Де стырдæр уæлахизтæ нырма разæй сты, Мурат!

0
462

 

Куыд зонæм, афтæмæй сабаты Мæскуыйы спортивон зал «Олимпийский»-йы Боксы дунеон суперсессийы не ‘мзæххон ГАССИТЫ Мурат фембæлд Украинæйы минæвар Александр УСИКИМÆ. Дунейы номдзыддæр боксæйхæцджытæн сæ карз тох ахицæн украинаг боксеры уæлахизæй, цы очкотæ бамбырд кодта, уыдон иуцасдæр фæфылдæр сты йæ ирыстойнаг ныхмæлæууæджы очкотæй.

Фæлæ знон Беслæны аэропорты Мураты æрцыдмæ цы дзыллæ æрбамбырд се ‘мзæххонæн «æгасцуай» зæгъынмæ æмæ йыл куыд зæрдиагæй цин кодтой, уымæ гæсгæ афтæ ничи загътаид, æмæ, чи фембылд, ахæм адæймагæн арфæ кæнынмæ æрбацыдысты.

Беслæнмæ фæндагыл машинæтæй ацæуæн нæ уыд, Аэропортмæ куыд хæстæгдæр кодтам, афтæ — бынтондæр. Гасситы Мураты фенынмæ, бацин ыл кæнынмæ æмæ йын йæ къух райсынмæ Беслæны аэропортмæ æрбацыд дыууæ Ирыстоны цæрæг мингай адæймæгтæ.

Куыддæр хæдтæхæгæй зæхмæ æрхызт, афтæ йыл дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ йæ алыварс æртымбыл сты. Сæ фæрстытæн сын дзуапп дæтгæйæ æмæ йæ фидæны нысанты тыххæй дзургæйæ, Мурат загъта: «Нырма уал фæнд кæнын иу-æртæ къуырийы мæ бинонтимæ арвитын, ахъуыды кæнын. Стæй та ногæй тренировкæтæ кæнын райдайдзынæн. Æхсызгон мын у, адæм мыл афтæ тынг кæй мæт кодтой, сæ зæрдæтæ мыл кæй рыстысты, мæ фарс афтæ тынг кæй хæцыдысты, уый. Фæлæ спорт спорт у, æмæ дзы алцыдæр вæййы. Архайдзынæн, æмæ Хуыцауы фæндæй хъуыддæгтæ дарддæр ноджы хуыздæр ацæудзысты».

Журналисттæ йæ бафарстой, спортивон æгъдауæй йæ маст райсыны охыл хæстæгдæр рæстæг кæнæ дарддæр фидæны, Александр Усикимæ фембæлыны фæнд кæны æви нæ, уый тыххæй дæр. «Ахæм фембæлды тыххæй контракты загъд ницы ис. Фæлæ цард цæуы размæ æмæ йемæ хæссы ивддзинæдтæ, уымæ гæсгæ алцæмæн дæр æмæ кæдфæнды дæр уæвæн ис”, — уыд Муратæн йæ дзуапп.

Стыр æмæ кадджын уазæгыл Ирыстоны зæххыл куыд сæмбæлынц, афтæ, ирон æгъдаумæ гæсгæ, Муратæн йæ размæ рахастой æртæ уæливыхы æмæ ирон бæгæныйы къус, æмæ хистæр скуывта Стыр Хуыцаумæ æмæ Ирыстоны зæдтæ æмæ дауджытæм, Мураты хуызæн хъæбултæ, йæ райгуырæн зæххæн кадгæнджытæ Ирыстоны фылдæр куыд уа æмæ, нæ кæстæртæ сæ размæ цы рæсугъд нысантæ æвæрынц, цы рухс фæндтæ сæм ис, уыдон сæ къухы рæсугъдæй куыд æфтой, уымæ.

Аэропортмæ бахизæны Мураты фарсхæцджытæ айтыгътой егъау баннер æмæ дзы ныффыстой: «IRON — ПОБЕДА!»

«Муратæй нæ сæр бæрзæндты хæссæм, уымæн æмæ у не ‘мбæстаг. Сæйрагдæр та, Мурат у, бафæзминаг миниуджытæй хъæздыг чи у, ахæм æцæг ирон лæг — уæздан, хиуылхæст, лæгдзинад æмæ хъабатырдзинад йæ алы уæнджы дæр кæмæн ис, ахæм кæстæр. Уæлдай нæу, рамбылдта æви фембылд, махæн уæддæр у чемпион. Уымæн æмæ у ныфсхаст, йæ хъарутыл æууæнды, æмæ йын уый тыххæй кæнæм аргъ. Йе стырдæр уæлахизтæ та нырма разæй сты, ууыл гуырысхо ничи кæны», — афтæ æмхъæлæсæй дзырдтой, Муратæн йæ размæ чи рацыд, уыцы бирæ адæм.

Сæрмагонд ныхасы аккаг у, Мурат куы фембылд, уæд дæр цы лæгдзинад равдыста, уый дæр. Йæ ныхмæлæууæгæн ахъæбыс кæнгæйæ, йæ къух ын райста æмæ йын арфæ ракодта йæ уæлахизы фæдыл. Алы спортсменмæ уыцы лæгдзинад нæ разыны æмæ йæхи афтæ нæ равдисы. Мураты лæгдзинадæн аргъ скодта суанг йæ ныхмæлæууæг дæр. «Æппæт Ирыстонæн дæр арфæ кæнын, ахæм аккаг æмæ фæзминаг хъæбул уæм кæй ис, уый тыххæй», — загъта Александр Усик. Æмæ ацы ныхæстæ сæхæдæг цæй аргъ сты!

Иннæ æхсызгон хъуыддаг уый у, æмæ, Мурат ацы хатт кæд фембылд, уæддæр ыл адæм стырзæрдæ кæй нæ фесты, фæлæ йыл сæмбæлдысты, æцæг уалахиздзауыл куыд æмбæлынц, афтæ. Адæймагæн йæ æнтыстыл бацин кæнын диссаг нæу, ахсджиагдæр у, йæ къухы алцы куы нæ бафта, уæддæр йæ фарсмæ балæууын æмæ дзы ныфс бауадзын. Æмæ ахæм лæгдзинад нæ адæм кæй равдыстой, уый у тынг æхсызгон.

Уæдæ æнтыстджын у, Мурат! Нырма æрыгон дæ, 24 азы йеддæмæ дыл нæма цæуы, æмæ ныридæгæн дæр дæ къухы цы бирæ уæлахизтæ бафтыд, уыдон сæхæдæг цæйбæрц сты! Адæмæй тынг бирæтæн сæ царды дæргъы уыйбæрц нæ бантысы. Стыр ныфс æмæ хъаруйы хицау дæ, æмæ ныфсджын къахдзæфтæй размæ цу, нæ хъæбатыр æмзæххон! Разæй дæм æнхъæлмæ кæсынц ноджы стырдæр уæлахизтæ, æмæ сын æвдисæн уыдзыстæм не ‘ппæт дæр. Ныридæгæн дæр ды дæ нæ ныфс, нæ Уæлахиздзау æмæ нæ Хъайтар!

Уыцы бон Гасситы Муратимæ иумæ Дзæуджыхъæумæ æрцыд нæ иннæ хъуыстгонд спортсменкæ Дудиаты Фатимæ дæр. Бон раздæр уый ссис боксæй Уæрæсейы чемпионкæ профессионалты ‘хсæн.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here