Ирон адæм сбæрæг кодтой сæ фыдæлты кадджындæр бæрæгбæттæй иу — Хетæджы дзуары бон
Тымбыл хъæдмæ адæм цыдысты хæдзарыдзаг бинонтæй, хастой фарны хуынтæ сыгъдæг зæрдæ æмæ рухс фæндтимæ. Уыцы бон ма ноджыдæр иу ногдзинад уыдис фенæн дзуары бын. Сылгоймæгтæ иууылдæр уыдысты сæрбæттæнты, æнæгъдау, æнæфенд митæ, нозтджын адæймæгтæ дзы нæ уыд. Къуымæл æмæ бæгæныйæ уæлдай карз нозт ничи æрбахаста. Джызæлы Культурæйы галуаны аивадон къордтæ æмæ нæ республикæйы зындгонд зарæггæнджытæ срæсугъд кодтой се сфæлдыстадæй куывддзауты зæрдæтæ. Бæрæгбонмæ æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков, алы ведомствоты разамонджытæ, Ирыстоны цæрджытæ. Пъæлицæйы кусджытæ сæ цæст дардтой æхсæнады барадон уагмæ. Бæрæгбон райдыдта “Иры Стыр ныхас»-ы уæнг Айларты Хъауырбеджы ракуывдæй. Уый бафæдзæхста Ирыстоны. Амонд, фæрныгад, æнæниздзинад æмæ сабырдзинад куырдта Лæгты дзуарæй. Уый фæстæ æппæт æрцæуæг адæмæн бæрæгбоны арфæтæ зæрдиагæй ракодта нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Уый загъта:
— Фарн уæм бадзурæд, Ирыстоны адæм! Ацы бæрæгбон махæн у иумæйаг æмæ нæ иугæнæг — Хуссарæй Цæгатмæ. Чидæриддæр ирон лæджы ном хæссы, уыдон абон кувдзысты æмæ курдзысты Стыр Хуыцауæй, Хетæджы дзуарæй, сæ бинонтæн æмæ къабæзтæн æнæниздзинад, фæрныгад æмæ сабырдзинад. Мæн дæр фæнды, цæмæй абон иумæ бакувæм дзуармæ æмæ нæ чысыл Ирыстонæн хорзæхтæ ракурæм. Цæмæй Ирыстон дидинæг кала, сабыр царды нæ кæстæрты хъомыл кæнæм, æнтыстдзинæдтæ нæ къухы канд нæ республикæйы нæ, фæлæ нæ цытджын бæстæйы сæраппонд дæр куыд æфтой. Амонд æмæ уарзт Ирыстоны зæххыл иудадзыг куыд цæрой, уыцы æххуыстæ нын Стыр Хуыцау æмæ Лæгты дзуар бакæнæнт.
Бибылты Анатоли дæр йæ арфæйы загъта, алы мыггаг алы хъæуæн дæр йæхи дзуар, йæхи зæд æмæ дуаг кæй ис, «фæлæ Хетæджы дзуар дыууæ Иры кадджын дзуар у æмæ йæм сыгъдæгзæрдæйæ бакувæм».
— Канд æрвылаз нæ, фæлæ йæ бынты цæугæйæ нæ алчидæр йæ худ сисы, йæ мидбынаты фесты æмæ дзы ракурæм, фыццаджыдæр, фæндараст нæ фæкæн, зæгъгæ. Абон та куывды æрбацыдыстæм, цæмæй йын йæ ном сæрмагондæй ссарæм, бакувæм æмæ дзы хорздзинæдтæ ракурæм. Битарты Вячеславимæ æппæт гæнæнтæй дæр архайæм, цæмæй дыууæ Иры цин æмæ хъыг дæр иумæйаг уой, æнтыстдзинæдтæ нæ кæстæрты къухы фылдæр æфтой. Абон дæр уыцы хорзæхтæ курдзыстæм Хетæджы дзуарæй, — загъта Бибылты Анатоли.
“Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан куыд радзырдта, афтæмæй рагацау бацæттæ кодтой сидт ирон адæммæ æмæ сын фехъусын кодтой, Тымбыл хъæды дзуармæ æрбацæуыны фæтк æмæ уагы тыххæй.
— Ардæм цæуæн нæй карз нозтимæ, сылгоймаджы даргъ фадыгджын хæлафы ам ницы хъуыддаг ис. Хъæр дзырд гуымиры, ныхас æмæ æндæр æнæгъдау митæн дзы бынат нæй. Æппæт ацы домæнтæм цæудзæн бæлвырд, биноныг цæстдард. Бæрæгбон канд «Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ нæ бацæттæ кодтой, æххуыс нын кодтой Ирыстоны адæм, куырыхон хистæртæ дæр. Алцы нæхи бæрны бакæнæм, уый дæр раст нæ уыдзæнис, — загъта Кучиты Руслан.
Тымбыл хъæды дзуары бæрæгбоны фыццаг хатт архайдта Иранæй æрцæуæг делегацийы минæвар Муртаза. Уый Ирыстонмæ дыккаг аз æрцыд, æвзаг, культурæ æмæ æгъдæуттимæ базонгæ кæнынмæ, иртасæн куыст сыл бакæныны фæдыл. Æрбахуыдтой йæ Абайты Васойы номыл социалон æмæ гуманитарон иртасæнты институты кусджытæ. Ирайнаг ахуыргондæн æхсызгон уыд ирон газет «Рæстдзинад»-ы фæрстытæн дзуаппытæ раттын. — Ирыстонмæ æрцыдтæн дыккаг хатт. Ирыстойнæгтæ æмæ ирайнаг адæм хæстæгдзинадæй баст сты. Иу таг нын ис — ариаг дадзин, ис не ‘взæгты дæр иудзинад, иу уидаг. Нæ фыдæлтæ иу адæм уыдысты, фæлæ дзы иу хай Иранмæ афтыд æмæ уым æрцард. Сæмхæццæ стæм æндæр адæмтимæ æмæ нæ фыдæлты æвзаг ферох кодтам. Нæ ахуыргæндтæ дæр фæзæгъынц, нæ уидаг Ирыстоны ис, зæгъгæ. Мæн тынг фæнды ирон æвзаг сахуыр кæнын. Куы федтон æгъдæуттæ, уæд стыр дисы бацыдтæн, æнусты æрфытæй абонмæ сæ кæй бахъахъхъæдтат, ууыл. Мæнæ ацы Тымбыл хъæды дзуары бын та фыццаг хатт дæн æмæ мæхи тынг амондджыныл нымайын, мæ рагфыдæлтæ кæмæ куывтой, уыцы дзуары хорзæхтæ ракурыны фадат мын кæй фæци. Сымах амондджын стут, ахæм бæрæгбæттæ уæ царды кæй ис, уымæй. Уыдон сты адæмы истори æмæ хæзнатæ. Æз архайдзынæн инназ дæр та Хетæджы дзуары бынмæ æрцæуыныл, — загъта ирайнаг Муртаза.
Дзуары бын куывдмæ æрцæуæг адæмæн сæ цæсгæмттæ рухс æмæ циндзинадæй цæхæр калдтой. Джызæйлаг Кокайты-Цгъойты Светланæ кардзыд сылгоймаг у æмæ куыд радзырдта, афтæмæй Хетæджы дзуармæ фыццаг хатт æрбацыд йæ ныййарджытимæ, фондз азы йыл куы цыдис, уæд. — Уæдæй абонмæ ахæм аз нæ уыд, æмæ ардæм ма æрбацæуон. Афтæ мæм фæкæсы, цыма уыцы бон цард уарзты бындурыл æрæнцайы, хур дæр æндæрхуызон ракæсы. Сабийæ мын мæ ныййарджытæ цы байтыдтой мæ зæрдæйы, уыцы фарн абон дæр мæ уды цæры. Уыцы азтимæ абаргæйæ, кæй зæгъын æй хъæуы, абоны фæтк æндæрхуызон у. Фæлæ дугивæнты домæнтæ сты æмæ семæ æмдзу кæнын хъæуы. Раздæр азтыиу ацы бæрæгбоны се сфæлдыстад æвдыстой хæдахуыр артисттæ. Фæндырдзæгъдджытæ-иу кæрæдзи ивгæ фæндырдзагъд нæ уагътой. Кафт æмæ-иу зард изæрмæ хъуыстысты дæрдтыл, — дзырдта йæ мысинæгтæ Светланæ.
Гоцъиты Фатимæ та Сахалинмæ хæрзæрыгонæй афтыд, фæлæ йæ сабидуджы цы рæсугъд бæрæгбон зыдта, уый йæ зæрдæйæ нæ фæхицæн.
— Æз стыр аргъ кæнын нæ бæрæгбæттæн. Нæ фыдæлтæ æмæ дзуæрттæн æмныхасы бастдзинад цыма ис æмæ семæ æргом фæныхас кæнынц афтæ мæм кæсы. Ардæм алы аз дæр æрцæуын куывды, уæд свæййын уæнгрог, зæрдæрухс, хæлардзинад æмæ уарзты тыхæй байдзаг вæййы мæ уд.
Бæрæгбоны мадзæлтты концертон программæйы та сæйрагдæр уыдис «Симд». Æрыгон фæсивæд æмæ Джызæлы кафты ансамбль «Арт»-ы æвзонг артисттæ, сæ аивадон разамонæг Магкæты Алан, Симды фæзы уæздан æмæ хæрзаивæй куы ракафыдысты, уæд сæ уындæй зæрдæ радис.
Бæрæгбæттæ кæнæд Ирыстон!
САУТÆТЫ Тамилæ














