Агропромышленнон комплексы райрæзты нысантæ

0
406

 

Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславæн фембæлд уыд Уæрæсейы хъæулон хæдзарады министры фыццаг хæдивæг Джамбулат ХАТУОВИМÆ. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ.

Фембæлды рæстæг бæстон ныхас рауад республикæйы агропромышленнон комплексы райрæзты фарстатыл.

Зæгъæм, Битарты Вячеслав радзырдта, республикæ хъæууон хæдзарады къабазы цы проекттæ æххæст кæнынмæ бавнæлдта, уый тыххæй. Цæгат Ирыстоны бæлвырд мадзæлттæ арæзт цæуынц райдайгæ фермертæн æххуысы федералон программæйы мадзæлттæ, стæй куыст цæуы æндæр программæтыл дæр.

Республикæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстон æмгуыстады бадзырд бафыста акционерон æхсæнад «Росагролизинг»-имæ. Уыцы бадзырды бындурыл республикæйы хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ зынгæ фæфылдæр кæндзысты стурвосы нымæц. Зæгъæм, 2018-2019 азты балхæндзысты 9 мин стурæй фылдæр. «Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй 2023 азмæ республикæйы хъæууонхæдзарадон куыстуæтты уыдзæн 30 мин дуцгæ хъуджы», — загъта Битарты Вячеслав.

Ацы æмæ иннæ нысантæ сæххæст кæныны сæраппонд фидаргонд æрцыд сæрмагонд мадзæлтты пълан. Уыдон сæххæст кæнынæн бахъæудзæн 50 милуан сомы бæрц. «Уыимæ, æхсыры продукцийы рауагъдыл республикæ кусдзæн йæхи фæрæзтæй дæр. Уыцы нысанæн хардзгонд æрцæудзæн 3,6 милуан сомы бæрц», — адарддæр кодта йæ хъуыды республикæйы разамонæг.

УФ-йы хъæууон хæдзарады министры фыццаг хæдивæг æппæт уыцы хъуыддæгты республикæйæн æххуысæй зæрдæ бавæрдта.

Фембæлды рæстæг ма æркастæуыд, хъæууон территориты райрæзты сæрмагонд федералон программæйы фæлгæты республикæйы цы мадзæлттæ арæзт цæуы, уыдонмæ дæр. Ацы программæйы мадзæлтты фæлгæты 2020 азы онг республикæйы цалцæггонд цæуынц донуадзæн хæтæлтæ, хъæууон цæрæн бынæттæм уадзынц газ, аразынц фелсыронакушерон пункттæ, стæй æндæр инфраструктурон объекттæ.

 Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here