Демографион уавæр
2018 азы æртæ мæймæ республикæйы цæрджыты нымæц фæкъаддæр 731 адæймаджы. Фыццаг кварталы хыгъд æрцыд 2255 ноггуырды. Уый 2017 азы фыццаг кварталæй у 1,3 проценты фылдæр. Чи амард, уыдоны нымæц фæкъаддæр 2,5 проценты æмæ рауад 1979 адæймаджы. Уымæ гæсгæ цæрджыты æрдзон рæзт рауад 276 адæймаджы (2017 азы фыццаг кварталы — 197 адæймаджы).
Чи амард, уыдоны иумæйаг нымæцæй 8 адæймагыл (кæнæ 0,4 процентыл) афæдз нæ сæххæст. Сывæллæтты мæлæты коэффициент 2018 азы фыццаг кварталы, 2017 азы кварталимæ абаргæйæ, фæныллæгдæр 26,5 проценты, æмæ æмхуызон рауад 3,6 амæлæджы афæдзы кары онг 1000 удæгасæй райгуырæджы хыгъдмæ.
2018 азы 3 мæймæ республикæйы фидаргонд æрцыд 662 къайады, хæлд — 436 къайады. Фидаргонд къайæдты нымæц, ивгъуыд азы фыццаг кварталимæ абаргæйæ, фæныллæгдæр 3,4 проценты, хæлд къайæдты сырæзыд 3,1 проценты.
2018 азы фыццаг кварталы республикæйы миграцион ацыд рауад 1007 адæймаджы, ныхмæ 798 адæймаджы 2017 азы фыццаг кварталы. Миграцион ацыд баст у цæрджыты ацыдимæ Уæрæсейы Федерацийы æндæр регионтæм.
РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады миграцийы фарстаты управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы территорийы 2018 азы 1 апрелмæ хыгъд æрцыд 5897 лыгъд æмæ æнæбары ралидзæджы. 2017 азы фыццаг кварталы кæронмæ сæ нымæц уыдис 6409 адæймаджы. Æппæты фылдæр лыгъд æмæ æнæбары ралидзæджы æрбафтыд Гуырдзыстонæй — 5502 адæймаджы (93,3 проценты) æмæ Таджикистанæй — 184 адæймаджы (3,1 проценты.
Фæлхасадон базар
Розницæйы базарады зилдух 2018 азы январымартъийы рауад 25769 милуан сомы, æмæ, ивгъуыд азимæ абаргæйæ, ныхмæвæрд æргътæй сырæзыд 0,9 проценты. Фæлхасадон организациты æмæ хисæрмагонд амалхъомты розницæйы базарады зилдух 2018 азы январы-мартъийы слæууыд 19528,4 милуан сомы. Уый ивгъуыд азы æмвæзадæй у 1,3 проценты уæлдæр.
Фæлхасадон организациты æмæ хисæрмагонд амалхъомты хай розницæйы базарады зилдухы рауад 75,8 проценты (2017 азы фыццаг кварталы — 75,6 проценты).
Розницæйы базарты æмæ армукъаты товартæ уæйгонд æрцыд 6240,6 милуан сомы аргъ. Уый у ивгъуыд азы æмвæзады бæрц.
2018 азы фыццаг кварталы розницæйы базарады зилдухы бындуры хойраджы продуктты хайон уæз, нуазинæгтæ æмæ ма сæм тамако бафтаугæйæ, рауад 47,9 проценты, æнæхойраджы товарты — 52,1 процент (2017 азы фыццаг кварталы ахæм ранымадæй 48,7 проценты æмæ 51,3 проценты.)
Хойраджы товартæ, нуазинæгтæ, æмæ ма сæм тамако бафтаугæйæ, 2018 азы фыццаг кварталы цæрджытæн уæйгонд æрцыд 12346,3 милуан сомы аргъ, æнæхойраджы товартæ — 13422,7 милуан сомы аргъ. Товарон бæрцы уыдон рауадысты 101,2 проценты æмæ 100,7 проценты ивгъуыд азы æмвæзадмæ.
2018 азы фыццаг кварталы карз нуазинæгтæ æмæ бæгæны уæйгонд æрцыд 385 милуан сомы аргъ. Уый ныхмæвæрд æргътæй 2017 азы январы мартъийæ у 1,8 проценты фылдæр. Карз нуазинæгтæ уæй кæныны хайон уæз розницæйы базарады зилдухы ивгъуыд азы ацы рæстæджы хуызæн рауад 1,5 проценты.
2018 азы мартъийы кæронмæ розницæйы базарады организациты фæстауæрцгонд товарты гуырахст рауад 3488,5 милуан сомы аргъ, фæстауæрцгонд товарты æмвæзад — 81 боны фаг.
Æхсæнадон хæлцады зилдух 2018 азы январымартъийы рауад 998,3 милуан сомы кæнæ 91,7 проценты (ныхмæвæрд æргътæй) 2017 азы фыццаг кварталы æмвæзадмæ.
Царды æмвæзад æмæ адæмы æфтиæгтæ
Цæрджыты æхцайы æфтиæгтæ (æнæмæнг фиддонты хæрдзты фæстæ æфтиæгтæ дæр нымайгæйæ) 2018 азы январы-мартъийы рауадысты 92,3 проценты. Фæлæ 2017 азы январы пенсиисджытæн цы иухаттон æхцайы бафыстытæ лæвæрд æрцыд 5-гай мин сомтæ, уыдон дæр куы нымайæм, уæд æхцайы æфтиæгты сты 94,8 проценты.
Рæстæмбис нымадæй 2018 азы январы-мартъийы иу адæймаджы æхцайы æфтиæгтæ слæууыдысты 18951,7 сомы мæймæ.
Цæрджыты æхцайы номиналон æфтиæгтæ 2018 азы январы-мартъийы рауадысты 39898,9 милуан сомы, æмæ, 2017 азы январымартъиимæ абаргæйæ, фæкъаддæр сты 5,4 проценты, цæрджыты æхцайы хæрдзтæ ахæм ранымадæй — 37052,4 милуан сомы æмæ 6 проценты.
Æхцайы æфтиæгты уæлдæрдзинад хæрдзтæй рауад 2846,5 милуан сомы. Æхцайы æфтиæгты иумæйаг гуырахстæй 2018 азы январы-мартъийы цæрджытæ товартæ æлхæныныл æмæ лæггæдтыл бахардз кодтой 84,5 проценты, æнæмæнг фиддонтыл — 7,5 проценты, валютæ æлхæныныл — 1 процент. Цæрджыты æхцайы æвæрдтыты æмæ зынаргъ гæххæттыты рæзт кредитон организациты рауад 0,9 проценты.
Республикæйы куыстуæттæ æмæ организацитæ сæ кусджытæн кæй бахыгътой, уыцы рæстæмбис куысты мызд (æнæ материалон æххуысæй æмæ социалон миниуæг кæмæн ис, æнæ ахæм бафыстæй) 2018 азы январы-мартъийы (æххæст зилдухы), ивгъуыд азы ацы рæстæгимæ абаргæйæ, сырæзыд 14,5 проценты.
Æцæг куысты мызды бæрц, фæлхасадон æргъты бæрц хынцгæйæ, 2018 азы январы-мартъийы, ивгъуыд азы ацы рæстæгимæ абаргæйæ, фæфылдæр 12,5 проценты.
Барадхæлдтытæ
Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2018 азы фыццаг кварталы хыгъд æрцыд 1,7 мин фыдракæнды. Уый 2017 азы фыццаг кварталы ацы бæрæггæнæнæй у 7,9 проценты дæлдæр. Фыдракæндты бындуры 35,7 проценты сты исбонады ныхмæ фыдракæндтæ. Сæ нымæц, ивгъуыд азы ацы рæстæгимæ абаргæйæ, фæкъаддæр 5,6 проценты. Адæймаджы ныхмæ фыдракæндтæ, 2017 азы январы мартъиимæ абаргæйæ, фæкъаддæр сты 7,5 проценты.
2018 азы январы-мартъийы, ивгъуыд азы январы-мартъиимæ абаргæйæ, сырæзыд хулигандзинæдты, тыхмиты æмæ тыхми бакæныны фæлварæнты нымæц (2 хатты), лæгмæрдты (75 проценты), стъыгъдтыты (46,2 проценты) барæй æнæниздзинадæн уæззау знаггад ракæныны (23,1 проценты). Уыцы-иу рæстæг фæкъаддæр тыхдомдтыты нымæц (75 проценты), транспортон фæрæзтæ фæтæрыны (66,7 проценты), фатерты къæхтытæ (53,6 проценты), фæливæнты (29,2 проценты), абырæгдзинæдты (20 проценты).
5,3 проценты фылдæр хыгъд æрцыд, уæззау æмæ уæлдай уæззау фыдракæндтæм ахæссæн кæмæн ис, ахæм фыдракæндтæ. Сæ хайон уæз æппæт фыдракæндты нымæцы рауад 27,6 проценты. 2018 азы 3 мæймæ фыдракæндтæ чи сарæзта, ахæмтæ бæрæггонд æрцыд 1,1 мин адæймаджы. Уый ивгъуыд азы æмвæзадæй у 3,3 проценты къаддæр. Мидхъуыддæгты оргæнтæ кæй баурæдтой, уыдоны нымæцæй сылгоймæгтæ сты 12,4 проценты, æнахъомтæ — 1 процент. Иудадзыг æфтиаджы гуырæн кæмæн нæй, уыцы адæймæгты архайд фæкъаддæр 6,5 проценты. Бынæттон цæрджытæ фыдракæндты æхсæн ис 89,5 проценты. Бæрæггонд чи ‘рцыд, уыцы фыдгæнджыты 51,3 проценты ма раздæр сарæзтой фыдракæндтæ. 2018 азы январымартъийы фыдракæндты раргомдзинад рауад 87,3 проценты (2017 азы январы-мартъийы — 88,4 проценты)
Хъæууон хæдзарад
Хъæууон хæдзарады продукцийы гуырахст æппæт хъæууонхæдзарадон куыстуæтты (хъæууонхæдзарадон организацитæ, зæхкусджыты (фермерон) хæдзарæдтæ, цæрджытæ) рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2018 азы январы-мартъийы ныхмæвæрд аргъгондæй, ивгъуыд азы ацы рæстæгимæ абаргæйæ, фæныллæгдæр 3,9 проценты æмæ рауад 2510,6 милуан сомы.
Фосдарынад
2018 азы мартъийы кæронмæ æппæт къæпхæнты хæдзарæдты хыгъдон бæрæггæнæнтæм гæсгæ стурвос уыдис 96,5 мин сæры (афæдз раздæр цас уыд, уымæй 0,2 проценты къаддæр). Адонæй хъуццытæ — 4,3 мин сæры (2,3 проценты фылдæр), хуытæ — 17,5 мин сæры (5,4 проценты къаддæр), фыстæ æмæ сæгътæ — 65,7 мин сæры (10,6 проценты фылдæр), мæргътæ — 1126,3 мин сæры (20,4 проценты фылдæр).
Фосы нымæцы бындуры цæрджыты хæдзарæдты стурвос уыдис 81,5 проценты, хуытæ — 98,4 проценты, фыстæ æмæ сæгътæ — 59,5 проценты (2017 азы мартъийы кæронмæ стурвос уыдис 79,3 проценты, хуытæ — 93,7 проценты, фыстæ æмæ сæгътæ — 58,7 проценты).
2018 азы мартъийы кæронмæ хъæууонхæдзарадон организациты, 2017 азы ацы рæстæгимæ абаргæйæ, стурвосы нымæц фæныллæгдæр 14,4 проценты, хъуццыты — 5,7 проценты, хуыты — 96,7 проценты, мæргъты — 23,7 проценты, фыстæ æмæ сæгъты нымæц фæфылдæр 9,1 проценты.
2018 азы январы-мартъийы æппæт къæпхæнты хæдзарæдты хыгъдон бæрæггæнæнтæм гæсгæ æргæвдынмæ хæсгæ фос æмæ мæргътæ (удæгас уæзæй) уагъд æрцыд 7,2 мин тоннæйы, æхсыр — 29,1 тоннæйы, æйчытæ — 21,4 милуаны.
Хъæууонхæдзарадон организациты 2018 азы мартъийы, 2017 азы мартъиимæ абаргæйæ, æргæвдынмæ хæсгæ стурвос æмæ мæргъты рауагъд (удæгас уæзæй) фæкъаддæр 11,0 проценты, æхсыры — 8,5 проценты, æйчыты рауагъд — 15,1 проценты. Хъуг цалынмæ æхсыр кæна, уæдмæ дзы хъæууонхæдзарадон организациты 2018 азы январы-мартъийы дыгъд æрцыд 1083 килограммы (2017 азы январы мартъийы — 1179 килограммы).
Хъæууонхæдзарадон продукци уæй кæнын
2018 азы январы-мартъийы йæ размæ цы аз уыдис, уыимæ абаргæйæ, хъæууонхæдзарадон организацитæ къаддæр ауæй кодтой хор, фос æмæ мæргътæ (удæгас уæзæй), æхсыр æмæ æхсыры продукттæ, æйчытæ.
Промышленнон куыстад
2018 азы фыццаг кварталы хисæрмагонд куыстады æрвыст товарты æмæ хисæрмагонд тыхтæй конд куыстыты æмæ лæггæдты гуырахст пайдайаг къахинæгтæ амал кæныны æппæт организациты рауад 105,7 милуан сомы (ныры æргътæй), кæнæ 160,7 проценты 2017 азы æмвæзадмæ, хомаггуыстгæнæн куыстæдты — 4559,1 милуан сомы (139,7 проценты), электрон тыхæй, газ æмæ дондæфæй æфсадæг куыстæдты; уæлдæф уымæл æмæ сыгъдæг кæныны — 1650,6 милуан сомы (108,5 проценты), донæфсисады; дон иуварсмæ здахыны, æмæ æппарæццæгтæ æмбырд кæныны æмæ æфснайыны, стæй чъизидзинæдтæ иуварс кæныны архайды — 239,9 милуан сомы (108,6 проценты).
Промышленнон куыстады бæрц
2018 азы фыццаг кварталы 2017 азы æмвæзадмæ организациты æххæст зилдухы рауад 97,0 проценты.
Пайдайаг къахинæгтæ амал кæныны куыстады бæрц не схызт ивгъуыд азы æмвæзадмæ æмæ рауад 89,5 проценты доломит æмæ чъырдуры куыстад фæкъаддæр кæныны тыххæй.
Хомаджы куыстад
2018 азы ивгъуыд 3 мæймæ куыстады бæрц рауад 100,5 проценты, æхсыры куыстад 2,2 проценты кæй сырæзыд, уый тыххæй, цыхтыты — 19,5 проценты, нæлхæйы — 1,8 хатты, сæлдæджы — 14,2 проценты, адджинæгты — 53,3 проценты, водкæйы — 16,3 проценты, фынкгæнаг æмæ шампайнаг сæнты — 58,8 проценты, бæгæныйы — 57,4 проценты, æнæкарз нозтыты — 9,5 проценты, сондоны туаггады — 24,8 проценты, пластмассæйæ конд дуæртты блокты — 2,2 хатты, пластмассæйæ конд рудзгуыты блокты — 2,3 хатты, арæзтадон æндæр æмбырдгонд хæйтты — 67,9 проценты, æфсæйнаг сыфты — 23,9 проценты, товарон бетоны — 2,7 хатты, асфальт æмæ бетоны — 12,1 проценты, стъолты — 57,4 проценты, бандæтты — 39,6 проценты. Маргъы дзидзайы рауагъд фæкъаддæр 28,3 проценты, дзидзайы æрдæгфабрикатты — 4,7 проценты, къалбæсты — 0,4 проценты, туаг æхсыры продуктты — 7,8 проценты, спъирты — 37,9 проценты, коньякы — 22,8 проценты, суардæтты — 45,8 проценты, рудзынгæмбæрзæнты тынты — 25,5 проценты, полимерон тæнцъæртты — 10,6 проценты, æрдæгпроводникты алыхуызон приборты — 47,8 проценты, æлыгæй конд агуыридурты — 23,8 проценты.
Электрон тыхæй, газ æмæ дондæфæй æфсисад; уæлдæф уымæл æмæ сыгъдæг кæнын
Куыстады бæрц 2018 азы фыццаг кварталы, 2017 азы ацы рæстæгимæ абаргæйæ, рауад 92,7 проценты, электрон тыхы куыстад сырæзыд 6,8 проценты, хъармы фæкъаддæр 8,3 проценты.
Донæфсисад: донздахынад, æппарæццæгтæ æмбырд кæнын æмæ æфснайын, чъизидзинæдтæ иуварс кæныны архайд
Куыстады бæрц 2018 азы фыццаг кварталы, ивгъуыд азы ацы рæстæгимæ абаргæйæ рауад 89,6 проценты.
Паддзахадон Статистикæйы федералон службæйы РЦИ-Аланийы территориалон оргæн
Хъæрæцаты Асланы сгуыхтдзинад
Францы ацыд къорд Futuresмæ хауæг теннисон турнир. Йæ призон фонды бæрц уыд 25 мин доллæры. Ерысты фесгуыхт Хъæрæцаты Аслан.
Ирыстонæй рацæуæг лæппу кæронбæттæн хъазты 7:6, 4:6, 6:3 хыгъдæй фæуæлахиз францаг Реми Бутильейыл.
Цæгат Ирыстоны зынаргъ адæм!
Хъыгагæн, цæгатирыстойнæгтæ сæ хæдтулгæтæ арæх æрæвæрынц æнæмбæлгæ рæтты, фæндагыл цыды иннæ архайджытыл æппындæр нæ хъуыды кæнгæйæ. Канд транспортон фæрæзты шофыртæн нæ, фæлæ фистæгæй цæуæг бæлццæттæн дæр æнæмбæлгæ рæтты æвæрд хæдтулгæтæ æвзарын кæнынц зындзинæдтæ
Хæдтулгæты зынаргъ хицæуттæ! Фæдзæхсæм уын фæндагыл цыды фæтк ма халын æмæ транспортон фæрæзтæ æрмæст æмбæлгæ рæтты æвæрын. Уымæй уæлдай, нæ хæс у нæ цæрæн бынæтты фæлгонцад хъахъхъæнын æмæ хæдтулгæты цæлхытæй аивгонд газонтæ ма халын. Уæвæн ис, æмæ æнæмбæлгæ ран æвæрд хæдтулгæ зынтæй цæуæг адæмæн стыр зындзинæдтæ бавзарын кæндзæн. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: УФ-йы Административон барадхæлдтыты тыххæй кодекс куыд амоны, афтæмæй хæдтулгæ æнæмбæлгæ ран сæвæрæг адæймаджы фæивар кæнæн ис 500 — 5000 сомæй.
УФ-йы Административон барадхæлдтыты тыххæй кодексы 12.19 статья «Транспортон фæрæз æрлæууын кæныны, кæнæ йæ сæвæрыны фæткы хæлд» амоны:
- Ацы Кодексы 12.10 статьяйы 1 хайы æмæ 2-6 хæйтты амынд цаутæй фæстæмæ транспортон фæрæзты æрлæуды, кæнæ сæ сæвæрыны фæтк фехалыны тыххæй адæймаджы фæивар кæнæн ис фондзсæдæ сомæй (12.19 статьяйы 2-4 æмæ 6 хæйтты амынд барадхæлдтытæн кæрон сæвæрыны рæстæг пайда кæнынц транспортон фæрæз æруромыны барæй).
- Инвалидтæн кæй радих кодтой, ахæм рæтты транспортон фæрæзты баурæды, кæнæ сæ æвæрды фæтк фехалыны тыххæй адæймаджы фæивар кæнæн ис фондз мин сомæй.
- Адæм фæндаджы сæрты кæм бахизынц, ахæм ран, стæй амынд ранмæ 5 метрæй хæстæгдæр транспортон фæрæзтæ бауромыны, кæнæ сæ сæвæрыны (æнæбары бауромынæй, стæй ацы статьяйы 6 хайы амынд цауæй фæстæмæ), науæд фистæгæй цæуæг бæлццæттæ кæм цæуынц, транспортон фæрæзтæ фæндаджы ахæм хайыл сæвæрыны (ацы статьяйы 6 хайы амынд цауæй фæстæмæ) тыххæй адæймаджы фæивар кæнæн ис мин сомæй.
3.1. Маршрутон транспортон фæрæзты, кæнæ рог такситы æрлæуды рæтты, науæд маршрутон транспортон фæрæзтæ, кæнæ рог такситæ кæм æрлæууынц, ахæм ранмæ 15 метрæй хæстæгдæр (бæлццæтты сбадын кæнынæн, кæнæ сæ рахизын кæнынæн баурæдæй, стæй ацы статьяйы 4 æмæ 6 хæйтты амынд цаутæй фæстæмæ) транспортон фæрæзтæ бауромыны кæнæ сæ сæвæрыны тыххæй адæймаджы фæивар кæнæн ис мин сомæй.
3.2. Трамвайы фæндагыл, науæд, транспортон фæрæзтæ кæм цæуынц, фæндаджы уыцы хайы кæронæй фыццаг рæнхъæй дарддæр транспортон фæрæзтæ бауромыны, кæнæ сæ сæвæрыны тыххæй (æнæбары æрлæудæй, стæй ацы статьяйы 4 æмæ 6 хæйтты амынд цаутæй фæстæмæ) адæймаджы фæивар кæнæн ис мин æмæ фондзсæдæ сомæй.
- Иннæ транспортон фæрæзты цыдæн къуылымпытæ чи ‘взарын кæны, транспорт кæм цæуы, фæндаджы ахæм хайыл транспортон фæрæзты æрлæуды, кæнæ æвæрды фæткы ахæм хæлды, уыимæ тъунелы мидæг транспортон фæрæз бауромыны, кæнæ йæ сæвæрыны тыххæй (ацы статьяйы 6 хайы амынд цауæй фæстæмæ) адæймаджы фæивар кæнæн ис дыууæ мин сомæй.
Ацы статьяйы 1 хайы амынд барадхæлды тыххæй федералон нысаниуæджы горæттæ æмæ Мæскуы æмæ Санкт-Петербурджы адæймаджы фæивар кæнæн ис дыууæ мин æмæ фондзсæдæ сомæй, ацы статьяйы 3-4 хæйтты амынд барадхæлдтыты тыххæй та — æртæ мин сомæй.
РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады Фæндагыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы управлен