бухгæ цæугæдæттæ, фынккалгæ æхсæрдзæнтæ, уæлхох уыгæрдæнтæ æмæ хизæнуæттæ, сатæг цъититæ, æндæр хорздзинæдтæ дæр. Уæдæ ам цы хæххон бæрзæндтæ ис, уыдон дæр чысыл рæсугъддзинад нæ дæттынц ДыФæстаг азты нæ республикæйы хъæутæ æмæ горæттæй, Уæрæсейы иннæ регионтæй дæр фылдæр адæм цæуын райдыдтой хæххон Дыгурмæ. Æмæ уый хуымæтæджы нæу. Дыгургом у туризмы, альпинизмы æмæ хæххон лыжæтæй бырыны спорты тæккæ хуыздæр ран. Ардæм фыццаг хатт чи æрбафты, уыдон дис фæкæнынц нæ хæхты бæрзонд цъуппытыл, нæзы æмæ наз бæлæсты рæсугъддзинадыл, æндæр æрдзон нывтыл.
Хæххон Дыгурæн йæ астæу ис Цæгат Ирыстоны тæккæ стырдæр — Къæрæугомы цъити, йæ дæргъ у 15 километры бæрц. Йæ бынæй хъæргæнгæ æмæ фынккалгæ æнхъæвзы Къæрæугомы доны саха. Бæрзонд къардиутæй хаугæйæ, Къæрæугомы дæттæ фестынц æнæнымæц пырхæнтæ æмæ сатæг комулæфт æхсызгондзинад фæдæтты бæлццæттæн. Дæлдæр та цæугæдон тæссар къæдзæхты æхсæнты тындзы æвæджиау æмхæццæ хъæдыл. Галиуæрдыгæй æмæ йæм рахизæрдыгæй дæр хауынц къада цæугæдæттæ. Уыдон райгуырынц бæрзонд æврæгъты хъæбысы æнæнымæц миты хъæпæнтæ æмæ цъититы урс æхсырæй. Къæрæугомдоны тæккæ стырдæр къабæзтæ сты Бартуй æмæ Фæстаг, сæ донгуырæнтæ та сты се ‘мном цъититæ.
Ацы цæугæдæттæ цы кæмтты уайынц, уыдоныл фистæгæй абалц кæнын йæ бон бауыдзæн кæмæнфæндыдæр, цæмæй алцыдæр йæхи цæстытæй фена æмæ зæрдæйæ банкъара аргъæутты бæстæйы хъæддаг рæсугъддзинад. Æнахуыр диссаг уæм фæкæсдзысты хæххон æхсæрдзæнтæ дæр. Уыдон та Дыгургомы цæугæдæтты чысыл не сты, хæхты геологон арæзт амы хуызæн кæй никуы у, уый тыххæй.
Къæрæугомæй ныгуылæнæрдæм къаддæр рæсугъддæр ком нæй, æмæ уый та хуыйны Æрæфгом. Масоты цъити æмæ алыварс хæхты сæртæй цы сахатæ æнхъæвзы, уыдонæй бабирæ вæййы Æрæф æмæ комы къултæ æвдæрзгæ тындзы быдырмæ. Йæ фæйнæфарс та айтынг сты хæххон уыгæрдæнтæ æмæ фосхизæнтæ. Ахæм диссаджы æрдзон нывтæ фенæн ис Къæрæугомæй скæсæнæрдæм — Гуылæры комы дæр. Фæлæ уый тыххæй сæрдмæ æнхъæлмæ кæсын нæ хъæуы. Афæдзы кæцыфæнды афон дæр хæххон Дыгур у хæрзконд æмæ аив. Сæрдыгон хур куы ныккæсы йæ зынг цæстæй, уæддæр дзы æнтæф нæ вæййы. Фæлæ уыимæ, хурмæ буар судзынæн Сау денджызы былæй æвзæрдæр ницæмæй у.
Алы хатт дæр куыд вæййы, афтæ ам зымæг райдайы ноябры-декабры æмæ ахæссы 5 мæйы бæрц. Фылдæр кæмтты уыйбæрц мит ныууары, æмæ, лыжæтыл кæнæ дзоныгъыл бырыны спорт чи уарзы, уыдон хъæстагæй никуы баззайынц.
Стыр ахадындзинад ис Дыгуры хохрæбын уадздзагæн дæр. Ам ис æмбæлгæ бацæуæн фæндæгтæ, ахсджиаг хъæууонхæдзарадон районтæ æмæ хъæугæ туристон — экскурсион объекттæ. Уымæй уæлдай хохрæбын хайы географион равæрд фадатджын кæй у, уый тыххæй ам ауадзæн ис, Цæгат Ирыстоны æндæр регионтимæ чи бæтты, ахæм туристон маршруттæ. Зæгъæм, советон дуджы хæххон Дыгурæй Гуырдзыйы æфцæгыл ахизæн уыдис Республикæ Гуырдзыстоны курортон район Шови æмæ Онмæ, Æрæфы комыл та — сыхаг Кæсæг Балхъармæ. Ардæм Уазайы æфцæгыл ныххизæн ис Мæцутæйæ дæр. Уæдæ Дзинагъайæ Дыгуры партизанты къахвæндагыл Гуылæры, Зджыды æмæ æндæр æфцгуытыл балцытæ саразæн ис Цъæйы коммæ дæр. Канд туристтæ æмæ экскурсанттæ нæ, фæлæ нæ республикæйы цæрджытæй дæр фыццаг хатт хæххон Дыгуры чи вæййы, уыдон дис фæкæнынц астæуккаг æнусты арæзт мæсгуытыл. Ацы арæзтæдтæ та сты Мæцутæйы, Задæлесчы, Къумбулты, Доныфарсы, Лезгоры æмæ Дыгуры комы цæрæн æндæр бынæтты. Уæдæ къæдзæхджын рагъы æрдзон цыртдзæвæнтæ дæр къаддæр цымыдисаг не сты. XIX æнусы кæрон зындгонд ахуыргонд Н.Я. Динник «Олисай дон», зæгъгæ, уыцы лæгæты ссардта цалдæр хъæддаг галы (зубры) сæры къуыдыры.
Ацы цау ууыл дзурæг у, æмæ, кæддæр Цæгат Ирыстоны зæххыл дæр цард хъæддаг гал, фæстæдæр сихсыд нæ хъæды къуылдымты. Ныртæккæ та Дыгуры комы æрдзон бынæтты арæх сты дзæбидыр, хъæддаг хуы, сычъи, арс, бирæгъ, стай æмæ рувас. Кæддæр алтайаг æхсæрсæттæг ласт æрцыд Цъæйы коммæ, æмæ фæстаг азты ацы цæрæгой бафтыд Дыгуры комы хихджын хъæдтæм дæр. Иу ныхасæй, амы цæрæгойты дунемæ хæдзардзин цæстæй акæс, уæд экскурсион æмæ туристон къордтæн уаид æвæджиауы фæлгæсæн бынат.
Фæстаг азты нæ бæстæйы алы рæттæй фылдæр спортивон къордтæ цæуынц Дыгуры коммæ. Уыдон фистæг балцытæ саразынц æфцгуыты сæрты æмæ уымæй бæрзонддæр кæнынц се спортивон арæхстдзинад. Ам цалдæр хатты арæзт æрцыдысты туриадæтæ, балцыты разамонджытæ цæттæгæнæн æмбырдтæ æмæ турорганизаторты семинартæ дæр. Уымæй уæлдай Хæххон Дыгур у доны туризмы тæккæ хуыздæр ран. Ам æдзухдæр се спортивон дæсныйад феххæстдæр кæнынц, спорты ацы хуыз чи уарзы, уыцы адæм. Доны маршруттæ та райдайынц Æрæфы цæугæдонæй, ахизынц Теркмæ æмæ дарддæр цæуынц Хъаспы денджызмæ. Æппæтæй диссагдæр та экскурсанттæ æмæ туристтæм фæкæсынц национ парк «Алани»-йы æрдзон бынæттæ
БЕРУАТЫ Барис, ССР Цæдисы спорты мастер, географион наукæты доктор, академик.