Разагъды, номхæссæны лæгтæ цардæн фидар бындурæвæрæг сты, фыдæлты æгъдæуттæ, фарн æмæ намыс цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц. Суадоны донау сыгъдæгзæрдæ, æууæнкджын адæймаджы удвæллой стыр æрдзон лæварыл нымайынц.
Адæмимæ рæстæй, арфæйагæй цæрын йæ сæйраг хæс кæмæн у, рæстæджы фыдæх кæуыл нæ фæуæлахиз, йæ уды фарны хъомыс ноджы бæрзонддæр кæмæн сахадыдта, ахæм адæймæгтæй фидауы цард, уыдон сты бирæ хæрзты аккаг.
Рагзамантæй абонмæ ирон адæммæ хистæр кадджын у. Æмбисонд дæр хуымæтæджы нæ баззад: «Кæстæр арæх, хистæр буцæй уæд нæ цард!» Фæлтæрæй-фæлтæрмæ нæ алчидæр сæрыстыр вæййы нæ дзырддзæугæ, куырыхон лæгтæй.
Хуссар Иры, Медзыдайы комы Ардисы хъæуы Хуыбылты мыггагмæ бирæ уыд æмæ абон дæр ис цытджын, кадджын лæгтæ, Хуыцауы комы уддзæф кæмæ хæццæ кæны, æрдз дзырдамондæй кæй фæхайджын кодта, ахæм фæрнджын адæймæгтæ. Куырыхон зонд, нæртон удыхъæд Иры зæххыл номхæссæнæн кæмæн баззад, уыцы номдзыд, буц хистæртæ кæнынц адæмæн кад æмæ намыс. Уыцы фæрнджын хистæртæй иу у Хуыбылты Саликъо
Саликъойы хуымæтæг зæрдæйы уагахастæн æмæ йæ уды рæстаг скондæн кæрон нæй. Цард цард у, алы адæймагыл дæр хæс æвæрд ис цардыуагæй, фæлæ уыцы хæс се ‘ппæт æмхуызон не ‘ххæст кæнынц.
Хуыбылты Хуыцауысконд лæгæй уый зæгъæн нæй. Уый адæмы хорзæхæн цырагъау судзы. Иры зæххыл Пирузы фырт цæры лæгау лæгæй, йæ æрдзон курдиат æмæ æрвылбоны царды хорзæхтæй йæ уарзон ирон адæмæн бирæ арфæйаг лæггæдтæ кæны. Бахъуаджы рæстæг тыхст адæймагмæ кæддæриддæр бадары йе ‘ххуысы къух. Æхсæнады, адæмы ‘хсæн йæ хорз хъуыддæгтæй Æрфæны фæдау алкæддæр бæрæг дары. Йæ куырыхон арфæйы дзырдæй нæ ирон дзыллæйы кæрæдзиуыл бæтты.
Саликъо! Ирыстоны дын бирæ зонгæтæ, æрдхæрдтæ, хиуæттæ ис, æмæ дын сæрныллæгæй арфæ кæнæм, нæхи амондджын хонæм, дæ хуызæн зæдæнгæс буц хистæр не ‘хсæн кæй ис, уый тыххæй. Зонæм æй, хъысмæтæй дæхицæн бирæ лæвæрттæ нæ курыс, дæ иузæрдион адæмы хъуагæй дæ нæ хъæуынц дунейы хæрзтæ æмæ цардамонд дæр. Афтæ дæр нæм кæсы, æппæт исбон æмæ мулк дын дæ бар куы бакæниккам, уæд сæ адæмыл уарынмæ фæуаис, фæлæ, афтæ цæстуарзон дæ, æмæ дын не сфаг уаиккой.
…Цыппарыссæдзазыккон лæг йæ хъæбулы хъæбулы цæстытæм æдзынæг кæсы, æмæ йæ зæрдæ, мæнæ мæй мигъты ‘хсæн куыд аныгъуылы, уыйау арф хъуыдыты ацыд. Йæ цæстытыл ауадысты йæ ивгъуыд царды бонтæ. Йæ райгуырæн уæзæджы комулæфт Хуыбылы-фырт зæрдæйæ æнкъары. Æрымысы йæ сабибонтæ, астæуккаг скъолайы, æфсады службæйы, уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуыры азтæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты сывæллæттæм хауы Саликъо. Автомобилон-транспортон куысты фæлтæрдджын инженер, фæллойы ветеранæн йæ хорз куысты тыххæй йæ коллектив кодта стыр кад. Æмæ цы нæ уæззау куыстытæ кодта Хуыбылы-фырт! Уалдзæг хортауæг уыд, сæрд — хосгæрдæг, фæззæг — тыллæгæфснайæг, зымæг — фосмæзилæг, хъæдæй — сугласæг. Алы куысты дæр дæллаг галау æнæсайд куыст кодта. Куыста царды бæркадыл, дзаг уыд цинæй йæ риу, нæ зыдта фæллад, æмæ йæ къухы æфтыд фæллойы — æнтыст, ахуыры та — сгуыхт. Дуне йын уыд рухс, райдзаст, сабыр æмæ цинæфсæст.
Фæлæ царды цалх иннæрдæм æрзылд! Советон цардарæзтæн йæ бынæй рухс суагътой нæ мæнг демократтæ. Бæстæ сæмтъеры, армукъа фестад, чи кæй асайа, афæлива, ууыл нæ фылдæр адæм систы. Паддзахады закъонтæ рæстаг фæллойгæнæджы хæрзæбонæн нæ кусынц, сæ фылдæр гæххæттыл фыстæй баззайынц. Фыдыбæстæйыл гадзрахатæй рацæуджытæ, æнæсæрфат, сæнтдзæф политиктæ адæмты кæрæдзийыл сардыдтой. Чысылнымæц адæмты ‘хсæн æрцыд тугкалæн хæстытæ. Ирыстон Цæгатæй Хуссармæ туджы æнхъæвзта. Саликъо — Цхинвалы районы Арцеуы стыр совхозы сæйраг инженер — уыцы тæссаг рæстæг æвæстиатæй æрлæууыд, Гамсахурдиайы сæркъуырты ныхмæ нæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæныны сæрвæлтау нæ ирон фæсивæдæй чи тох кодта, уыдоны æмрæнхъ.
Хорзæй хорз куы зæгъай, уæд уый æппæлыны миниуæг нæу. Адæймаджы удыхъæды хъæппæрис фæдисы рæстæг рабæрæг вæййы. Саликъо, Хуссар Иры зæххыл Гуырдзыйы экстремисттимæ хæцгæйæ, равдыста стыр хъæбатырдзинад. Абон Хуссар Ир хицæн хæдбар паддзахад кæй ссис, уым ис Саликъо æмæ йе ‘мтохгæнджыты бавæрæн дæр.
Æгъдау, æфсарм æмæ намыс кæддæриддæр уыдысты ирон адæмы царды фидар уидæгтæ. Ацы стыр хæзнатæ бæрзонд æвæрд цы бинонты, æхсæнады æмæ паддзахады сты, уым цардыуаг у бæстон, биноныг, фæтк — йæ бынаты, адæмы цард — амондджын. Арфæйы дзырдæй адæмы зæрдæ райы, зæрдæйы дуар æм парахатæй байгом вæййы. Æнæ хорз адæймæгтæй дуне мæгуыр у. Фæлæ зæххыл дыууæ хурвидыц цардæмбалы — Хуыбылты Саликъо æмæ Гойаты Венерæйы хуызæн рæстуд, æрвон удтæ куы уа мыггаджы, дзыллæйы, æхсæнады, уæд æнцондæр у цæрын. Уыдон нæ хурау тавынц, зæххау нæ рæвдауынц. Фæллой кæнын, хидвæллойæ бакуыст — бæркад, цæхх — кæрдзын рæдауæй дæттын цардамондыл чи нымайы, адæмимæ уарзонæй цæрын ахсджиаг кæмæн у, уыдонæн нæ фæцуды сæ уды фарн, æмæ уый тыххæй бирæ хæрзты аккаг сты Саликъо æмæ Венерæ, сæ хъæбултæ Вадик, Валик, чызг Витæ, чындзытæ Зæлинæ æмæ Иннæ, сиахс Джыккайты Сосо.
Фарн хистæрæй кæстæрмæ цæуы æмæ æнусон дæр уымæн у. Хуыбылты сывæллæттæ куыд рæзыдысты, афтæ сæ цинтæй ныййарджытæ сæрыстыр уыдысты. Хуыцаумæ бирæ арфæйы æвæрæнтæ ис, æмæ уыдонæй хайджын фесты.
Фæсхох, Хуссар Иры Арцеуы стыр хъæубæсты ‘хсæн æфсымæртæ æмæ хотау кæимæ фæцардысты, уырдыгæй нæ фæндыд хистæрты рацæуын цардагур Цæгат Ирмæ, фæлæ кæстæрты афтæ бафæндыд, æмæ ног цæрæнбынатæн Хуыбылты фæрнджын бинонтæ равзæрстой Уæллаг Саниба. Хæдзары хистæр Саликъо Санибайы хъæубæсты ‘хсæн нымад у хи фæллойæ цæрæг, уазæгуарзон, хæрзæгъдау бинонты хистæрыл. Хорз дыргъцæхæрадон сарæзта, дары мыдыбындзытæ. Сæйраджы сæйрагдæр та: у Хуыбылты мыггаджы кадджындæр хистæртæй иу. Саликъо, Уæллаг Санибайы цæргæйæ, равдыста стыр хъæппæрис. Хуыбылты фыдæлты дзуар «Дауджытæ-Самтхойæн» Санибайы хъæуы сæрмæ йе ‘фсымæры лæппутæ Павлик, Темо, Валери, хæстæг æрвадæлтæ Гришæ æмæ Æхсаримæ сарæзтой ног кувæндоны бынат æппæт уавæртимæ. Алы аз дæр хурхæтæны мæй Хуыбылты мыггаг æмæ семæ æрвадиуæггæнæг бирæ минæвæртты зæрдæбын ракуывдтытæ Уæллаг Санибайы дæрдтыл азæлынц. Æфсымæрты, хоты, хионты, хуынд уазджыты цинæн нал вæййы кæрон.
Кæддæр ирон дзырды зæрингуырд, дзæнæтыбадинаг Джыккайты Шамил афтæ фыста: «Нæ удыхъæд афтæ арæзт у, æмæ сгуыхт лæг агурæм кæнæ историйы, науæд таурæгъты. Афтæмæй сгуыхт арæх сæнтысы нæ разы, фæлæ йæ нæ уынæм, нæ хатæм». Иттæг раст, рæсугъддæр ма куыд ис зæгъæн! Ирыстоны, Уæллаг Санибайы ис ахæм хæрзгæнæг, хорз мыггаджы фæдон, хъæубæстæн, сыхæгтæн, æмгæрттæн уарзон лæг — Хуыбылты Пирузы фырт Саликъо. Ууыл ацы бонты æххæст кæны 80 азы, æмæ йæ кадджын юбилейыл йæ фæрнджын бинонтимæ, хионтимæ, йæ бирæ хæлæрттимæ æмæ зонгæтимæ æмбæлы рухс зæрдæимæ .
Хуыбылы-фырт! Дæ 80 азы сæрты акæсгæйæ, куыд цардхъом, хъæлдзæг, уæнгрог, æнæниз дæ, цард-цæрæнбонты дæр дæ афтæмæй куыд уынæм, уый дын нæ зæрдæ зæгъы. Адæмы арфæ, бинонты амонд æппæты стырдæр амонд у, æмæ фæрнæй цæр Иры дзыллæйы амондимæ! Бирæ азты уарзты хур цæуæд дæ фарсмæ, тавæд дæ йæ хъарм æмæ цинхæссæг тынтæй!
Дæ цыт, дæ намыс æмæ де ‘гъдау
Иры бирæтæн — фæзминаг.
Уæнт дæ кæстæртæ цæринаг,
Ды — нæ зæрдæты рæбинаг.
ГУЫЛÆРТЫ Барис