Знон Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Президенты Цæгат Кавказы федералон зылды Æххæстбарджын ног минæвар Александр МАТОВНИКОВ. Кадджын уазæгыл аэропорты сæмбæлдысты: РЦИАланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав, РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы сæрдар Нинæ ЧИПЛАКОВА, РЦИ-Аланийы мидхъуыддæгты министр Михаил СКОКОВ æмæ Рахизфарсы районы сæргълæууæг ФРАЙТЫ Сослан.
Фыццаджыдæр сæвæрдтой дидинджытæ Хъыджы бæлас æмæ афицерты цыртдзæвæныл, бабæрæг кодтой Беслæны, 2004 азы фыдгæнджытæ кæй срæмыгътой æмæ басыгътой, уыцы скъола. Уым дæр сæвæрдтой веноктæ æмæ æдзæмæй лæугæйæ ссардтой, террористты къухæй чи фæмард, уыцы скъоладзаутæ, ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджыты рухс нæмттæ.
Уый фæстæ Александр Матовниковæн Дзæуджыхъæуы Хицауады хæдзары уыдис уæрæх æмбырд нæ республикæйы ведомствотæ æмæ министрадты разамонджытимæ. Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой дыууæ: Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты фарстатыл æмæ РЦИ-Аланийы Парламенты архайдыл.
Александр Матовников куыд загъта, афтæмæй йæ балцы нысан уыдис, Ирыстоны адæмы царды уавæртæ, социалон-экономикон рæзты фарстатæ æмæ Президенты 2012 азы майы ист Указтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уыдон бæлвырддæр базонын. Æххæстбарджын минæвар куыд загъта, афтæмæй 2018 азæй 2025 азты онг куысты нысантæ ныридæгæн бæлвырдгонд сты æмæ сыл республикæйы разамындимæ иумæ бæстон кæй кусдзысты, уый. Уыдон та сты: æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, арæзтады, фæсивæды, промышленносты, инновацион проекттæ æмæ æндæр хъуыддæгтæ. Нæ республикæйы социалон-экономикон фарстаты фæдыл радзырдта Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз. Уый куыд загъта, афтæмæй Президенты майы ист Указтæ республикæ бæрнонæй æххæст кæны, куыд æмбæлы, афтæ:
— Ирыстон архайы бирæ ног проектты, федералон æмæ республикон сæрмагонд программæты. Уыдоны бындурыл нæ къухы бафтыд бирæ хорз æмæ фæрнджын хъуыддæгтæ сæххæст кæнын. Ацы аз кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæнуæттæм балыгъдысты 597 адæймаджы. Афæдзы кæронмæ ма ног фатертæ райсдзысты ноджыдæр 600 адæймаджы. Уый чысыл æнтыстдзинад нæу цыбыр рæстæгмæ. Сарæзтам Культурæйы ног галуантæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ, скъолатæ. Сцалцæг кодтам социалон къабазы цалдæр объекты, фæлæ нæ куыст ууыл нæ фæцис. Арæзтадон объекттæ нæм нырма ис, уæдæ ацы азы кæронмæ цалцæггонд кæронмæ æрцæудзæн Æрыдоны районы рынчындон. Стыр куыст бакодтам хъалонты æфтиæгтыл. Ис нын æнгом бастдзинад нæ бæстæйы Финансты министрадимæ æмæ нæ размæ цы хæстæ æмæ нысантæ сæвæрдтам, уыдон сæххæст кæныныл бæрнонæй архайæм, — загъта Тускъаты Таймураз. РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев та доклад скодта, Парламент æмæ депутатты архайды фæдыл. Куыд загъта, афтæмæй депутаттæ æнгом кусынц се ‘взарджытимæ, æмбæлынц семæ æмæ ныхас кæнынц сæ ахсджиагдæр фарстатыл.
— Уымæй уæлдай нæ цæст дарæм республикæйы бюджетмæ,промышленность, чысыл æмæ рæстæмбис бизнесы рæзтмæ. Хæссæм ивддзинæдтæ, адæмы царды уавæртæн ахъаз чи у, уыцы фарстаты фæдыл закъоны проекттæм, — загъта Парламенты Сæрдар. Æмбырды кæрон Битарты Вячеслав радзырдта, Александр Матовников йæ ног куысты бартæ æххæст кæныны размæ дæр ирон адæмы фарсмæ иудадзыг кæй уыд. Ирыстоны цин æмæ хъыгдзинады алкæддæр кæй вæййы раззагдæрты рæнхъы. Битары-фыртæн кадджын уазæг балæвар кодта чиныг. Владимир Путины хъуыстгонддæр хъуыдытæ æмæ цитатæты æмбырдгонд. Битарты Вячеслав та — «Нарты кадджытæ».
Уыцы бон Æххæстбарджын минæвар фембæлд нæ республикæйы мидхъуыддæгты оргæнты æмæ тыхы структурæты разамонджытимæ æмæ дины конфесситы кусджытимæ. Ныхас цыдис, Цæгат Кавказы сабырдзинады уавæр нывылдæр кæныны фарстатыл, цы ма хъæуы саразын, цæмæй нациты æрыгон фæлтæртæ кæрæдзимæ æнæуынон цæстæй ма кæсой, уый тыххæй. Кæронбæттæны Александр Матовников журналисттæн загъта:
— Ирыстон Уæрæсейæн алы заманты дæр ахсджиаг хуссайраг хай уыд æмæ у. Бирæ хæстытæ, быцæутæ æмæ æндæр цауты лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад равдыстой алайнаг адæм. Фæлæ абон дзурдзыстæм æмæ архайдзыстæм сабыр цард аразыныл, Ирыстон æмæ Цæгат Кавказы иннæ республикæты хæлар ахастдзинæдтæ тауыныл, адæмы царды уавæртæ хуыздæр кæныныл. Цæмæй, цæрæм æдас бæстæйы æмæ фæрныг фидæн аразæм иумæ, зындзинæдты сæрты хизгæйæ, — загъта Æххæстбарджын минæвар. САУТÆТЫ Тамилæ














