Поэт, тæлмацгæнæг БРЫТЪИАТЫ Аслæнбегыл сæххæст 80 азы

0
438

 

 

 

Брытъиаты Аслæнбег райгуырд 1938 азы Дзæуджыхъæуы. 1955 азæй 1957 азмæ куыста арæзтадон техникумы. Службæ кодта советон æфсады рæнхъыты. Æфсадæй куы сыздæхт, уæд куыста хæдзары дзаумæттæ аразæн иугонды, уыд цехы фæскомцæдисон организацийы секретарь. Уыцы-иу рæстæг Аслæнбег уыд республикон газеты æнæштатон уацхæссæг.

1964 азы Аслæнбег ацыд Узбекистанмæ. Уый уым æвдисæн уыдис нæ бæстæйы адæмты хæлардзинадæн. Адæм арæзтой, зæххæнкъуыстæй чи ныппырх, уыцы Ташкент. Уым дæр Аслæнбег кодта йæ дæсныйадмæ гæсгæ алыхуызон бæрнон куыстытæ.

Фæлæ цыфæнды куыст ма кодтаид Аслæнбег, уæддæр йæ зæрдæ нывонд уыд поэзийæн. Аслæнбегæн йæ уацмыстæ мыхуыргонд цыдысты газеттæ æмæ журналтæ «Правда Востока» «Вечерний Ташкент», «Сельская правда», «Комсомолец Узбекистана», киеваг, ленинградаг, хабаровскаг, владивостокаг, тæтæйраг газеттæ æмæ журналты.

Брытъиаты Аслæнбег у рауагъдад «Фрунзевец»-ы дыккаг премийы лауреат. Уым архайдта поэзийы семинары, афæдзы фæстæ та йæ фæхуыдтой Узбекистаны Фысджыты цæдисы семинармæ.

Аслæнбег зæрдиагæй куыста йæхиуыл, ахуыр кодта скæсæйнаг æмæ ныгуылæн-европæйаг литературæ. 1977 азы йын Гафур Гулямы номыл рауагъдады рацыд чиныг «Мама». 1979 азы Брытъиаты Аслæнбегæн Ирыстоны рацыд чиныг «Сыновние шаги». Уæрæсейы Фысджыты цæдисы йæ банымадтой фæсивæды хуыздæр чингуытæй иуыл. Ацы ран Аслæнбег равдыста хæстыфæстæйы мингай сидзæрты рыст æмæ сагъæс.

«Философон хъуыдыкæнынад æмæ лирикон ахорæнтæй æххæст сты Брытъиаты Аслæнбеджы æмдзæвгæтæ. Йæ лирикон хъайтар у адæмуарзон. Уарзы йæ фыдызæхх, фæлæ топхосы тæфæй куы стыхсы, уæд цæттæ вæййы мæгуыр адæмы йæ риуæй бахъахъхъæнынмæ» — фыста поэтессæ Гуырдзыбеты Иринæ, Аслæнбегæн 1981 азы цы чиныг «Ветер пахнет цветами», зæгъгæ, рацыд, уымæн рецензийы. Фыдыбæстæйы сæраппонд хæсты цæхæры чи фесæфт, уыдоныл цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон ын мыхуыры цыдысты Ленинграды, Хабаровскы, Мæскуыйы, Алма-Атайы, Киевы, Ташкенты.

Рауагъдад «Фрунзевец»-ы культурæйы хайады сæргълæууæг Владислав Журавлев фыста Аслæнбеджы æмдзæвгæты тыххæй:

«Поэзи Аслæнбеджы зæрдæмæ бацыд хæхты рæсугъддзинады æмæ йæ адæмы удварны сыгъдæгдзинады хуызы».

Аслæнбег йæхицæн тыхми никуы кодта, æмдзæвгæтæ фысгæйæ, уымæн æмæ, куыд фæзæгъынц, тыхмитæй митæ нæй.

«Фыссын мæм куы нæ цæуа, уæд мæ бон нæу мæхи тыхæй бакусын кæнын. Æмдзæвгæ хъуамæ дæ уды рæбын райгуыра. Вæййы афтæ, æмæ хъуыды, æнкъарæн арвæрттывдау ферттивынц, æмæ йын уæд æнæ ныффысгæ нал вæййы. Фæлæ, фылдæр хатт, мæнæ уалдзæджы бæласы къуыпатæ чысылгай куыд фæдымсынц, афтæ мæ хъуыдытæ æмæ ме ‘нкъарæнтæ дæр. Бирæ фæхъизæмар кæнын, æмæ афтæмæй цы рæнхъытæ равзæрынц, уыдон мын рыст нæ хæссынц, фæлæ æхцондзинад”.

Æвæццæгæн, уымæ гæсгæ, йæ чингуытæ дæр стыр не сты сæ асмæ гæсгæ, фæлæ сæ мидисæй æххæссынц алцæуыл дæр. Фæлгонц саразынмæ, ныв кæнынмæ, цауты æцæгдзинад равдисынмæ хорз кæй арæхсы, уый тыххæй фыстой литературон критик Николай Малахов, поэттæ Михаил Гребенюк æмæ Николай Красильников.

Брытъиаты Аслæнбег йæ райгуырæн Ирыстонмæ куы сыздæхт, уæд æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта ирон æвзагыл. Джыккайты Шамил ын йе ‘мдзæвгæтыл цы рецензи ныффыста, уым зæгъы: «Ирон æвзагыл Аслæнбег æмдзæвгæтæ фыссын æрæджы райдыдта. Вæййы афтæ, æмæ ныхасæй раст не спайда кæны, фæлæ мæм афтæ кæсы, æмæ ирон æвзагыл йæ бон у хуыздæр фæлгонцтæ, абарстытæ, поэтикон метафорæтæ аразын. Аслæнбег у сывæллонау æнæхин адæймаг, æмæ йæ зæрдæ куыд у, йæ зарæг дæр афтæ у. Уый гуымсæгыл нæ гыбар-гыбур кæны, фæлæ цæгъды уадындзыл. Аслæнбег йæхи поэт нæ хоны, фæлæ фæзæгъы: «Æз æрмæст поэзиуарзæг дæн». Фæлæ уый æцæг поэты нымддзинадыл дзурæг у».

2003 азы Аслæнбегæн ирон æвзагыл рацыд йæ фыццаг чиныг «Лæгвæд». Йæ 80 азы юбилеймæ та рацыд «Уды цæхæртæ», зæгъгæ, æмдзæвгæты чиныг, кæд авторæн йæ зæрдæйы фæндиаг нæу, уæддæр.

АБАЙТЫ Эдуард

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here