Кæд бафсæддзыстæм донæй?

0
493

«Доны арæхæн дæ цард» — нæ фыдæлтæ дзæгъæлы нæ дзырдтой. Фæлæ уыцы арфæйы хорзæх нæ фæхæццæ Комсомольскы хъæуы цæрджытæм. Куыддæр сæрды мæйтæ ралæууыдысты, афтæ сæ кърæнтытæй дон нал кæлы. Хъæуы сæйраг уынг Ленины ном хæссы. Хæрзæфснайд, кæрæй-кæронмæ дзы ног æмраст асфальт фæндаг. 12 июлы уæлдæфы температурæ 36 градусы тæвдмæ схæццæ. Фæндагыл сабыргай цæуы донласæн сæрмагонд машинæ. Йæ размæ рацæуынц хæдзæртты æфсинтæ, скъоладзаутæ, нæлгоймæгтæ, кæмæ — ведра, кæмæ — бидон.

Адæмæн сæ тыхст уавæр фæрогдæр кæныны тыххæй уал хъæуы администраци, стæй районы разамынд ахæм уынаффæ рахастой. Машинæйы шофыр куыд зæгъы, афтæмæй йæ гуыффæйы 3,5 тоннæйы цæуы. Сыгъдæг нуазыны дон бон æртæ хатты ласы Елхоты коммуналон хæдзарадæй. “Хæдзары дзаг бинонтæн æнæ донæй куыд цæрæн ис, дзаумæттæ æхсын хъæуы, хæринаг сцæттæ кæнын, сывæллæтты ныхсынæн дæр дон хъæуы. Ацафон зымæгмæ компоттæ кæнын афон бæргæ у, фæлæ нæм дон парахатæй нæй, — загъд кодтой сылгоймæгтæ. «Цымæ кæд бафсæддзыстæм донæй?» — фæрсы хъæуы хистæр сылгоймæгтæй иу Киситы Верæ. Хъæуы минæвæртты æмбырды депутат Мæргъиты Зæлинæ йæ цæст дары, цæмæй нуазыны дон алы хæдзармæ дæр фæхæццæ уа, уымæ.

Бон цæуы æмæ йемæ фарн хæссы. Ныфс нæ ис, Комсомольскы цæрæг дзæбæх адæмы тыхст уавæр тагъд рæстæг кæй райхæлдзæн æмæ сæм дон парахатæй кæлын кæй райдайдзæн, уымæй.

ГУГКАТЫ Жаннæ Къам систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here