Бирæкъабазджын центртæ

0
687

 

Цæгатирыстойнæгтæн ис Пенсион фонды паддзахадон лæггæдтæ баххæст кæныны фæдыл бирæкъабазджын центртæм бахатыны бар. Амынд центрты нымæц нæ республикæйы у 12: цыппар офисы — Дзæуджыхъæуы æмæ алы хъæууон районы дæр — фæйнæ иуы. Ацы азы фыццаг æмбисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Пенсион фонды лæггæдты фæдыл амынд центртæм бахатыд 6173 цæгатирыстойнаджы (фарон та афæдзы дæргъы — 17,5 мин адæймаджы)

Бирæкъабазджын центртæ «иу рудзынджы» фæткмæ гæсгæ кæй кусынц, уымæ гæсгæ адæймагæн паддзахадон лæггæдтæ кæнынц удæнцой уавæрты. Офистæ районты центрты кæй æрбынæттон сты, уый дæр адæмы удæнцойдзинадæн ахъаз кæны.

Статистикон бæрæггæнæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй адæм амынд центртæм арæхдæр бахатынц индивидуалон хыгъды уавæры тыххæй хабæрттæ базоныны (3 мин адæймагæй фылдæр), æнæфæдзæхстадон рæстæг нымайгæйæ, пенси ногæй банымайыны (904 пенсиисæджы), ныййарæджы капиталы сертификат райсыны (1141 адæймаджы) æмæ æндæр фарстаты фæдыл.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: амынд центрты фæрцы «иу рудзынджы» фæткмæ гæсгæ адæмæн ис Пенсион фонды 17 сæйраг паддзахадон лæггады райсыны фадат (зæгъæм, адæймагмæ ис фæдзæхстадон пенси æмæ паддзахадон пенсион ифтонгадмæ гæсгæ пенси сæвæрыны тыххæй курдиат барвитыны, ныййарæджы капиталæн сертификат саразыны æмæ йын йæ фæрæзтæй спайда кæныны, æхцайы æрвылмæйон фиддон сæвæрыны, СНИЛС райсыны æмæ æндæр бартæ). Амынд центрты кæй кæнынц, Пенсион фонды уыцы лæггæдты тыххæй хабæрттæ базонæн ис Пенсион фонды сайты (www.pfrf.ru).

Бирæкъабазджын центрты адристæ Дзæуджыхъæуы: Къостайы проспект, 15, Кутузовы уынг, 104 а, Мичурины уынг, 67 æмæ Цоколайыфырты уынг, 5.

 Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here