Аккаг нырыккон медицинон æххуыс Ирыстоны рынчынтæн уыдзæн ноджы фылдæр

0
342

 

Республикæ Цæгат ИрыстонАланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав фембæлд Мæскуыйæ æрцæуæг дохтыртæ, Бакулевы номыл зæрдæ æмæ дадзинты хирургийы национ медицинон иртасæн центры минæвæрттимæ. Фембæлды нысан уыд, бæрзонд технологитыл арæзт медицинон æххуысæй пайда кæныны гæнæн нырæй фæстæмæ ноджы фылдæр цæмæй уа, уый фæдыл бадзырд бафыссын.

Бадзырд бафыссыны тыххæй Дзæуджыхъæумæ Мæскуыйæ æрцыдысты Центры минæвæрттæ — дохтыр-кардиолог, Бакулевы номыл зæрдæ æмæ дадзинты хирургийы национ медицинон иртасæн центры хистæр наукон кусæг Хуыгаты Сослан æмæ дохтыр-кардиолог, ацы медицинон кусæндоны кæстæр наукон кусæг Куыдзойты Зæлинæ. Бадзырд фысгæйæ, нæ республикæйы ‘рдыгæй фембæлды архайдтой æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Ратманов, йæ хæдивæг Цыдаты Татьянæ, Цæгат Кавказы бирæкъабазджын медицинон центры сæйраг дохтыр Уыртаты Ролан, Республикон клиникон рынчындоны сæйраг дохтыр Моргуаты Аслæнбег, Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны сæйраг дохтыр Икъаты Мурат, Дзæуджыхъæуы 1-æм, 4-æм æмæ 7-æм поликлиникæты сæйраг дохтыртæ Магаты Хъазыбег, Мзокты Людмилæ æмæ Æлбегаты Батрадз, стæй æнæниздзинад хъахъхъæнынады специалисттæ.

Битарты Вячеслав мæскуыйаг дохтыртæн арфæ ракодта, нырмæ дæр Центр æмæ йæ кусджытæ стыр æххуыс кæй кодтой ирыстойнаг рынчынтæн. Куыд загъта, афтæмæй йæ зæрдæ дары, цы бадзырд бафыссой, уый ахъаз кæй уыдзæн зæрдæ æмæ дадзинты низтимæ баст уавæр республикæйы фæхуыздæр кæнынæн.

Хуыгаты Сослан арфæ ракодта республикæйы Сæргълæууæгæн æмæ се ‘рцыды нысан бамбарын кодта афтæ: «Нæ фæнд у Бакулевы номыл Центр æмæ Цæгат Ирыстоны ‘хсæн ахастдзинæдтæ ноджы фенгомдæр кæнын. Фæнды нæ консультациты æмæ дзæбæхгæнæндиагностикон хуызы фылдæр æххуыс кæнын республикæйы цæрæг зæрдæ æмæ дадзинты низтæй рынчынтæн». Хуыгаты Сослан куыд радзырдта, афтæмæй Бакулевы номыл Центр консультацийы æмæ дзæбæхгæнæн-диагностикон куыст кæны рагæй. Уый тыххæй йæ специалисттæ ацæуынц Уæрæсейы æндæр регионтæм æмæ бынаты рынчынты уавæр бæрæг кæнынц. Зæгъæм, æрмæст фарон ахæм консультацитæ сарæзтой Уæрæсейы 40 регионы.

Цæгат Ирыстонимæ бадзырд кæй бафыстой, уый у тынг ахсджиаг хъуыддаг, уымæн æмæ зæрдæ æмæ дадзинты низтæ рынчынтæ нæм сты бирæ. Æрмæст ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæм куы æркæсæм, уæд сæ нымæц уыд 115. 560 рынчынæй фылдæр, ацы низты аххосæй та амард 4 815 адæймаджы. Рынчынты ‘хсæн бирæ ис сывæллæттæ. Уымæ гæсгæ, Хуыгаты Сослан куыд загъта, афтæмæй консультацитæ кæндзысты канд ас рынчынтæн нæ, фæлæ гыццылтæн дæр, ноггуырдтæн, суанг, сывæллон мады гуыбыны ма куы уа, уæд дæр ын бæрæг кæндзысты йæ зæрдæйы уавæр æмæ бахъуаджы ахæм рынчынты, ас адæймагæй, сывæллонæй æнæкъуылымпыйæ æрвитдзысты Мæскуымæ Бакулевы номыл Центрмæ.

Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Ратманов куыд радзырдта, афтæмæй, бадзырдмæ гæсгæ, ахæм куыст кæныны тыххæй нырæй фæстæмæ Центры специалисттæ Цæгат Ирыстонмæ цæудзысты алы дыууæ мæйы дæр иу хатт. Консультацитæ арæзт цæудзысты нæ республикæйы рынчындæттæ æмæ поликлиникæты бындурыл.

«Мæскуыйы ацы медицинон кусæндонимæ мах æмгуст кæнæм бирæ азты дæргъы. Операци скæныны тыххæй сæм рынчынтæй бирæты арвитам — куыд ас адæймæгты, афтæ сывæллæтты дæр. Фæлæ абонæй фæстæмæ не ‘мгуыстад ноджы фенгомдæр уыдзæн, уый фæрцы та бæрзонд технологитыл арæзт медицинон æххуыс ноджы фæхæстæгдæр уыдзæн нæ республикæйы зæрдæ æмæ дадзинты низтæй рынчынтæм. Нæ сæйраг нысан у нæ республикæйы ахæм рынчынты нымæц фæкъаддæр кæнын. Абоны бадзырд уымæн ахъаз кæй уыдзæн, уый гуырысхойаг нæу», — загъта министр.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here