Зымæгон уазал ирдгæ изæр. Цæлхыдзаг мæй бандзыг арвы астæу æмæ парахат цæстæй каст Бруты митæмбæрзт уынгтæм æмæ сыл нывæзта йе ‘взист тынтæ. Уый та уæззау къахдзæфтæй над фæндагыл цыд быдырон станæй æмæ хъуыды кодта: «Уый гæнæн куыд ис æмæ мæ фæндон ме ‘мхъæуккæгтæй макæй зæрдæмæ фæцæуа? Зæхх нæ дарæг у æмæ йæм куыд базилай, куыд æй барæвдауай, сæрдыгон дзæгæрæг бонты йын йæ дойны куыд басæттай, фæззæджы дын ахæм бæркадæй дæ зæрдæ барухс кæндзæн. Æнтыст æвиппайды къухы нæ бафты. Æнтыстыл кусын хъæуы. Æнтыст хидвæллой уарзы”. Цыд. Хъуыдытæ ивтой хъуыдыты. Мит та йæ къæхты бын хъыррыст-хъыррыст кодта. Цыма йын йæ алы къахдзæфæн дæр афтæ дзырдта: раст дæ, раст, зæгъгæ.
Санаты Хадзымырзæ… Цардæн йæ тæнджытæ æмæ æрфытæ йæхиуыл чи бавзæрста. Хæстон фæндæгтыл чи фæцыд. Мæлæт куыд æгъатыр у, уый чи федта, уыцы фидар, зындзинæдтæн фæразон лæг. Партийы Даргъ-Къохы райкомы инструктор уæвгæйæ газеты æхсызгонæй бакаст Днепропетровскы облæсты Мишурин Роджы колхоз «Червонный партизан»-ы звенойы сæргълæууæг Марк Озерныйы æнтыстдзинæдты тыххæй. Уый 1946 азы хус рæстæг донхорыггонд хуымты гектарæй систа 203 центнеры нартхор æмæ йын саккаг кодтой Социалистон Фæллойы Хъæбатыры ном. Уыцы куыстуарзаг украинаг лæджы бабæрæг кодта ирыстойнаг ахуыргонд, хъæууонхæдзарадон наукæты кандидат Саламты Алыбег æмæ йын йæ æнтыстдзинæдты тыххæй радзырдта партийы ДаргъКъохы райкомы кусджытæн. Уыцы æмбырды фæстæ йе ‘нцойдзинад фесæфт Хадзымырзæйæн. Йæхинымæр хъуыды кодта: «Кæд уыцы украинаг лæг йæ зæххытæй уый бæрц бæркад исы, уæд мах цæмæй æгуыдзæгдæр стæм. Камбилеевкæ нæ цурты куы цæуы, уæд цæуылнæ ис, уыцы цæугæдонæй спайдагæнæн?»
Зымæгон уазал, ирдгæ изæр Хадзымырзæ здæхт быдырон станæй. Уым йæ фæндтæ æмæ хъуыдытимæ базонгæ кодта йæ хъæуккаг зæхкусджыты. Радзырдта сын Марк Озерныйы сгуыхтдзинæдты тыххæй. Ныхас дæргъвæтин ахаста. Нæ разы кодтой йемæ брутæгтæ. Сæнттæ цæгъдæгау сæм фæкастысты йæ ныхæстæ. Йæ зæрдыл ын æрлæууын кодтой, сæрдыгон хус рæстæг зæхх æнæ донæй чъепыстæ куы фæхауы, уæд ахæм уавæры гектарæй 9 центнеры йеддæмæ кæй нæ сисынц, уый. «Хуымтæм дон рауадзынæн тыхтæ хъæуы. Мах та быдырон куыстытæ бæхтæ æмæ галтæй кæнæм. Кæд дæ фæнды, уæд ма дæхæдæг бавзар куысты сæргъы æрлæууын», — дзырдтой йæм йе ‘мхъæуккæгтæ. Йæ фæндтыл йæ къух нæ систа Хадзымырзæ. Дон царды хос кæй у, куырæйттæ кæй зилын кæны, йæ фæрцы зæххы уд бауадзæн кæй ис, ууыл ахъуыды кæнынæн сын рæстæг радта. Йæхæдæг та йæ хæдзармæ æрбаздæхгæйæ суанг фæсахсæвæртæм нæ бафынæй. Мæт æмæ йын сагъæс хуыссæджы дуæрттæ гом кæнын нæ уагътой. Æрмæст ыл Фынтыбардуаг бонырдæм фæтых æмæ йæ уацары айста.
Дуары хъæр фæцыд æмæ чидæр хæдзармæ бахизгæйæ сдзырдта: «Хадзымырзæ, райхъал у. Афтæ куы фынæй кæнай, уæд нæ зæххы гæппæлæй цы 9 центнеры исæм, уый дæр нæ къухы нал бафтдзæн». Хæдзары хицау базыдта йе ‘рвад Санаты Хъазыбеджы. Уый та дарддæр хъазгæмхасæнты æфхæрдта Хадзымырзæйы: «Звенойы сæргълæууæгæй дæ æвзарынц, уый хъæуккæгтæй цæмæн базыдтон? Мæн дæр демæ кусын фæнды».
Йæ уд æхсызгон дзæнгæрæг ныццагъта Хадзымырзæйæн. Бамбæрста, йæ фæндтæ кæйдæр зæрдæмæ кæй фæцыдысты æмæ йæ фарс рахæцæг кæй фæцис, уый. Уалынмæ сын сæ дуар иу иннæйы фæдыл байгом кодтой Гуыбыраты Ахмæт, Уылыбиаты Зоя, Чысиаты Тамарæ, Æлдаттаты Соня æмæ Хабæты Атце. Хæдзары æфсин бæркадкъух Бади фæцырд æмæ уазджытæн ацæттæ кодта фынг. Бирæ фæныхас кодтой хъæуккæгтæ Хадзымырзæимæ. Цалынмæ уалдзæг нæма райдыдта, уæдмæ быдырон куыстытæ цæмæй райдайдзысты, уымæн бæлвырд нысантæ кодтой. Дыккаг бон та колхозы æхсыры фермæйы цур фæзындысты галуæрдонимæ æмæ быдырмæ райдыдтой фаджыс ласын. Афтæ Бруты фæзынд, фæстæдæр йæ кой дардыл кæмæн айхъуыст, раззагдæрты фæлтæрддзинадæй пайда кæнын чи райдыдта, нæ республикæйы донхорыгæн сæрæвæрæн чи скодта, Санаты Хадзымырзæйы уыцы нартхорыкуыстгæнæг звено.
Рæстæг тагъд тæхы, æвæдза. Хадзымырзæ йæхи суæгъд кæнын кодта инструкторы бынатæй æмæ йæ тыхтыл æууæндгæйæ, æрлæууыд звенойы сæргъы. Ахицæн сты хортауæнтæ æмæ цæмæй сæ фыдæбон ма фесæфа, уый тыххæй хуымтæ хъуыд донæй æфсадын, хъуыд къанау къахын. Фæлæ уæд 1948 азы колхозы цæй техникæ уыд? Æрмæстдæр уыд белтæ, разæнгард, цардбæллон æмæ æнæнцойзæрдæ адæм, стæй бæлвырд уынаффæтæ æмæ хæрзхъæд нартхоры мыггæгтæй зындгонд ахуыргонд Саламты Алыбеджы æххуыс. Æмæ нартхоры хуымты бæркадæй зæрдæ райын райдыдта. Дон кæдæм хæццæ кодта, колхозонтæ уыцы зæххытæй истой 60-80 центнеры нартхор, иуæй-иу хуымтæй та суанг 100 центнеры дæр.
Хур-иу арвыл йæ зынгцæст нæма сдардта, хъæуы адæм ма-иу фынæй кодтой. Звенойы уæнгтыл та-иу райсомы æртæх быдыры æрбадт. Фæлæ-иу уыдонæй раздæр быдырæн æгас цæуай Хадзымырзæ йæхæдæг загъта. Хъæуккæгтæ та-иу дзырдтой: «Ацы Хадзымырзæ диссаг у. Бон нартхоры хуымтæм зилы, æхсæв та æвзартæ нымайы». Фæлæ уый афтæ нæ уыд. Æнæнцой зæрдæ зæхкусæджы-иу къуыригæйттæ быдырæй хæдзармæ йæ къæхтæ нæ хастой. Хуымты астæуты зилгæйæ-иу хъуыды кодта, сæ зæххытæй фылдæр тыллæг райсынæн ма цавæр гæнæнтæ æмæ мадзæлттæй спайда кæнæн ис, ууыл. Хуымтæ-иу хæрзрывд бакодтой, фæлæ-иу донæфсæст зæххы хæмпæлгæрдæг уайтагъддæр йæ сæр сдардта. Нартхоры æвзарты сæ быны куы фæкæной, уымæй сын тæссаг бæргæ нæ уыд, фæлæ зæххы сой, зæххы хъару куы бацъирой æмæ нартхор куы фæцуда, уымæй. Ахæм рæстæг-иу сылгоймæгты бафтыдта æнцондæр куыстыл, ома, рувыныл, нæлгоймæгтæ та-иу хуымты ‘хсæнты къанæуттæ къахтой. Афтæ бонæйбонмæ быдыр уыд сæ уарзон фысым. Быдыр сæ зæрдæхудты нæ цыд. Сæ хидвæллойæн сын дзуапп лæвæрдта бæркадджын хуынтæй. Æмæ канд брутæгтæ æмæ районы цæрджытыл нæ, фæлæ æнæхъæн республикæйыл айхъуыст Хадзымырзæйы звенойы уæнгтæ гектарæй 110-150 центнеры кæй систой, уыцы хорз хабар.
О, фæлæ чи загъта, хорз æнтыстæн кæрон ис, зæгъгæ? Хадзымырзæйы дæр бафæндыд Марк Озерныйы фæлтæрддзинадимæ бæстондæр базонгæ уæвын æмæ уый тыххæй Дыгуры районы Цæголы-фырты номыл колхозы звенойы сæргълæууæг Гæгуылаты Къостан æмæ Цæгат Ирыстоны селекцион станцæйы директор Саламты Алыбегимæ абалц кодта Украинæмæ. Марк Озерныйимæ кæрæдзийæн сæ куысты тыххæй фæдзырдтой, кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ базонгæ сты æмæ баныхас кодтой кæрæдзиимæ ерыс кæныныл.
Æвæдза, хорзы кой дардыл хъуысы. Хорз кæддæриддæр фæзминаг вæййы. Æмæ Хадзымырзæ дæр донхорыггонд зæххытæй фылдæр пайда исынæн цы хорз бындур æрæвæрдта, уый бафæзмыдтой республикæйы иннæ зæхкусджытæ дæр. Йæ фæлтæрддзинады фарны тырыса йын айстой æмæ сæ ног æнтыстытæй басгуыхтысты Социалистон Фæллойы Хъæбатыртæ Алæгаты Темырби, Æлбегаты Харитон, Дзгойты Еруслан, Æхсараты Сентябрь. Уæлдай æхсызгондæр та йын уыд йе ‘рвад, йе ‘мхъæуккаг Санаты Хъазыбег ын йæ хорз хъуыддаг дарддæр кæй ахæццæ кодта, зæхкусæджы ном бæрзонд кæй систа, мыггаджы кадыл кад кæй бафтыдта æмæ Социалистон Фæллойы Хъæбатыры ном кæй райста, уый.
1972 аз. Уæд уæлдай фылдæр куыст уыд Хадзымырзæйы звенойы уæнгтæн. Хур цыма зæххы фыццаг хатт федта, афтæ йæм йæ зынг цæст ныиирд кодта. Колхозонтæм та каст афтæ, цыма сæ æрдз зындзинæдтæн фæразондзинадæй фæлвæрдта. Фæлæ чи загъта, зындзинæдты чи бахсыст, ахæм адæмæн фæцудæн ис, зæгъгæ. Йæ хуыссæг бынтондæр фесæфт Хадзымырзæйæн. Быдыры-иу ыл баизæр æмæ-иу ыл быдыры сбон. Рувын, æвзартæ тæнæг кæнын, хæмпæлгæрдæг сафын, хуымтæ донæй æфсадын. Куыстытæ лæууыдысты рады. Иуæн дæр дзы фæстæмæ æргъæвæн нæ уыд. Фæлæ сын уæддæр æнтыст, раст цыма звенойы уæнгтæй алчидæр йæ удыхъæд æвдыста æмæ хус рæстæгæн «нæ тыхтæ ма бавзарæм» зæгъынмæ хъавыд, афтæ. Адæм æнгомæй, кæрæдзийы æмбаргæйæ куы фæкусынц, сæ куысты æнтыст дæр уæд вæййы. Нæ сыл фæтых хур, нæ йын бакуымдтой сæттын. Сæ хуымты бæркад ын къахыр кæнын нæ бауагътой. Сæхимæ та ногæй æркæсын кодтой дзыллæты. Алы гектарæй дæр колхозы гонты ныккодтой 54 центнеры нартхор згъæлдæй. Уый кæуылты уæлахиз уыд.
Хъарм фæззыгон изæр. Цæлхыдзаг мæй та арвы астæумæ стылд æмæ хæлæггæнæгау каст быдырмæ. Хадзымырзæ фæлладæй йæхи æруагъта хуымы кæрон. Дымгæйы æмæ нартхоры сыфты сыбар-сыбурмæ адзæгъæл хъуыдыты. Йæ цæстытыл ауадысты йæ сидзæр, бæгъæввад сабибонтæ. Цы нæ куыст бавзæрста. Куы хъомгæс цыд, куы бæхгæс. Куы кæйдæр быдырты куыста, куы та кæмæндæр хæдзары куыстыты æххуыс кодта. Æмæ-иу кæд изæр цыфæнды фæллад уыд, уæддæр-иу хъæуы фæндыры цагъд æмæ къæрццæмдзæгъд кæцæй хъуыст, уыцырдæм-иу æнæ фæзилгæ нæ фæци. Уый уæлдай фылдæр уарзта «Ханты цагъд». Йе ‘мгæрттæ та йæ хъазгæйæ хуыдтой Хадзымырзæйы цагъд. Санаты Лидия-иу фæндыр куы аивæзта, «Ханты цагъд»-иу уæлдæфы куы азæлыд, уæд-иу хъазты чегъре Хадзымырзæйы кафынмæ æнæ рахонгæ нæ фæци. Бæрзонд, хæрзконд лæппу кæддæриддæр уыд хъазты фидыц.
Советон дуг амонды фарсæй бахудт æрыгон лæппумæ. Куыст царды фæрæз кæй у, уый æмбаргæйæ æрлæууыд фæллойы фæндагыл æмæ кæддæриддæр уыд раззæгтимæ. Иу бæрнон бынат ивта иннæмæй. Уыд партийы райкомы инструктор, колхозы парторганизацийы секретарь, колхозы сæрдар, хъæуыхицау. Сæйрагдæр та хуымæтæг, зæххон ирон адæймаг. Архайдта сыгъдæг цæсгом уæвыныл. Никуы никæй зæрдæхудты бацыд. Никуы никæй бафхæрдта. Схуыст ныхас никуы никæмæ скодта. Гъе æрмæст ын хæст йæхи бафхæрдта, йе ‘нæниздзинад ын фæкъахыр кодта.
Хæст… Уый йæхи фæд ныууагъта Хадзымырзæйы уды. Нæ бахæццæ Берлинмæ. 1943 азы февралы уæззау цæф фæци Хурыскæсæн Пруссийы. Знаджы нæмыгæй ныппырх йæ цонг æмæ йын æй дохтыртæ хъуамæ алыг кодтаиккой. Нæ йæ бауагъта. Загъта сын: «Куы мæлон, уæд цонгимæ». Æрвыстой йæ иу госпиталæй иннæмæ. Фæстагмæ фæхæцыд йæхиуыл æмæ йæ рахиз цонг йæ дæларм, афтæмæй сыздæхт йæ хæдзармæ. Кусынæн ын нал сбæззыд. Фæлæ йæхимæ хъусыныл нæ фæци. Хъæддых фæлæууыд æмæ зæхгуысты йæ амонд ссардта. Йæ фæлтæрддзинад фæзминаг сси. Йæ кады ном газеттæ æмæ журналтæй нæ хицæн кодта. Йæ фæллойадон сгуыхтдзинæдты тыххæй йæ дыууæ хатты арвыстой ССР Цæдисы Адæмон Хæдзарады Æнтыстдзинæдты Равдыстмæ æмæ дыууæ хатты дæр сыгъзæрин майдантимæ сыздæхт. Фæстæдæр уыцы хæрзиуджытыл бафтыд æхсæз бронзæ майданы æмæ Кады грамотæтæ. Йæ риуыл та ма ноджыдæр æрттывтой Сырх Стъалыйы, Ленины, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, Фæллойадон Сырх тырысайы æмæ Октябры революцийы ордентæ.
Амонд иувæрсыг никуы вæййы. Амондæн бирæ хуызтæ ис. Хадзымырзæмæ та амонд канд куыстæй нæ фæхудт, фæлæ йæ фæрныг къонайы хъармæй дæр. Йæ бæркадкъух, уазæгуарзон бинойнаг Бадиимæ схъомыл кодтой цыппар лæппуйы æмæ æртæ чызджы. Риммæ — ахуыргæнæг. Азæ 40 азæй фылдæр фæкуыста Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологон факультеты уырыссаг æвзаджы методикæйы кабинеты сæргълæууæгæй. Рая уыд дохтыр. Аслæнбег — инженер. Æхсар æмæ Алик шофыртæ. Æхсар æфсады уæвгæйæ архайдта Венгрийы хæстон цауты, Алик та Чернобылы атæмон станцæйы фыдбылызы фæстиуджытæ иуварс кæныны цауты. Славик цалдæр азы бакуыста Дард Хурыскæсæны, фæстæдæр та ссис æхсæнад «Экономэнерги»-йы сæйраг директор. Коммæгæс, куыстуарзаг хъæбултæ æмæ уыдоны кæстæртæй рад хистæры зæрдæ. Уыдон уыдысты, йæ фидар ныфсытæ æмæ йын йæ хæдзары фарн дарддæр чи хæсдзæн, уыдон.
Цард адæймагæн рæстæгмæ лæвæрд, рæстæгмæ хорзæх у. Нал ис не ‘хсæн Санаты Хадзымырзæ. Нал сты йæ хæдзары цыппар цæджындзы, йæ цыппар лæппуйы. Йæ ном та цæры. Йæ фарн ын дарддæр хæссынц йæ чызджытæ æмæ йæ цоты цот. Йæ хорз хъуыддæгтæ, йе сгуыхтдзинæдтæ нæ рох кæнынц адæмæй дæр, уымæн æмæ а зæххыл кадджынæй фæцард. Зæххæн хъæбулы лæггад фæкодта. О, фæлæ зæххæн дæр уд ис. Зæххæй дæр хорздзинад нæ рох кæны. Хъæбулы къухты хъарм, йæ зæрдæйы цæф, йæ къæхты уынæр, йæ хиды ‘ртах ын йæ уды æвæрæнты дары. Æмæ дымгæ быдырыл йæ фæндаг куы ракæны. Йæ базыры кæрæттæй йыл куы баузæлы, уæд ын быдыр дæр байгом кæны йæ зæрдæйы дуæрттæ. Хуымты сыбар-сыбурæй йын сисы йæ кадæг. Æмæ зæххы иузæрдион фæллойуарзаг хъæбулты ‘хсæн йæ кадæджы фæдзуры Хадзымырзæйы рухс ном дæр.
ХЕСТАНТЫ-БУТАТЫ Победæ, журналист














