Фæндаг зынгæ фæуæрæхдæр уыдзæн

0
468

Фæндаг зынгæ фæуæрæхдæр уыдзæн

Ацы бонты Цæгат Кавказы автомобилон фæндæгты управленийы дæлхайæдтæ бавнæлдтой контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»- мæ бацæуæнты рацарæзтмæ. Уый тыххæй фехъусын кодта управленийы пресс-службæ.

Пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, Дзæуджыхъæуæй Дæллаг Ларсмæ цæуæг фæндаг æрмæст цалцæггонд не ‘рцæудзæн, фæлæ йæ контролон — уадзæн пунктмæ бахизæны зынгæ фæуæрæхдæр кæндзысты. Уыцы æууæл, кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæрæрдæм фæзындзæн «Уæллаг Ларс»-ы куыстыл, контролон — уадзæн пунктмæ бацæуæнты транспортон фæрæзты хицæуттæн уыдзæн æнцондæр архайæн, къаддæр рæстæг хардз кæндзысты паддзахадон арæны сæрты ахизæныл. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæндаджы рацарæзты фæстæ контролон-уадзæн пункты хъомыс фæфылдæр уыдзæн 1,5 хатты æмæ йыл иу суткæмæ хиздзæн 12 мин хæдтулгæйæ фылдæр.

Фæндаджы рацарæзтæй уæлдай, аразджытæ базилдзысты алфамбылай бынæттæм дæр — доны былгæрæттæ фæфидардæр кæндзысты, раивдзысты рухсы телыхъæдтæ æмæ афтæ дарддæр.

Пъланмæ гæсгæ арæзтадон куыстытæ хъуамæ ахицæн уой ацы азы кæронмæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here