Уæлахизы салдат, фыссæг, ахуыргæнæг

0
638

Царды адджын æмæ цыбыр фæндагыл чи фæцыд, йæ мыггаджы цыт æмæ намыс сæр- бæрзондæй чи фæхаста уарзон Ирыстоны, ирон литературæйы йæ хорз фæд чи ныу- уагъта, Иры рæзгæ фæлтæры рæзтæн йæ зонд æмæ хъару чи нæ бавгъау кодта йæ удуæлдай ахуыргæнæджы куыстæй, уый — Уæлахизы Салдат, поэт, фыссæг, публицист — Куыдзæгты Хъапары фырт Валодяйы райгуырдыл æххæст кæны 100 азы.

Валодя райгуырд Зæрæмæджы 1918 азы 15 июлы Куыдзæгты цæрæнбынаты, Хъоргъайы ададжы былыл — Фаллаг бæсты. Йæ ныййарджытæ: Куыдзæгты Хъапар æмæ Гогаты Фатка уыдысты зæхкусджытæ, уыдис сын дыууæ чызджы æмæ æртæ лæппуйы: Маруся æмæ Тамарæ, Виктор, Костя, Валодя. Хохаг уавæрты зын цæрæн кæй уыд, сывæллæтты ахуыры фæндагыл саразын кæй хъуыд, уымæ гæсгæ 1924 азы ралыгъдысты быдырмæ æмæ æрцардысты абоны Кировыхъæуы. Валодяйыл уæд цыд æхсæз азы. Йæ сывæллоны бонтæ арвыста ам, кæд мæгуыр рæстæг уыд, царды уавæртæ уæззау уыдысты, уæддæр фæрнджын рæстæджы цардысты. Тынг æй фæндыд ахуырмæ, фæлæ хъæуы скъолайы уыд æрмæст дыууæ самандурæй амад ахуыргæнæн къласы. Бадæн бынæттæ ахуыргæнинæгтæн фаг нæ уыд. Уымæ гæсгæ алы хæдзарæй бар уыд ахуыр- мæ цæуынмæ æрмæст иу сывæллонæн æмæ-иу скъоламæ фыццаг бацыдысты хистæртæ.

Чысылæй фæстæмæ Валодя кусыныл ахуыр уыд, йе ‘фсымæртæ æмæ йæ хотимæ æххуыс кодтой сæ мад æмæ фыдæн хæдза- ры зилæнтæ кæнынмæ, уæгъд рæстæг та æрвыста сыхы сывæллæттимæ хъазгæйæ. Хъазгæ та-иу хъуджы фистæй конд портийæ кодтой, хъæлæй, къорийæ, хъулæй, уисын бæхæй æмæ æндæр хъæзтытæй.

Фыццаг къласмæ кæд дæсазыкконæй ба- цыд царды уавæртæм гæсгæ, уæддæр уыд зæрдæргъæвд сывæллон æмæ хорз ахуыр кодта. Скъолайы рæзгæ фæлтæрæн йæ цард чи снывонд кодта, царды раст фæндаг- мæ ахуыры бæрзæндтæм цардбæллон чыз- джыты æмæ лæппутты чи фæндараст кодта, уыцы ахуыргæнджытæ Валодяйæн уыдысты фæзминаг дæнцæгтæ.

1936 азы Кировыхъæуы авдазон скъолайы фæстæ ахуырмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон техникуммæ. 1939 азы йæ æн- тыстджынæй каст фæци æмæ фæстæмæ æрыздæхт кусынмæ райдайæн кълæсты ахуыргæнæгæй йæ уарзон хъæуы скъоламæ. Валодяйы хъæздыг миддунейы рæсугъд ми- ниуджытæ, рухс хуры тынау, нывæзтой йæ дарддæры цардвæндагыл.

Сабийы зæрдæмæ фæндаг ссарын æр- дзон курдиат у, æмæ дзы пайда кæнын зонын кæй хъæуы, уый Володя хорз æнкъардта. Фыццаг скъоладзаутæ… Сæ цымыдисаг цæстæнгас. Æрыгон ахуыргæнæджы æфсармдзинад. Бæргæ, цымыдисаг уроктæ арæзта æрвылбон дæр йæ зонд æмæ рæсугъд ныхасы хъæдæй.

Фæлæ… 1941 азы Фыдыбæстæйы Стыр хæст райдыдта æмæ 5 июлы Куыдзæгты Ва- лодя барвæндонæй бацыд Орджоникидзейы Сырхтырысаджын фистæгæфсæддон училищемæ. Ацы скъолайы фæстæ бахауд 15-æм хицæн фистæг æфсады бригадмæ æмæ æрвыст æрцыд станцæ Кавказскаямæ. Æрыгон лæппуйы хæстон фæндаг райдыдта Мæскуыйы бынмæ. Хæсты райдайæны Вало- дя уыдис хайады командир, стæй та — взво- ды. Фашисттæ се ‘ппæт тыхтæ сарæзтой, историйæ куыд зонæм, афтæмæй нæ бæстæйы сæйраг сахар Мæскуы байсынмæ, фæлæ сын нæ бантыст, сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты.

1942 азы январы кæрон Валодя æрвыст æрцыд Цæгат-Ныгуылæн фронтмæ æмæ райдыдтой йæ хæстон бонтæ 15-æм хицæн бригады рæнхъыты адæмы цæстытæй туг куы калд, цард æмæ мæлæт фæрсæйфæрстæм кæм цыдысты, уыцы зын намысы фæндæгтæ. Ам, Валодя æмæ йе ‘мхæстонтæ, æхсарджынæй дæрæн кодтой немыцæгты æмæ ссæрибар кодтой Рамущевкæ, Черенчицы, Кавилкино, Медведево, Кулаково æмæ æндæр хъæутæ. Валодя фыццаг хатт фæцæф Черенчицæйы хæсты, уый фæстæ — Ануфревы бынмæ, фæлæ госпитальмæ нæ акуымдта, цæмæй йе ‘мбæстæгтæй ма фæхицæн уа, уый тыххæй. Уыдон уыдысты: Ногъайты Никъала, Магкæты Геор æмæ Магка, Дзидаханты Дзибæ, Хæдарцаты Ханджери, Сæлбиты Дзамырзæ æмæ Аркъауты Микъала. Ацы хабары фæдыл йæ бригадон командир афтæ фыста: «Дыууæ хатты фæци тынг цæфтæ, уæддæр хъæбатыр ирон лæппу нæ ныууагъта хæсты быдыр. Йе ‘мбæлттимæ тох кодта фашистты ныхмæ».

Фæстæдæр Ленинграды фронты Валодя хæцыд автоматчикты ротæйы командирæй. Архайдта Ленинграды блокадæ атоныныл хæстыты.

1944 азы январы мæйы кæрон 53-æм дивизийы Валодя йæ автоматчикты ротæимæ Ленинградæй ныгуылæнырдæм пырхгæнгæ цыдысты фашистон ныббырсджыты. Гитлер йæхицæн цы стыр фидар фæндтæ арæзта: Псков — Остров — Нарвæйы æрбынат кæнынмæ, уыдон роща «Каска»-йы хæсты фæ- сыкк сты. Ацы хæсты Володя уæззау цæф фæци æмæ йæ сластой Дзæуджыхъæуы 1620-æм госпитальмæ. Къамисы куы рацыд, уæд ын снысан кодтой 2-аг къорды инвалиддзинад. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй Валодя хорзæхджынгонд æрцыд Сырх Тырысайы, Фыдыбæстæйы хæсты I æмæ II къæпхæнты ордентæй, стæй — майдантæй.

Куыдзæджы-фырт госпиталæй куы рацыд, уæд йæ уæлæ схаста хæстон фæндæгты рыг йæ ныййарджытæм, йæ райгуырæн хъæумæ, уарзон Ирыстонмæ. Æмгъуыдæй раздæр халас æрбадт æрыгон лæппуйы къæмисæнтыл. Æхсæз мæйы фæстæ кусын райдыдта Кировыхъæуы скъолайы военрукæй. Уый фæстæ — Ногиры скъолайы. Цы бирæ диссæгтæ федта, цы бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, уыдон радзурынæн хъуыдис зæрдæбын ныхас æмæ сæ хаста кæстæр фæлтæртæм. Ахуыр сæ кодта патриотизмы æнкъарæнтыл. Йæ хъомылгæнинæгтæй абон бирæтæ нæ бæсты алы къуымты кусынц ахуыргæнджытæй, инженертæй, дохтыртæй, аивады дæснытæй…

1948 азы бацыд пединституты литературон факультеты 2-аг курсмæ. Институт каст фæци 1951 азы æмæ Кировыхъæуы скъолайы æхсæз азы дæргъы фæкуыста ахуыры хайады сæргълæууæгæй. Валодя йæхицæй æмæ йе ‘мкусджытæй домдта арф зонындзинæдтæ, рæсугъд æгъдау.

Арæхстджын разамынд лæвæрдта директорæй Уыналы скъола-интернаты, 1961 азæй 1968 азмæ — Холысты астæуккаг скъолайы.

Царды уавæртæм гæсгæ 1968 азы йæ бинонтимæ æрцард Заводы поселочы. Цæрджытæ йын стыр аргъ кодтой æмæ йæ равзæрстой сæ поселочы советы фыццаг сæрдарæй. Ацы бæрнон бынаты кусгæйæ Валодя йæхиуыл нæ ауæрста æмæ адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны охыл æрвылбон архайдта, кæд ын æнцон нæ уыд, уæддæр. Заводы поселокмæ хуызæн фæндаг арæзт æрцыд Володяйы хъæппæрисæй, уæдæ, хицауадæй æрдомдта æмæ фыццаг сæрмагонд транспортон рейс дæр сæм цæуын райдыдта. Доны хæтæлтæ, фæлладуадзæн клуб æмæ ма бирæ æндæр хъæугæ хъуыддæгтæ арæзт æрцыдысты Куыдзæджы-фырты разамындæй, æмæ поселочы цæрджытæ уымæн æрымысынц хорзæй Володяйы рухс ном абон дæр.

Заводы поселочы 34-æм скъолайы Валодя æртæ азы бакуыста райдайæн æфсæддон цæттæдзинады ахуыргæнæгæй. Пенсийы куы рацыд, уæддæр æнцад бадын йæ сæрмæ нæ хаста æмæ куыста Дзæуджыхъæуы алы куыстуæтты. Куыдзæджы-фырт кæмдæриддæр куыста, алы ран дæр йæ фæстæ уагъта йæ адæймагдзинад, уæздандзинад. Валодямæ уыд æрдзон курдиат æмдзæвгæтæ фыссынмæ, у сывæллæтты уарзон фыссæг, цалдæр чиныджы автор. Уарзта цард, стыр аргъ кодта чиныгæн. Тынг æй фæндыд, цæмæй алчидæр бамбара чиныг æвдадзы хос, æнусон, куырыхон, зæрдæфæлмæнгæнæг, æппæт æнамонддзинæдты ныхмæ чи æрлæудзæн, хæрам кæй фæрцы фесæфдзæн, ахæм хотых кæй у. Кæстæр фæлтæрæн у æцæг фæндагамонæг чингуыты дунейы. Æппæт мадзæлттæй архайы, цæмæй чысыл сабитæ иппæрд ма уой чиныгæй æмæ сын фыссы алыхуызон литературон жанрты йæ уацмыстæ. Чиныгкæсæг алы уацмысы дæр æргомæй æнкъары авторы зæрдæйы уарзондзинад æмæ цин рæзгæ фæлтæрмæ.

Уарзон сабитæ — нæ хуртæ, —

 Уарзон мадæлты хъæбултæ!

 Не ‘фсæдын уæ цин, уæ уарзтæй,

Афтæмæй цæрын.

‘Нæзивæг уæ цурмæ уайын.

Æз уæ мидбылхудтæй райын.

 Цардæй мын стут зынаргъдæр, —

 Ард уын æз хæрын…

«Мæ лæвар»

Володя 1951 азы ист æрцыд Ирыстоны Фысджыты цæдисмæ. Æрæгвæззæджы фæллойау иу ранмæ æрæмбырд кодта йе ‘мдзæвгæты æмæ 1951 азы Цæгат Ирыстоны АССР-ы Паддзахадон рауагъдад «Дзæуджыхъæу»-ы рацыд йе ‘мбырдгонд «Амондджын бæстæ».

1952 азы Мæскуыйы рауагъдад «Молодая гвардия»-йы рацыд æмбырдгонд «Цæгат Ирыстоны æрыгон поэттæ». Æмбырдгондмæ бахастой йæ дыууæ æмдзæвгæйы: «Труд» æмæ «В Цейском ущелье» дæр. Уырыссаг æвзагмæ сæ ратæлмац кодтой Г. Горностаев æмæ Я. Козловский.

1982 азы рауагъдад «Ир»-ы сывæллæттæн рацыд аив нывтæй фæлыст æмдзæвгæты æмбырдгонд «Æрцæут нæм уазæгуаты». Хаст æм æрцыдысты цалдæр æмдзæвгæйы æмæ аргъæуттæ: «Хæрæгыл йæ хин æртыхст», «Пыл æмæ маймули».

Аив поэтикон ахорæнты фæрцы æвдисы: зымæгон хъызт боны рæсугъддзинад, уалдзæджы хуры хъармæй æфсæст æрдзы райхъал, цъæх кæрдæджы змæлд, цъиуты цъыбар-цъыбур:

Хъызт зымæг цæссыгкалгæ

Урс хæхтыл æртади.

Хуры хъармæй арф кæмтты

 Митлæсæнтæ ‘руади…

1995 азы та ацы рауагъдады рацыд сабитæн ног æмдзæвгæты æмбырдгонд «Гæбæцийы диссæгтæ».

Ацы чиныджы алы æмдзæвгæ дæр у аив нывтæй фæлыст æмæ цымыдисагдæр у къаддæр кары сывæллæттæн кæсынмæ. Ис дзы цалдæр поэтикон уацмысы: «Гæбæцийы диссæгтæ», «Берд æмæ Гæбæци», «Сæрдыгон бонты», «Уæд ды та?», «Зиу», «Мыст æмæ гæдыйæ». Фыст сты æнцонæмбарæн æвзагыл. Сæйраг архайæгæй дзы ирдæй æвдыст æрцыд фыдуаг лæппу Гæбæци, цы фыдбылызтæ арæзта йе ‘мбæлттæн æмæ цæрæгойтæн, уыдон. Кæстæрты ахуыр кæны: фыдуаг уæвын фыдбылыз кæй хæссы æмæ æвзæр миниуæг кæй у. Адæймаг хъуамæ фæзминаг уа йæ чысылæй фæстæмæ: хъуса хистæртæм, уарза æрдз æмæ цæрæгойты.

Валодя бæлвырдæй кæсы цардæн йе ‘ппæрццæг æмæ æвæрццæг æууæлтæм, йæ адæмы хъысмæтмæ. Дзуры сыл æргомæй аив литературон æвзагæй. Йæ фадат æмæ йæ курдиаты тых цас амыдтой зæрдæбын ныхас ракæныныл, уый йе сфæлдыстады рафæлхат кодта, кæм æмдзæвгæты, кæм прозæйы фыст уацмысты æмæ мысинæгты хуызты. Уый бавналы алыхуызон темæтæм: дзуры царды ахсджиаг фарстатыл, ис дзы адæймаджы удыкондыл, фыдыбæстæйыл, райгуырæн къуымыл, царды абон æмæ сомыл сагъæстæ. Рæстæджы домæнтæ æргом кæны чиныгкæсæгæн.

Исчи куы фæрсид,

Цы мæ хъæуы хорздзинад, —

Тых, æви ныфс, æви кад.

Дунейы хæрзтæй

Хуыздæрæн, уæд равзарин

Адæмы уарзондзинад.

Куыдзæджы-фырты лирикон герой узæлгæ уарзтæй уарзы Фыдыбæстæ, уарзон Ирыстон, фыдæлты уæзæг, йæ сæрвæлтау цыфыддæр знагимæ тохы æвдисы хъæбатырдзинæдтæ.

Абон дæ сæрыл, ныййарæг Ирыстон,

Райстон мæ къухмæ æз топп æмæ кард.

Хæстæн йæ карзмæ домбайау лæбурын,

Хъахъхъæнын тохы нæ цыт æмæ кад.

Уазал хъызт æхсæвты дард балцы, дард ран,

Де ‘взонг хæстонæн йæ фæндаг — уæззау.

Туджы фæд фæсонтыл арæх æрцæуы,

 Уый дæр дæу тыххæй нæ кæны æвгъау…

 

«Райгуырæн Ирыстон»

 

Æрмæст уæлахиз фенон æз мæ цæстæй,

Æзнаджы туг куыд ныккæла бынтон.

Æндæр мæлæт мыл саубазыр куы ‘руадза,

 Нæ кæндзынæн, уæд ууыл дæр фæсмон.

Йæ худгæ ‘нгас мæрдон цæсгом нæ ивдзæн

Уыдзæн, гъе уæддæр, ныфс æмæ æхсар.

 Мæ сæнтты æз сымах нæмтты зæгъдзынæн

Мæ хъæубæстæ, мæ райгуырæн хæдзар.

«Ныссабыр бæстæ…»

 

Хæсты темæйыл фыст циклы бæрæг бынат ахсы æмдзæвгæ «Æфсымæрон ингæны раз». Ахæм поэтикон рæнхъытæ ныффыссын алчи нæ сарæхсдзæн. Адæймаг хъуамæ йæхæдæг бавзара уыцы æнкъарæнтæ, цæмæй сын чиныгкæсæг сæ мидис æмæ арф хъуыды бамбара. Ацы поэтикон рæнхъытæ адæймаджы зæрдæйы иннæрдæм хизынц. Уацмысы хъайтар къæмдзæстыг у, тынг æфхæры æмæ азымы æппары йæхи — абон йæ хæстон æмгæртты цыртыл сæ номхыгъды йæ ном фыст кæй нæй сæ фарсмæ, уымæй: «Куыд баззадтæн уæззау хæсты æгасæй? Цæуылнæ дæн уæ цырты фарсыл фыст?»

Æмæ, йæхæдæг стыр философон хъуыдыимæ дæтты йæ фарстæн ахæм дзуапп: «Куы ничи зайа удæгас хæстонтæй, Гъе уæд, хæсты уæлахиз уæвæн нæй». Ирон хъæбатырты зарджытæ æнгом баст сты нæ адæмы цард æмæ рæстæджы уæззау цаутимæ. Валодя нæ ферох кодта Ирыстоны кад æмæ рады лæгты нæмттæ, райгуырæн бæсты сæраппонд бахъуаджы рæстæг йæ риу размæ чи хаста знаджы сармадзанты ныхмæ æмæ хъазуатон тохы зарджыты заринаг хъæбатырдзинæдтæ чи æвдыста, зæгъæм, Баситы Чабæхан æмæ Плиты Иссæ.

Фыдæлты ныхас уыд: «Хъæд æмæ дур дæр æнусон не сты». Фæлæ æнусон у зарæг. Зарæг цæры æмæ æмдзу кæны адæмимæ, ахизы азты сæрты ног фæлтæртæм. Дзыллæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ сæ хуыздæр хъæбултыл кады æмæ лæгдзинады зарджытæ фæкодтой æмæ уыцы фæрнæйдзаг æгъдау цытимæ цæры Куыдзæджы-фырты æмдзæвгæты дæр, знаджы ныхмæ лæгæвзарæн тохы йæ хæстон æмгæртты хъæбатырдзинады тыххæй. Арæх сæ фехъусæм зарджыты хуызы Ирыстоны алы рæтты, фæлæ, хъыгагæн, адæм нæ фæзонынц, уыдон Валодяйы æмдзæвгæты ныхæстыл арæзт кæй сты: «Ногъайты Никъалайы зарæг», «Дзусты Эдуарды зарæг», «Цорæты Алиханы зарæг», «Айс æй, аназ æй!», «Фаризæт», «Азауы зарæг», «Комбайнеры зарæг» æмæ æндæртæ. Ацы зарджытæ Иры дзыллæйæн сты уарзон æмæ сæ арæх зарыдысты чындзæхсæвты, куывдты. Хиуæтты мысинæгтæм гæсгæ, Валодя йæхæдæг дæр музыкæ тынг бирæ уарзта. Балалайкæйыл цæгъдынмæ дæсны уыд æмæ-иу изæрыгæтты арæх зарыд йæхи фыст зарджытæ. Зындгонд зарæггæнæг Дзуццаты Сосланы фæрцы Ирыстоны цæрджытæн уарзон сси Валодяйы лирикон зарæг «Фаризæт».

Валодяйы æмдзæвгæтæй бирæтæ сты лиризмæй дзаг. Нæ композитортæ сæм лæмбынæг куы æркæсиккой, уæд сыл æмбæлы ныффыссын музыкæ («Фыдзæрдæ чындз», «Мæ фырнымд рæсугъд», «Фыстæг фронтмæ», «Фыййауы зарæг» æмæ æндæртæ).

Цард лæууы уарзондзинадыл. Валодяйы лирикон герой у сагъæсгæнæг, уарзты цæхæры чи судзы æмæ йæ судзгæ уарзт раргом кæныны охыл йæ уарзон чызджы сурæт алыхуызон ахорæнтæй чи фæлынды, æрдзон алы барæнтимæ йæ чи бары, суадоны донау сыгъдæг кæй хоны, рæууон дымгæйы уддзæфау — адджын. Валодяйы сфæлдыстады аккаг бынат ахсынц йæ публицистикон æрмæджытæ дæр. Журнал «Мах дуджы» фæрстыл 1981 азы дыккæгæм номыры мыхуыры рацыдысты йæ мысинæгтæ йе ‘мхъæуккаг æдзард поэт Хозиты Яковы тыххæй. Уæдæ периодикон мыхуыры дæр уый сарæзта фыццаг хатт Кировыхъæуы историйыл афæлгæст. «Ацы хъæу фыццаг хуындис Къардиу, Бухариныхъæу, фæстæдæр та хæссын райдыдта зынгзæрдæ революционер Сергей Мироны фырт Кировы ном. Ардæм хæхбæсты цæрæг адæм ралыгъдысты Мамысонæй, Зæрæмæгæй…», — фыссы дзы Валодя.

Бирæ ис дзурæн Куыдзæджы-фырты сфæлдыстадыл, зынаргъ у чиныгкæсæгæн, йæ хъуыдытæ арф хъарынц адæмы зæрдæтæм. Валодяйы хæдзарон архивы баззад, мыхуырмæ чи нæ бахаудта, бирæ ахæм æрмæг, æмдзæвгæтæ, радзырдтæ: «Уайдзæф», «Æфсымæр», «Фæсмон», «Афтæ сæмбæл дæ хæдзарыл»…; поэмæ «Амондмæ фæндаг»; иуактон пьесæ «Бинонты æхсæн иу гуылмыз»; уырыссаг æвзагæй тæлмацгондæй: Н.Носовы «Рудзынг сæрдæн», «Мишкæйы кас»; А.Кольцовы «Æрцу мæнмæ» æмæ æндæртæ. Уый дзурæг у, хицæн ныхасы æмæ иртасæн куысты аккаг кæй у Валодяйы сфæлдыстад.

Ис ахæм хатдзæг скæнæн æмæ йæ уацмысты кæй ис поэтикон хъуыдыкæнынад, кæй фыста алы темæтыл, ирдæй кæй æвдыста йæ рæстæджы царды домæнтæ, зондахаст, æнæкæрон уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ. Йæ адæмы хорздзинад кæй нымадта йæ уды хорздзинадыл, йæ циндзинад та — йæхи циндзинадыл.

2006 азы 21 майы банцад йæ зæрдæйы куыст поэт, фыссæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, фæлтæртæн сæ уæле буц хистæрæн чи фæбадт, йæ кæстæрты хурæй рæвдыд чи æййæфта, йæ фæлмæн ныхас, йæ хорз хъуыддæгтæй адæмæн фарн æмæ амонд чи хаста, ахуыргæнæджы-рухстауæджы сфæлдыстадон куыстæн 50 азы чи снывонд кодта, йæ куырыхон зондæй рæзгæ фæлтæры рæсугъд фидæнмæ чи арæзта, уыцы фæрнæйдзаг хистæр Куыдзæгты Хъапары фырт Валодяйæн.

Валодяйæн йæ ном нæ фесæфт. Йæ фæстæ ныууагъта хорз фæд, йæ цардæмбал — ахуырады отличник, фæсчъылдымы хъазуатон кусæг — Соттиты Ксеняимæ. «Дунескæнæг сæ сфæлдыста кæрæдзи амондæн. Цард дзаг уæрдон у, йе ‘фсондзыл дыууæ æмкъайы æмхуызон хæст куы нæ кæной, уæд тынг зын ласæн у. Валодя æмæ Ксеня царды уæрдон сæ уæлныхты систой æмæ йæ цард-цæрæнбонты Иры хæрзæбонæн арфæйагæй фæхастой». Схъомыл кодтой рæсугъд кæстæртæ: Алыксандр, Бэлæ æмæ Жаннæйы. Уыдон райстой уæлдæр ахуырад æмæ аккаг æвæрæн хæссынц æхсæнадон цардмæ. Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы: Жаннæ райста ахуыргæнæджы дæсныйад. Йæ кадджын фыды фарн фæлтæртæм хæссы Михайловскы астæуккаг скъолайы, фыссы æмдзæвгæтæ.

Куыдзæгты Валодя царды дунейы хæрзтæй æвзæрста адæмы уарзондзинад æмæ дзы хайджын уыд. Йе сфæлдыстадон цæхæры фарн нæ ахуыссыд. Кæд нал и, уæддæр йæ кад, йæ намыс, йе сфæлдыстад æмдзæвгæты, аргъæутты, радзырдты, зарджыты хуызы баззадысты фæлтæртæн, Ирыстоны, Куыдзæджы мыггаджы, Кировыхъæуы кадæн æмæ æнустæм цæрдзысты поэзиуарзджыты зæрдæты.

 

ДЗУГАТЫ-МУРАСТЫ Риммæ, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here