Дзæуджыхъæуы Национ наукон библиотекæйы байгом æрыгон нывгæнæг ТАУЧЕЛАТЫ Тамерланы персоналон равдыст «Мир Таучелова». Равдыстмæ æрбацæуæг аивадуарзджытæн ис 80 мидисджын куысты феныны фадат
— Адæмы фылдæр хай уæларвæй цæуæг хъару цæмæй рахатой, ацы равдыст уый тыххæй сарæзтам. Мæ хæс у уæларвон тыхимæ аивадуарзджыты базонгæ кæнын. Ам чи ис, уыцы куыстытæ адæймагмæ хорз равг сæвзæрын кæнынц. Кæй сфæлдисын, адæм уыцы дунемæ бафтынц. Мæ конд нывтæ мын мæ равг æвдисынц, — зæгъы нывгæнæг.
Сæрмагонд аивадон ахуырад кæмæ нæй, уыцы Таучелы-фырт уæлдай фылдæр æргом здахы Библийы темæмæ.
Тамерлан йæ хъуыдытæ æмæ равг иттæг дæсныйæ æвдисы нывты. Цалдæр азы размæ Таучелы-фырт æнтыстджынæй архайдта уæгъдибар хъæбысхæстæй алыхуызон ерысты, фæлæ цалдæр хатты фæцæф æмæ спортæн кæрон сæвæрын бахъуыд. Вазыгджын уавæры бахаугæйæ, Тамерлан йе ‘ргом аздæхта аивадмæ æмæ цыбыр рæстæгмæ бирæ мидисджын нывтæ сфæлдыста. Лæвар фенæн кæй ис, уыцы амынд равдыст кусдзæн августы онг.