Бындуронæй цалцæггонд автобустæ — хъæутæм

0
540

Республикæйы промышленность æмæ транспорты министр Хайдарбек БУТОВЫ бардзырдмæ гæсгæ, Дзæуджыхъæуæй Цæгат Ирыстоны хъæууон районтæм бæлццæттæ чи ласы, уыцы авд автобусы «Hyundai»-тæ бындуронæй цалцæггонд æрцыдысты

Æппæт транспортон фæрæзтæ мидæгæй ахуырст æр- БУТАТЫ Эльзæ цыдысты, сæ бадæнтæ сын баивтой, стæй дзы фидаргонд æрцыдысты æдасдзинады рæттæ æмæ тахографтæ. Уымæй уæлдай, автобусты салонты æвæрд æрцыдысты транспортон фæрæзты цыды фæткамонæг æмæ шофыры бæрæггæнæнтæ æвдисæг информацион сыфтæ. Æппæт амынд куыстытæ баххæст кодта Дигорайы автотранспортон куыстуат (йæ разамонæг — Базиты Витали). Амынд автотранспортон куыстуат кæмæн лæггад кæны, уыцы маршрутыл («Дзæуджыхъæу-Лескен», «Дзæуджыхъæу-Красногор», «Дзæуджыхъæу-Сырх Дыгур», «Дзæуджыхъæу-Дур-Дур» æмæ æндæртæ) ныр цæуынц бæлццæттæ ласыны æппæт домæнтæн дзуапдæттæг автобустæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here