8 июлы йæ чындзæхсæвы бон уыдзæн нæ зынаргъ, нæ уарзон кæстæр хæлар Юлия Борисковайæн.
Кæй зæгъын æй хъæуы, хистæрты куывдтытæ йæ чындзæхсæвы бирæ уыдзысты, æрыгон кæстæртæн сæ амонды иудзинадæн.
Мæн дæр уыцы æхсызгон цауы фæдыл фæнды раарфæ кæнын Юлияйæн. Мæ зæрдæ йын зæгъы æнæниздзинад, стæй бинонты цардамонд!
Цы ног къæсæрмæ бахиза, уырдæм амонды къах бавæрæд!
Дунерæвдауæг Хуыцау адæймагæн радта цард цæрынæн æмæ уарзынæн. Цардæй бафсæд, Юлия, Мады-Майрæмы фæдзæхст у æмæ дын æххуысгæнæг уæд!
Дæ сæры хицауимæ бирæ азты уарзонæй, хъæлдзæг зæрдæйæ фæцæрут æмæ уын рæсугъд кæстæртæ балæвар кæнæд Дунедарæг Кадджын Стыр Хуыцау!
Фарн æмæ амонд уæд уæ райдзаст хæдзары кæддæриддæр!
Газет «Размæ»-йы сæйраг редактор БАСАТЫ Иринæ