Газеткæсджыты сфæлдыстад

0
494

БУДАЙТЫ Аслæнбег

 Гапбаты Иваны зарæг

Гапбаты стыр кæрты ирон хъазт уыдис,

Дард бæстæм сæ лæппу ахуырмæ цыдис.

Ахуыры фæстæ хæсты уæззау бонтæ,

Знаджы пырх кодтой партизанты къордтæ.

Уæллаг комы сæрмæ стъалы ферттывта,

Адæмы маст уый зæрдæйæ æмбæрста.

Балæууыд сæ фарсмæ, дзырд радта лæгау.

Саразæм рæсугъд цард, — æвдисæн Хуыцау.

 

Уартæ нын цæгатæй сау мигътæ фæзынд,

Уарзон ахуырдзаутыл фыдбылыз æрцыд.

Колхозы хуымтæй хъæр кодтой фæдис,

Æмæ та сæрæнгуырд сæ разæй цыдис.

 

Ирыстоны хъæуты хидтæ сарæзтой,

Гапбаты Иванмæ арфæтæ барвыстой:

Дæ бирæ лæггæдтæ рох нæ уыдзысты,

Сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты.

 

Къорайы сæрмæ нын цæргæсты бадæн,

Куыд бирæ дæ уарзтой нæ ирон адæм.

Гапбаты сæрæнгуырд, цардмæ нæ хуыдтай,

Адæмæн зæрдæйæ амондыл куыстай.

 

Терчы тызмæг дон фурдмæ кæлдзæни,

Дæ хъуыддæгтæ Барис кæронмæ хæсдзæни.

Дæ ныфсæй абон дæр уæндонæй цæрæм,

Æнустæм дын рухсаг зæрдæйæ зæгъæм.

 

КОКОЙТЫ Махар

Зындзынæн

Бæргæ-ма фæмысын

Нæ ныллæг хæдзар

Æркалдис йæ фисын,

Æрмынæг дзы цард.

Кæсы мæм æнхъæлмæ

Нæ цæугæдон уым

Йæ фæлмæн уылæнтæ —

Йæ зæрдиаг хуын.

Кæд искуы дзæгъæлæй

Мæ хуым дæр лæууы,

Сæрдæй, уæд зымæгæй

Мæ уындмæ бæллы?!

Фæзындзынæн ногæй,

Ма кæнут æнкъард,

Нæ бæрзонддæр хохæй

Хæрын уын æз ард,

Æмæ та цæрдзыстæм

Нæ урссæр хæхты,

Нæ хъæуы хынцдзыстæм

Нæ уарзон кæрты.

 

ГАГЛОЙТЫ Толик

Цæстытæ

Баззайæнт ивгъуыды уарзæтты хъæстытæ,

Нал кæнæм абонæй хъаст!

Худынц мæм арфæйаг морæхуыз цæстытæ,

Уымæй æвдисынц дæ уарзт!

 

Ахорæн райстат, чызджытæ, уæ цæстытæн,

Денджызæй, арвæй, зæххæй!

Морæтæ, саутæ, æнæбын кæрдæгхуызтæ,

Æмæ уæм фау хæссæн нæй!

 

Ома уæм цас тых ис, цæстытæ, цæстытæ?

Аууонау уемæ дæн баст.

Дунейы змæстытæ, дунеон хæстытæ,

Уыдон уæ сæрвæлтау, раст!

 

Уарзонмæ дардæй æнхъæлмæ кæсгæйæ,

Митæй цæмæн кæнут урс?

Сау-сауид цæстытæ уарзтмæ бæлгæйæ,

Уадзынц нæ зæрдæтæм рухс!

 

Сомы кæнын æз, Хуыцау æмæ зæххы стæн,

Денджызæй, арвæй, зæххæй.

Морæтæ, саутæ, нæ уарзæтты цæстытæ,

Сайдæй уыл рацæуæн нæй!

 

ДЖУСОЙТЫ Майæ

Мæ Ирыстон

Мæ Ирыстон, дæ урс хæхтæй

Тæмæн калы дæ ном.

Æмæ нæ дунейы хæрзтæй

Æз равзæрстон дæ бон.

 

Мæ Ирыстон, дæ фæндæгтæ

Уæнт балцамонд лæгæн,

Кæнæнт фылдæр дæ кæстæртæ,

Æмæ бирæ цæрæнт.

 

Мæ Ирыстон, мæ Ирыстон,

Арвыл барын дæ ном.

Мæ Ирыстон, мæ Ирыстон,

Хурæмбал уæд дæ бон.

 

Мæ Ирыстон, хæзнадон у

Нæ фыдæлты дыргъдон.

Æмæ мын уымæн адджын у

Мæнæн дæ цæугæ дон.

 

Мæ Ирыстон, дæ лæггæдтæй

Мах тавы сыгъзæрин хур.

Æмæ, тæхуды, уаз дзырдтæй

Дæ Сыгъдæг номæн кув.

Мæ Ирыстон, мæ Ирыстон,

Мæ табуйаг къæсæр.

Мæ Ирыстон,мæ Ирыстон,

Милуан азы фæцæр.

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here