Цæуыны фæтк сбæлвырд кодтой

0
601

 

Дзæуджыхъæуæй Джызæлы æхсæн бæлццæттæласæн транспорт цæуыны фæтк æххæст кæны, æви нæ, Цæгат Ирыстоны Промышленность æмæ транспорты министрады кусджытæ адæмы курдиатмæ гæсгæ уый рабæрæг кодтой.

Амынд маршрутыл бæлццæтты ласынц ГУАТП «Октябрьское»-мæ хауæг 32 микроавтобусы. Транспортон фæрæзтæ маршрутыл цæуыны фæтк куыд æххæст кæнынц, уый райсомы 7 сахатæй 9 сахаты онг бæлвырд кодтой Джызæлы. Куыд рабæрæг, афтæмæй маршрутыл цæуы фаг транспортон фæрæзтæ, цæуыны фæтк æххæст кæнынц, бæлццæттæ лæууæн бынæтты нæ баззайынц. Маршруткæтæ кæройнаг лæууæн бынатæй рацыдысты 7 сахаты æмæ 3 минутыл, 7 сахаты æмæ 18 минутыл, 7 сахаты æмæ 23 минутыл, 7 сахаты æмæ 35 минутыл, 7 сахаты æмæ 46 минутыл, 7 сахаты æмæ 50 минутыл, 8 сахаты æмæ 2 минутыл, 8 сахаты æмæ 12 минутыл, 8 сахаты æмæ 25 минутыл, 8 сахаты æмæ 37 минутыл, 8 сахаты æмæ 43 минутыл, стæй 8 сахаты æмæ 50 минутыл.

— Ныртæккæ бæлццæтты иу хайæн — скъоладзаутæ æмæ студенттæн — сæрдыгон каникултæ кæй ис, уый нымайгæйæ, сфæнд кодтам ацы азы сентябры ноджыдæр ма иу хатт мониторинг баххæст кæнын. Бахъуаджы рæстæг транспорты цæуыны фæткмæ ивддзинæдтæ бахæсдзыстæм, — загъта министрады сæргълæууæг Хайдарбек Бутов.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here