Йæ цард медицинæйæн снывонд кодта

0
524

 

— Мæ фыд карджын лæг у. Йæ 80 азы сæрты куы ахызт, уæд йæ низтæ дæр сарæх сты. Фæстаг рæстæг ыл афтæ æртыхстысты, æмæ нын йæ къæхтыл лæугæ дæр нал кодта, кæд хостæй цух не ‘ййæфта, уæддæр. Нæ амондæн, сæмбæлдыстæм, цæргæбонтæм дæр арфæтæ кæмæн кæндзыстæм, йæхæдæг дæр Хуыцауæй арфæгонд чи у, ахæм диссаджы хорз дохтыр ХУЫТЪИНАТЫ Аллæйыл. Уый нын æй йæ къæхтыл ногæй слæууын кодта, æмæ ныр нæ 84-аздзыд фыд у цардбæллон, цин кæны йæ бинонтыл, йæ кæстæртыл, æмæ уымæй мах зæрдæтæ дæр кæнынц рухс, — ацы ныхæстæ фехъуыстон мæ хорз зонгæйæ, æмæ мæ бафæндыд Аллæимæ базонгæ уæвын, уæлдайдæр, дохтырæн йæ хорзы кой раздæр дæр кæй хъуыстон, уымæ гæсгæ.

Хуытъинаты Аллæ медицинæйæн снывонд кодта йæ царды 40 азы. 1978 азы каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон институт (ныры академи). Йæ фæллойадон фæндаг райдыдта Уралы. Уый фæстæ дзæвгар рæстæг фæкуыста, Мæскуымæ хæстæг районты цы бирæ медицинон клиникæтæ ис, уыдонæй иуы, разамынд лæвæрдта, рынчынтæн 60 бынаты кæм ис, ахæм неврологон хайадæн.

Аллæйы мад цард Ирыстоны, æмæ чызджы зæрдæ йæ ныййарæгмæ кæй æхсайдта, уымæ гæсгæ йæ æрыздæхын бахъуыд Цæгат Ирыстонмæ. Фæлтæрдджын, дæсны дохтыры æрбахуыдтой Дзæуджыхъæуы 4- æм поликлиникæмæ, æмæ дзы цалдæр азы фæкуыста невропатологæй. Ныртæккæ йæм ис хицæн практикæ. Байгом кодта кабинет, æмæ йæм рынчынтæ цæуынц уырдæм. У уæлдæр къæпхæны дохтыр.

Дохтырæй кусын алкæй бон нæу. Стæй, дохтыры ном чи хæссы, уыдон се ‘ппæт дæр сæ дæсныйады басгуыхой, уый дæр алкæмæн нæ бантысы. Аллæ йæ равзæрст дæсныйады уыйбæрц басгуыхт, стæй, кæй сдзæбæх кодта, йæ уыцы рынчынты арфæтæ уыйбæрц сты, æмæ абон фидарæй зæгъæн ис: Хуытъинаты Аллæ у æцæг дохтыр, йæ дæсныйад Хуыцауæй лæвæрд кæмæн у, ахæм. Æмæ ма йын бирæ бантысæд йæ куысты.

З.АГЕЕВА

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here