Ирыстонæй дард рæтты чи цæры, фæлæ фыдæлты уæзæгимæ бастдзинæдтæ дарын кæй фæнды, уыцы ирæттæн цыппæрæм хатт байгом этнолагерь. Туркæй, Казахстан, Гуырдзыстон æмæ уæрæсейаг Уралæй нæ республикæмæ æрбацæуæг ирæтты (æдæппæт — 25 адæймаджы) фæнды ирон культурæ æмæ æгъдæуттæ хæстæгдæр базонын.
— Ирыстонмæ балцы æхсызгонæй æрбацыдтæн. Ирыстойнаг уавæртæй райгонд дæн. Этнолагеры архайын фыццаг хатт. Фæнды мæ иронау дзурын нырæй хуыздæр сахуыр кæнын, — зæгъы Стамбулы университеты студенткæ Цориты Шеввал.
Этнолагеры æппæтæй æрыгондæр архайæгыл — Турчы колледжы студент Сунгур Керемыл — цæуы æрмæст 17 азы. Лæппу йæ райгуырды бон бæрæг кæндзæн Цæгат Ирыстоны.
— Проекты цæмæй фылдæр æрыгон адæймæгтæ архайой, ууыл кусæм. Ирон адæмы æрыгон минæвæртты æхсæн цæмæй хæлар бастдзинæдтæ æвзæрой, уый тыххæй сæ æрæмбырд кодтам, — зæгъы Цæгат Ирыстоны национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр Цуциты Аслан.
Ирыстоны уазджытæн рагон дзаумæтты музейы кæй сарæзтой, уыцы мидисджын экскурсийы фæстæ сын Кинойы хæдзары равдыстой Туаты Теминæйы документалон киноныв «Аланы. Дорога на Запад».
23 июлæй 9 августы онг чи кусдзæн, уыцы этнолагеры архайджытæн ирон æгъдæуттæ æмæ культурæимæ сæ базонгæ кæнынæн сараздзысты ног экскурситæ æмæ мастер-класстæ, стæй сын бакæсдзысты лекцитæ. Дзыллон мадзалæн фадæттæ аразы амынд министрад, стæй нæ республикæйы фæсивæды æхсæнадон организаци «Рухс».
Куыд зонæм, афтæмæй дунеон этнографион æмæ культурон-ахуырадон проект «Аланский след» нæ республикæйы кусын райдыдта 2015 азы. Афæдзæй-афæдзмæ проекты географи уæрæхдæр кæны.
Нæ уацхæссæг














