Артаджы аргъ. Æххуыс — федералон бюджетæй. Нымайæнтæ — фæрæзтæдæттæг организациты хардзæй

0
454

«Ацы закъоны проектæн ис бæрзонд социалон ахадындзинад, уымæ гæсгæ мæн фæнды, цæмæй йыл ацы æмбырды ма дзурæм, фæлæ йæ рахæссæм Парламентмæ», — знон РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей МАЧНЕВ ахæм фæндон рахаста парламентон советы æмбырды «Уæрæсейы Федерацийы пенситæ фидар кæныны æмæ фидыны тыххæй хицæн закъонæвæрынадон акттæм ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл» закъоны проекты тыххæй.

 

Раст зæгъгæйæ, уацхæсджытæ æнхъæл уыдысты æмæ ацы ахсджиаг фарстайы фæдыл советы æмбырды рауайдзæн бæстон æмæ æргом ныхас. Советы уæнгтæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй комитетты æрныхас кодтой ацы документыл. Алексей Мачнев куыд загъта, афтæмæй сæ хатдзæгтæ сæ бон зæгъын уыдзæн цыппæрæмы, Парламенты æмбырд куы уа, уæд. Советы уæнгтæ æркастысты æмæ равзæрстой бирæ ахсджиаг закъоны проекттæ. Сразы сты, Ярославлы облæсты Думæйы депутаттæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведевмæ цы сидт арвыстой, уыимæ. Æмбарынгæнæн хайы куыд фыст ис, афтæмæй артаджы аргъ æваст кæй фæфылдæр, уый адæмы тынг тыхсын кæны. Æргъты рæзт йæ фæстæ расайдта æндæр хæрдзтæ, суанг бæлццæттæ æхсæнадон транспорты ласыны аргъ фæфылдæр кæныны онг. Транспортон хæрдзтæ ноджы тынгдæр бахъыгдардзысты хъæууонхæдзарадон продукциуадзджыты. Депутаттæ курынц Дмитрий Медведевæй, цæмæй фæбæрæг кæной артаджы аргъы рæзты ныхмæ ахъаззаг мадзæлттæ, уыдоны фæрцы нефты продукты мидæггаг æргътæ фæнывылдæр уаиккой. Ацы сидты тыххæй советы раныхас кодта промышленносты, транспорты, бастдзинад æмæ амалхъомады комитеты сæрдар Бурдзиуты Валери. Социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитет дæр æмбырдмæ рахаста цалдæр проекты. Комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ куыд бамбарын кодта, афтæмæй Мурманскы облæсты Думæйы депутаттæ курынц Федерацийы Советы Сæрдар Валентинæ Матвиенкойæ, Паддзахадон Думæйы Сæрдар Владислав Володинæй, Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведевæй, цæмæй федералон бюджет санаторон-курортон балцæгтæн æхцайы бæрц фæфылдæр кæна. Депутаттæ сагъæс кæнынц, балцæгтæ балхæнынæн азæй-азмæ федералон бюджет къаддæр æхца кæй дих кæны, ууыл. Афтæмæй, рады чи лæууы, уыдоны нымæц фылдæрæйфылдæр кæны, регионы бон та хи фæрæзтæй ахæм социалон лæггæдтæ кæнын нæу. «Уæрæсейы Федерацийы гражданты æнæниздзинад хъахъхъæныны бындурты тыххæй федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл» закъоны проекты ныхас цыдис автоматон бындурыл кусæг дефибрилляторты фæрцы æвæстиат æххуыс кæныныл. Æнæниздзинад хъахъхъæныны æппæт дунеон организаци куыд хъусын кæны, афтæмæй, къуырийы дæргъы адæймаджы зæрдæ æваст йæ кусынæй кæй æрлæууы, уый аххосæй амæлы 30 адæймаджы. Уæрæсейы та азмæ уыдон сты 145 мин адæймаджы бæрц. Æвæстиатæй автоматон бындурыл кусæг дефибриллятортæй алы рæтты пайда кæнын куы нæ райдайой адæймаджы аирвæзын кæныны охыл, уæд сæ нымæц ноджы фæфылдæр уыдзæн. Советы уæнгтæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй закъоны проект раст домæнтæ æвæры, фæлæ йæ царды сæххæст кæнынимæ баст ис тынг бирæ фарстатæ. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Бокоты Эльбрус цы закъонæвæрынадон акттыл æрдзырдта, уыдонимæ уыдис «Уæрæсейы Федерацийы хицæн закъонæвæрынадон акттæм ивддзинæдтæ бахæссыны, энерги фæстауæрцгæнæн æмæ энергетикон ахадындзинад фæбæрзонддæр кæныны фæдыл» закъоны проект дæр. Ныры онг цы закъонæй пайда кæнæм, уымæ гæсгæ хæдзæртты хицæуттæ хъуамæ сæхи хардзæй æлхæной электрон тых нымайæнтæ, фидар дæр сæ кæной сæхи æхцайæ. Æппæт уыцы уæлæмхасæн хæрдзтæ æвзæр æрдæм фæзындысты гражданты бирæ категоритыл, уымæн æмæ исынц чысыл мызд, гыццыл пенситæ. Уымæ гæсгæ закъоны проект электрон тых нымайæнтæ æлхæныны, фидар сæ кæныны хæс æвæры фæрæзтæдæттæг организацитыл. Ацы хъуыддаг нывыл куы ацæуа, уæд ахæм домæнтæ æвæрд æрцæудзæнис дон, газ, хъармдæттæг организацитыл дæр. Советы æмбырды ма равзæрстой æмæ сфидар кодтой æндæр ахсджиаг закъоны проекттæ дæр.

БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here