарм æмæ ирон æгъдау. Мадæлон æвзаджы рæзтыл чи архайы, уыдонæй сты национ дзыллон информацийы фæрæзтæ. Кусджытæ та сын цæттæ кæны Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет.
Дыууæ мæйы ма баззад æмæ, журналисты дæсныйад чи равзæрста, уыдон иннæ студенттимæ иумæ æрæвналдзысты сæ ахуырмæ.
Журналистикæйы дæсныйад чи равзæрста, уыцы æрыгон студенттæн мæ фæнды зæгъын журналистикæйы факультеты тыххæй мæ хъуыдытæ, уымæн æмæ мæхæдæг дæр равзæрстон уыцы дæсныйад. Фыццаджыдæр, алы курдиат дæр адæймаг хъуамæ мады гуыбынæй рахæсса. Фæлæ хорз фыссæг æмæ журналист суæвынæн суанг уый дæр фаг нæу. Журналист иудадзыг хъуамæ тырна зонындзинæдтæм, иудадзыг куса йæхиуыл, фæлвара алыхуызон темæтыл фыссын; царды ахсджиагдæр цы у, хъуыдытыл цы бафтаудзæн адæмы, ахæм темæтæ хъуамæ зона æвзарын æмæ сæ ирд фæлгонцты фæрцы æвдисын фæраза. Адæймагæн йæ зæрдæйы бынæй цы цæуы, искæй зæрдæмæ дæр уый хъары, уымæ гæсгæ суинаг журналистæн хъуамæ уа æнкъараг æмæ сыгъдæг зæрдæ. Журналисты хъуыдытæ хъуамæ æдзухдæр баст уой йе ‘рмæгимæ. Æрмæгыл цас фылдæр фыдæбон кæна, уыйас ын хъуамæ фылдæр цин хæсса æмæ йæ кусынмæ ноджы тынгдæр разæнгард кæна. Уымæй уæлдай ма йын хъуамæ агура аивадон фæрæзтæ. Адæмы цард журналист хъуамæ æвдиса, куыддæриддæр у, афтæ, ма хъуамæ тæрса ахсджиаг æмæ лыггæнинаг фарстатыл фыссын æмæ сыл дзурынæй.
Нæхи университеты ис тынг дæсны æмæ фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ. Студенттæн амонынц сæ фидæны цард æмæ равзæрст дæсныйады бындуртæ.
Абоны журналисттæн ис æппæт уавæртæ дæр, цæмæй се ‘хсæн ахуырадон-хъомыладон куыст цæуа нывыл. Ахуыры хъуыддаджы ахæм куыст у æнæмæнгхъæугæ. Ахуыргæнæг æмæ студент лекцийы рæстæджы хъуамæ пайда кæной алыхуызон техникон фæрæзтæй. Архайой ууыл, цæмæй се ‘рвылбонон цард уа цымыдисаг, фидæны та студенттæй цæмæй аккаг адæймæгтæ рауайа. Хъомылгæнджытæ æмбарынц, сæ разы цы стыр хæстæ æвæрд ис, уый, стæй, сомбоны фæлтæр цавæр уыдзæн, уый уыдонæй аразгæ кæй у. Уымæ гæсгæ архайынц студенттæн уавæртæ саразыныл.
Университеты ректор Тедеты Вадим куыд зæгъы, афтæмæй фæсивæд журналисты дæсныйад райсынмæ цæуынц æхсызгонæй. Фæнды сæ ныхасы фæрцы адæмæн æхсызгондзинад хæссын, республикæйы иумæйаг хæрзæбоныл кусын. Ууыл та дзурæг у, журналистикæйы факультеты студенттæй бирæтæ ахуыр нæма фæвæййынц, афтæмæй кусын кæй райдайынц республикæйы радиойы, телеуынынады, газетты редакциты. Алы аз дæр университеты журналистикæйы факультетмæ райсынц 15 студенты. ХИПУ-йы журналистикæйы факультеты ахуыргæнджытæн фидар зонадон æмæ ахуырадон бастдзинæдтæ ис нæ бæстæйы иннæ уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ, Ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фæбæрзонддæр кæныны институтимæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ.
Журналистикæйы факультеты ахуыр кæнынц алыхуызон предметтæ. Стыр æргом здæхт цæуы ирон литературæмæ. Уый у ныхас кæныны, хъуыдытæ æргом кæныны, адæмы царды æппæт хабæрттæ дæр базоныны фæрæз. Ирон литературæ хъæздыгдæр æмæ мидисджындæр кæны студентты миддуне, сæ дунембарынад; йæ фæрцы уыдон базонгæ вæййынц сæ рагфыдæлты историимæ, нæ адæмы культурæ æмæ цардыуагимæ. Уый та журналистæн у æнæмæнгхъæугæ хъуыддаг.
Дриаты Лейла



















