Саккаг сын кодтой РЦИ-Аланийы Хицауады премитæ

0
667

 

 

Сбæрæг сты фæсивæдон политикæйы къабазы РЦИ-Аланийы Хицауады премиты лауреаттæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Хицауады пресс-службæ.

Хицауадон премитæ саккаг кодтой: Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æфсæддон-патриотон хъомылады центры директоры хæдивæг Абайты Олегæн (фæсивæды патриотон хъомыладмæ стыр бавæрæны тыххæй), Мæздæджы иумæйагахуырадон скъола-интернаты ахуыргæнæг-логопед Годжыцаты Аннæйæн (рæзгæ фæлтæрæн алыхуызон хъомыладон æмæ ахуырадон мадзæлттæ цæттæ кæныны тыххæй)             æмæ Дыгуры районы сывæллæтты-фæсивæдон спортивон скъолайы директоры хæдивæг Дзагкойты Аланæн (фæсивæды æнæниз цардыуаг æмæ спортмæ æмхиц кæныны тыххæй).

 

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here