Цы нын у кувæндон?

0
854

 

Нæ Ирыстоны адæм! Æрбахæццæ та нæм кæны не стырдæр бæрæгбæттæй иу — Хетæджы Уастырджийы бон. Ацы аз æй бæрæг кæнæм 8 июлы, ома, арæхдæр куыд вæййы, афтæ — Сусæны мæйы дыккаг хуыцаубон. Цæимæ баст у бæрæгбон æмæ куыд равзæрд, уыдæттыл бирæ æрмæг фыст ис. Фæлæ мæнæн мæ ныхас æндæр фарстатыл у. Куыд цæттæ кæнын хъæуы бæрæгбонмæ, куыдæй цæуын хъæуы æмæ цы æмбæлы хæссын Дзуары бынмæ? Бирæтæ фæдæттынц ацы фарстатæ, иннæтæ та, æнæ искæй бафæрсгæйæ, сæхимæ гæсгæ архайынц.

Фыццаджыдæр, мæ бон фидарæй зæгъын у, ацы ранмæ кæй нæ хъæуы цæуын цæл кæнынмæ, фæллад уадзынмæ, йе хи ирхæфсынмæ. Уыдæттæн Ирыстоны ис бирæ æндæр бынæттæ. Ардæм та адæм фыдæлтæй нырмæ цæуынц кувынмæ, сæ бинонты æмæ сæ уарзон адæмы Хуыцау æмæ Уастырджийыл сыгъдæг зæрдæйæ бафæдзæхсынмæ. Æмæ цæмæй уыцы куывд фæхæццæ уа, уый тыххæй адæймаг хъуамæ кувæндонмæ æрбацæуа сыгъдæгæй: буарæй дæр æмæ удыхъæдæй дæр. Æппæты хуыздæр 3-7 боны ком бадарын: карз нозт ма нуазын, чъизи цæрæгойты фыд æмæ уыдонæй конд хæринаг ма хæрын, æвзæр дзыхæй ма дзурын, тамако ма бадымын, сылгоймаджы æмуд ма цæуын, æфхæрæн, тыхст, хъæр ныхас ма кæнын.

Абон сахарты бирæуæладзыгон хæдзæртты фатерты кусарт акæныны фадат нæй, уæдæ хъом дæр нæ дарæм, бæгæны нал фыцæм, æмæ дзидза, цыхт стæй нозт адæм фылдæр кæнынц æлхæнгæ. Ис уыдонæй конд кувинæгтæ хæссæн Дзуары бынмæ æви нæ? Зындгонд историк-иртасæг Хъантемыраты Эльбрус куыд зæгъы, ис гæнæн, фæлæ сæ балхæнын хъæуы 1-2 боны раздæр, цæмæй фæуой хæдзары æмæ сæм хæдзары ад, хæдзары фарнæй фæхæццæ уа. Фæлæ ма ам ис ноджыдæр иу фиппаинаг. Кувинæгтæн сæ сæйрагдæр хай сты æртæ кæрдзыны (æртæ уæливыхы, йе æртæдзыхоны). Уыдонæн ис уаз (сакралон) нысаниуæг. Æмæ кæд æнæ фæрсчытæ, физонæг, кæнæ базыг ис скувæн Хуыцаумæ, уæд Дзуары бын æнæ æртæ кæрдзынæй не скувдзынæ. Уый зæрдыл даргæйæ, æз растыл нæ нымайын уыцы ран æлхæнгæ кæрдзынтæй кувын. Бæрæг нæу, чи сæ скодта, цы зæрдæимæ, стæй цæмæй. Ирыстоны иунæг ахæм бинонтæ дæр нæ разындзæн, хæдзары æфсин кувинаг æртæ кæрдзыны скæнынхъом кæм нæу, æмæ ацы хъуыддаг «куыд мын æнцондæр у»- йыл ма уадзæм. Ныхас хауы куыд сылгоймæгтæм, æфтæ хæдзары хицæуттæм дæр.

Дзуары бынмæ не ‘мбæлы цæуын тар дарæсы, цыфæнды хорз дыл кæд фидауы, уæддæр. Бæрæгбон циндзинад у, æмæ растдæр уыдзæн фæлурс, аив, даргъдыс дарæс скæнын. Национ уæлæдарæс (цухъа, куырæт, ирон хæдон) — ноджы хуыздæр. Тынг агайы цæст, исчи спортивон кæнæ чъизи кусæн дзаумайы, йе та æнæзылд цæсгом, æнæлвыд сæримæ куы бацæуы, уæд. Ахæмты «ардæм афтæмæй цæмæн æрбацыдтæ» бафæрсын уаид раст. Фæлæ уыцы бынаты не ‘мбæлы быцæу, æфхæрæн ныхас кæнын. Æргом Дзуар у, æмæ æнæуаг митæн нæ бары.

Уастырджи у лæгты, фæндаггонты, хæстонты Дзуар, æмæ ацы кувæндонмæ раздæр сылгоймæгтæ нæ цыдысты. Фæлæ Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ Иры нæлгоймæгты куы акодтой, уæд сылгоймæгтæ сæ тыхст, се стыр мæтæй, ахызтысты уыцы æгъдауы сæрты — райдыдтой цæуын Хетæджы кувæндонмæ, цæмæй йыл сæ бæлццæтты бафæдзæхсой æмæ сæм уыдон дзæбæхæй æрыздæхой тохы быдырæй. Хæст раджы фæцис, æмæ раст уаид Дзуармæ цæуыны фæтк адæмы хорз зондæй, фыдæлты æгъдауæй фæстæмæ куы раздæхид. Абон Хетæджы Къохы бæрæгбонмæ æрцæуынц сылгоймæгтæ дæр. Уырдæм сæ ма уадзын, кæнæ сæ рарвитыны бар никæмæ ис. Фæлæ, уыимæ алы сылгоймаг дæр хъуамæ хорз æмбара, кæдæм цæуы, уый. Кæд аргъуанмæ ничи цæуы æнæуаг хуызы, æнæ сæрбæттæнæй, уæд ам дæр у фыдæлтыккон уаз бынат, æмæ йæм нæй цæуæн паркмæ кæнæ доны былмæ цæуæгау.

Нæ Иры кадджын æмæ намысджын сылгоймæгтæ! Уæ хорзæхæй, Дзуары бынмæ ма цæут фадыгджын, джинсæй хуыд хæлæфты, æгæр гомхъуыр, йе æнæдыс кофтæты, стæй æнæ сæрбæттæнæй. Уæхи уайдзæфаггаг ма кæнут. Бæрæгбоны Хетæджы Къохы æнæмæнг вæййы хъазт дæр. Уым хъуамæ канд профессионалон кафджытæ æмæ зарæггæнджытæ ма архайой, фæлæ фылдæр — бæрæгбонмæ æрбацæуæг адæм сæхæдæг. Нæ дзы хъæуы сыхаг адæмты кæфтытæ æмæ акробатикон чъыллиппытæ кæнын. Бынтон æнаив у, ацы ран чызджытæ лæппуйы кафт куы фæкæнынц, уый.

Сæрмагондæй мæ зæгъын фæнды нозты тыххæй. Куыд зонæм, æфтæмæй нæ фыдæлтæ Дзуары бынмæ карз нозт нæ хастой. Куывтой хорæй конд нæртон бæгæныйæ, хатгай къуымæлæй дæр. Абон дæр цины фынгыл хистæр йæ фыццаг куывд ракæны бæгæныйы къусимæ. Уый ууыл дзурæг у, æмæ нæ фыдæлтæм Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæм кувынæн, уæлдайдæр та кувæндоны, уыдис сæрмагонд нысан. Нæ йæ хæццæ кодтой æнæуи фынджы бадтимæ. Æмæ кæд нæ фæсивæды хуыздæртæ сидынц, уыцы æгъдаумæ фæстæмæ рахизæм, зæгъгæ, уæд сæм байхъусын хъæуы. Уæ хорзæхæй, мауал хæссут Хетæджы Къохмæ стæй иннæ кувæндæттæм, карз нозт! Водкæ æмæ иннæ æлхæнгæ карз нозтытæн уым сæ кой дæр хъуамæ ма уа. Чи сæ бахæсса, уымæн та хъуамæ карз уайдзæф бакæнынмæ зивæг ма кæнæм. Дзырдæн, уыцы хъуыддагмæ 8 июлы сæ цæст дардзысты пъæлицæйы кусджытæ дæр. Ис сæм ахæм бар закъонмæ гæсгæ. Уæдæ ирон арахъхъ дæр ацы ран знаггад йеддæмæ ницы хæссы. Иуæй арахъхъæй куывд нæ сæмбæлдзæн йæ бынатыл, иннæмæй та кувæндоны расыг адæймаг утæппæт дзыллæйы раз йæхи фæхудинаг кæндзæн.

Нæ хъæуы хæссын æмæ кувæндоны судзын мыдадзын цырæгътæ. Уый ацы бынаты æгъдау нæу, стæй уыцы цырæгътæй тынг тæссаг у бæлæстыл зынг сирвæзынæй. Хуыцау нæ уымæй бахизæд.

Кувæндонмæ нæ фыдæлтæ нæ хастой хæцæнгарз. Не ‘мбæлы абон дæр. Кæд паддзахадон оргæнты уыцы хæцæнгарз регистраци кæнынц, уæд Уастырджийы кувæндоны та ахæм «регистраци» ницы давы, æмæ уæхи йæ фыдохы ма бафтаут.

Фæзæгъынц, Хетæджы Къохæй хæссæн ницы ис, æмæ уый раст у. Нæй дзы къалиу сæттæн, сыфтæртæ тонæн, бæлæстæ хъыгдарæн, хус суг хæссæн. Фæлæ уый ууыл дзурæг нæу, æмæ хъуамæ нæ бырæттæ уым ныууадзæм. Цы бахæссат, уыдонæй уым уадзæн ницæмæн ис. Донгарз уа, гæххæтты гæбаз, хæринаджы уæлдæйттæ — се ‘ппæт дæр æрбамбырд кæн, æмæ сæ рахæсс, ма ныууадз дæ фæстæ æнæфснайдæй.

Мысайнагмæ нæ фыдæлтæм уыдис сæрмагонд цæстæнгас. Æхцайы хуызы йæ нæ хастой кувæндонмæ. Сæдæ азы размæ дæр ма æхца никæмæ уыдис стæмтæй фæстæмæ. Мысайнаг æвæрынц Дзуары бын, æртæ кæрдзынæй кæй скуывтой æмæ йыл кæй бафæдзæхстой бинонты, уый нысанæн. Згъæр æхцатæ-иу рагацау ныхсадтой, артмæ дæр иу сæ бадардтой, æмæ-иу сæ сыгъдæг урс бæмбæджы кæнæ урс хæцъилы тыхтæй бахастой кувæндоны бынмæ. Ныры дуджы уыцы æгъдау аивта, æмæ абон фылдæр адæм мысайнагæн хæссынц чъизи гæххæттын æхцатæ, кæцытæ ацыдысты къухæй-къухмæ. Чи зоны, се ‘хсæн уыд фыдгæнджытæ, наркомантæ æмæ æндæр чъизи адæм. Уыцы хуызы ахæм æхцайæн мысайнагыл нæй нымайæн. Уый у æрмæстдæр æхца, кæцы хардзгонд æрцæудзæн цыдæр хъуыддæгтыл. Куыд зонын, афтæмæй бирæтæ рæдыдæй нымайынц, цас фылдæр æхца сæвæрай, уыйбæрц дын Дзуар хуыздæр баххуыс кæндзæн. Ахæм зондахаст у уды мæгуырдзинады æмæ ирон æгъдауæй дард лæууыны нысан. Хуыцау æмæ йе сконд зæдты хорзæх æхцайæ æлхæнгæ нæу. Уыдоны нæ хъæуынц нæдæр уе ‘хца, нæдæр уæ хъæбæр нозт. Сыгъдæгзæрдæйæ сæм скувын æппæтæй сæйрагдæр у.

Уæдæ чи хъуамæ скува Дзуары бын æртæ кæрдзыны? Æнæмæнг Дзуарæн лæггадгæнæг кувæг лæг æви æндæр исчи? Балвырд у, кувæг нæлгоймаг хъуамæ уа. Сылгоймагæн уым кувын не’мбæлы. Кувæг лæг хъуамæ уа сыгъдæг, райдзаст, æргом, сыгъдæг удыхъæдæй æмæ буарæй. Чъизи, æгад адæймаджы куывд нæ айсдзæн, бон изæрмæ рæсугъд ныхæстæ куы фæкæна, уæддæр. Гъе, уыдон сты мæ хъуыдытæ. Дарддæр та уæхæдæг архайут, кæмæ куыд раст кæсы, афтæ. Фæлæ рох хъуамæ ма уа, Ирон Æгъдауæн йæ бындур цæуы адæмы æфсармæй, æмæ æхсæнады цы ‘мбæлы, уый кæнын хъæуы. Бæрæгбон кувæндонмæ бацæуыны размæ хъуамæ хорз æмбарæм, цы ‘гъдауы фæдыл цæуæм, уый.

Хетæджы Уастырджийы хорзæх уæ уæд!

 

АЙЛАРТЫ Михал

Хетæджы Уастырджи

 

Мæнæ та Ирыл рæсугъд хур ыскаст,

 Хетæг — Ирыстоны уазæг.

Урс бæхыл сиргæ нæ рæзты фæраст,

 Авæрут ма йæм нуазæн.

 

Абон у Хетæджы стыр бæрæгбон,

Ногæй, зæрондæй йæм кувынц.

Дзыллæйы цинæн та нал ис кæрон, —

Хетæгæй хорздзинад курынц.

 

Рæстæджы хорзæхæй бакæн нын хай,

Де уазæг — Иры кæстæртæ!

Бахъуыды сахат ды немæ куы уай, —

Рухс нын кæндзынæ нæ зæрдæ.

 

 Хетæджы Уастырджи, табу дæуæн,

 Иры фыдбылызæй бахиз!

Дугъы дæ бæхæн куы нæ ис кæлæн,

 Демæ уыдзыстæм уæлахиз.

 

 Хуссар, Цæгатæй, Ыскæсæнæй, зæгъ,

 Кувынц дæм ногæй, зæрондæй.

Утæппæт дзыллæ куыд уромы зæхх,

Ракæс сæм кады бæрзондæй!

 

 

КУЧИТЫ Руслан, «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here