Амæй размæ тæрхонгонд кæмæн уыд æмæ героин æнæзакъонæй ауæй кæнынæй кæй зылын кæнынц, Дзæуджыхъæуы Советон районы тæрхондон уыцы бынæттон 27-аздзыд лæппуйæн кæй рахаста, Цæгат Ирыстоны Прокуратурæйы хъастмæ гæсгæ республикæйы Сæйраг тæрхондон уыцы æнæраст тæрхон аивта
Слестгæнджытæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй, хицæн уголовон хъуыддаг кæуыл сарæзтой, фарон уалдзæджы амынд нæлгоймаг ахæм нæлгоймагимæ баныхас кодтой республикæйы территорийыл наркотиктæ æнæзакъонæй уæй кæныныл.
Нæлгоймæгтæ наркотиктæ уæй кодтой «закладкæты» фæрцы (ома, фæлхасгæнджытимæ комкоммæ уагæй не ‘мбæлдысты). Фыдгæнджытæ конспирацийы æууæлтæ биноныг æххæст кодтой.
Фыдракæнд саразынæй кæй зылын кæнынц, барадхъахъхъæнджытæ уыцы адæймаджы æнæзакъон архайдæн кæрон сæвæрдтой. Æнæзакъон зилдухæй байстæуыд 129 граммы героин (уый у стыр бæрц).
Фыдракæнд саразынæй кæй зылын кæнынц, уыцы лæппуйыл Уголовон кодексы 228.1 статьяйы 4 хайы пункт «г»-мæ æмæ 30 статьяйы 3 хаймæ гæсгæ сарæзтой уголовон хъуыддаг æмæ йын йæ азым æххæстæй бавдыстой. Фыдракæнд саразынæй кæй зылын кæнынц, тæрхонадон æмбырды рæстæг паддзахадон зылынгæнæг бафæдзæхста уыцы адæймагæн 15 азы дæргъы карз фæткы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахæссын, фæлæ уый нæ нымайгæйæ, фыдракæнд саразынæй кæй зылын кæнынц, Советон районы тæрхондоны уынаффæйæ уыцы нæлгоймаджы архайд æнæбындурæй раивтой уголовон кодексы 228 статьяйы 2 хаймæ («Æнæ ауæй кæныны нысанимæ» наркотиктæ æнæзакъонæй дарын») æмæ йын рахастой 3,5 азы дæргъы ахæстоны фæбадыны тæрхон.
Тæрхондоны хатдзæгтæ уголовон хъуыддаджы æцæг æууæлтæй кæй хицæн кодтой, уымæ гæсгæ прокуратурæ уæлдæрамынд тæрхон банымадта æнæзакъоныл.
Амынд уавæр нымайгæйæ, прокуратурæ тæрхон аивыны тыххæй апелляцион хъаст барвыста.
Советон районы тæрхондоны тæрхон аивгæйæ, республикæйы Сæйраг тæрхондон прокуроры хъастæн радта разыйы дзуапп, уголовон хъуыддаг та барвыста тæрхондонмæ ногæй йыл æрныхас кæнынмæ.
РЦИ-Аланийы Прокуратурæйы пресс-службæ














