Граждæнты фыдгæнджытæй бахъахъхъæныны тыххæй…

0
453
SONY DSC

 

“Азæн йе ‘мбис кæй агæпп ласта, æрмæст уый тыххæй дæр нæ, фæлæ Слестгæнæг оргæнты кусджытæн сæ бæрæгбон сæ къæсæрыл кæй æрбалæууыд, уый сæ домы сæ архайды бæрæггæнæнтыл æрдзурын, амæй-ай вазыгджындæр фыдракæндтæ куыд раргом кæнынц, æхсæнад фылдæр æргом цы хъуыддæгтæм аздæхта, уыдоныл куыд кусынц, уыдæтты фæдыл адæмы раз дзуапп раттын”, — уымæй райдыдта нæ ныхас Уæрæсейы Слестгæнæн комитеты цæгатирыстойнаг управленийы разамонæджы хистæр æххуысгæнæг, юстицийы булкъон ГУСАТЫ Эдуардимæ.

— Æхсæз мæймæ слестгæнджытæ куыстой 595 уголовон хъуыддагыл, уыдонæй тæрхондонмæ арвыстам 239. Регистрацигонд фыдракæндты иумæйаг бæрц фæныллæгдæр ис, уæдæ нæм терроризмимæ, адæймаджы адавынимæ, амынæты райсынимæ цаутæ æппындæр нæ уыд. Фæлæ зынгæ фæфылдæр сты æнахъомты ныхмæ конд фыдракæндтæ. Ахæм цаутæн мах февзарæм сæ аххосæгтæ дæр. Цард куыд æвдисы, афтæмæй ныййарджытæ, сабитæ кæй бæрны сты, уыдон сæм фаг нæ кæсынц, нæ сæ бæрæг кæнынц. Афтæ уæлæнгай у ахуырадон кусæндæтты æмæ бынæттон хиуынаффæйады ахаст дæр. 2018 азы райдайæнæй нырмæ нæм æрцыд æнахъомты ныхмæ конд 33 уголовон фыдракæнды. Ахсджиаг у рагагъоммæйы æмбарынгæнæн, хъомыладон куыст, æмæ йæ кæнæм. Сбæрæг кæнæм аххосæгтæ, уавæртæ, бацамонæм, куыд сæ ис аиуварс кæнæн, уый. Сывæллæтты бартæ бахъахъхъæныны охыл æмбæлæм ахуыргæнджытимæ, æхсæнады минæвæрттимæ, æвæрæм домæнтæ, æвзарæм, иумæйагæй куыд ис бацархайæн, уыдæттæ. Слестгæнæн управленийы цур нæм кусынц Æхсæнадон æмæ Консультативон советтæ, цавæрфæнды тыхст уавæры фæдыл дæр ис æрбадзурæн, «Ребенок в опасности», зæгъгæ, телефонмæ (1-2-3).

 — Эдуард, управленийы бæрны сты æппæты хъуыстгонддæр фыдракæндтæ. Куыд сыл кусут?

— Ацы аз слестгæнджытæ æнтыстджынæй раргом кодтой, сывæллон ауæй кæныныл чи архайдта, республикæйы уыцы æртæ цæрæджы конд фыдракæнд. Пъæлицæйы раздæр чи куыста, ахæм адæймаг цалдæр азы размæ амардта æнахъом сывæллоны, уыцы фыдракæнд дæр раргом кодтой. Мæздæджы районы цæрæг, куыд рабæрæг, афтæмæй зылынгонд цæуы дыууæ адæймаджы амарынæй. Сæ куысты бынæттæй спайда кæнгæйæ, хъæуты администрациты хицæуттæй цалдæр скодтой фыдракæндтæ, коммерцион кусæндæтты разамонджытæй дæр иуæй-иутæ стыр хъалонтæ бафидынæй сæхи фæиуварс кодтой… Ис ма æндæр социалон, экономикон ахадындзинадимæ фыдракæндтæ дæр. Æрмæст управленийы слестгæнджытæ сæ нæ раргом кодтой, фæлæ Мидхъуыддæгты министрады, Æдасдзинады федералон службæйы кусджытæ дæр. Æмгуыстад нын хорз æнтысы…

— Фыдракæнд барадхъахъхъæнæг оргæнты кусджытæ куы скæнынц, уæд æхсæнады уымæ ноджы карздæрæй акæсынц…

— Ацы хъуыддаджы нæм ис иунæг фидар зондахаст — хъуамæ дзуапп дæтта, закъон куыддæриддæр домы, афтæ. Барадхъахъхъæнæг оргæнты кусæджы архайды фыдракæнды æууæлтæ куы раиртасой, уæд æй уголовон æгъдауæй бафхæрынц. Надæр ын йæ бынатмæ кæсынц, нæдæр йæ раздæры сгуыхтдзинæдтæм…

— Бирæ азты дæргъы слест цы фыдракæндты фæдыл цæуы, уыдонæн искуы кæрон скæндзыстут?

— Нæ къухы раргом кæнын цы фыдракæндтæ нæ бафтыд, уыдоныл æппынæдзух дæр архайæм. Раздæр азты конд адæймаджы амарыны, адавыны, æндæр уæззау æмæ уæлдай уæззау фыдракæндтæ куырмæлхынцъытæ халæгау халæм. Иннæ барадхъахъхъæнæг структурæтимæ ацы аз 12 ахæм фыдракæнды раргом кодтам, сбæрæг сты аххосджынтæ. Хъуыддæгтæн сæ иу хай тæрхондонмæ барвыстам. Слестгæнæн комитеты скондæй фæстæмæ нын бантыст, 1992 азæй 2011 азтæм конд уæззау æмæ уæлдай уæззау сæдæгай фыдракæнды раргом кæнын.

— Эдуард, боны фæткæй нæ хизы коррупциимæ тохы фарста…

— Ацы ран æргом аздахын хъæуы, коррупцион фæзындтæ ма ‘руадзыны, рагагъоммæйы мадзæлттæм. Уæдæ алы бæрнон ведомство дæр хицæнæй куы архайа, уæд сæ ахадындзинад нæ фæбæрæг уыдзæн, хъуамæ куыст цæуа, æппæт ахъаззаг гæнæнтыл æнцайæг программæмæ гæсгæ, æмæ уæд коррупцийы фæстиуджытæ æхсæнад æмæ паддзахадыл уыйас нæ зындзысты. Æхсæз мæймæ нæ слестгæнджытæ байгом кодтой коррупциимæ баст 92 хъуыддаджы. Сæ зындзинад цæй мидæг ис? Коррупцион архайд у сусæг, æргомæй, адæмы ‘хсæн ахæм митæ чи кæны? Уæдæ дзы æвдисæнтæ дæр нæ вæййы… Фыдгæнджыты раргом кæнæм нæ слестгæнджыты æмæ Мидхъуыддæгты министрады, Æдасдзинады федералон службæйы кусджыты лæмбынæг, бæстон æмархайды фæрцы.

Мæ цæстæй акæсгæйæ, хицаудзинад æмæ коррупци хъуамæ кæрæдзимæ бар ма дарой. Иугæр паддзахадыл ацы низ схæцыд, уæд йæ бон хуызæнæн рæзын, цæрын нæу. Закъон та хъуамæ коррупционерты æмхуызон æфхæра, куыд ис куыстадон бынаты фæрцы хи хъуыддæгтæ аразæн, кæнæ дæ хъæздыгдзинæдтæм æфтауæн?!

Йæ куысты бынатæй пайдагæнгæйæ, сывæллæтты рæвдауæндоны хицау 150 мин сомы аргъ, кæйдæр исбон æрбасатар кæныны тыххæй дзуапп дæтдзæн тæрхондоны. Уæдæ паддзахадон автоинспектор гæртам 30 мин сомы кæй домдта, уыцы фыдракæнд дæр бæрæггонд æрцыд…

— Цæмæй экстремизм æмæ терроризм бамынæг уой, цæмæй сæ бындзарæй сыскъуынæм, уый тыххæй цавæр мадзæлттæ хъæуы кæнын?

— Æрмæстдæр Уæрæсе нæ, фæлæ æппæт дуне дæр бамбæрстой терроризмы тæссагдзинад. Сагъæсы æфтауы, цы финансон æмæ техникон гæнæнты хицау сты террористон къордтæ, уый. Цæгат Кавказы иумæйаг уавæрыл зынынц, фæсарæйнаг бæстæтæй нæм цы знаггадтауæг æрвыст лæгтæ æрбацæуы, уыдон. Уыдон тырнынц зыгъуыммæ зондахаст фидар кæнынмæ, семæ хъуамæ тохы бацæуой æппæт регионты барадхъахъхъæнджытæ дæр. Махмæ хъуыддаг афтæ æвæрд у, æмæ кусæм æппæт тыхы ведомствотимæ, хицаудзинадимæ, æхсæнадон æмæ бартæхъахъхъæнæг организацитимæ.

Слестгæнæг управлени йæ хъус дары дзыллон хабархæссæг фæрæзтæм, иртасы, кæд дзы, мыййаг, знаггадхæссæг фæзындтытæ ис, зæгъгæ, уый фæрцы уайтагъд æмбæлгæ мадзæлттæй спайда кæнæм бахъуаджы рæстæг. Нæ официалон сайты ис хицæн фарс «Противодействие терроризму и экстремизму», зæгъгæ, уым бæстон ныффыстам, вазыгджын, тæссаг уавæрты хи куыд даргæ у, кæдæм бадзурын хъæуы, уыдæттæ. Цæмæй æрыгæттæ террористон архайдмæ се ‘ргом ма здахой, уый охыл нæ кусджытæ æмбæлынц республикæйы ахуыргæнæндæтты, амонынц, æмбарын сын кæнынц тæссагдзинæдтæ. Рæгъмæ хæссынц, социалон æгъдауæй ахадгæ цы хæзнатæ сты, уыдон.

— Эдуард, дзыллон хабархæссæг фæрæзты фæрцы æппынæдзух уæ куысты фæстиуджытæ, æнтыстытæ хæццæ кæнут адæммæ. Уæ бастдзинæдтæ цас фидар сты цæрджытимæ, цы ис зæгъæн?

— Кæд æмæ фыдгæнджыты сбæрæг кодтам, æфхæрд баййæфтой, уæд уыцы хабæрттæ хъуамæ, фыццагдæр, нæ адæм базоной. Афтæмæй æхсæнады фидар кæны барадон зондахаст, фыдгæнæг та æфхæрд баййафдзæн, æви аирвæздзæн, ууыл гуырысхо дæр мачи кæнæд, цы ‘мбæлы, уый бавзардзæн. Æмтъеры заман адæммæ бирæ фарстатæ æвзæры æмæ кæд се ‘ппæт махмæ нæ фæхауынц, уæддæр сæм байхъусæм, нæ бон цы вæййы, уый скæнæм, бацамонæм, кæдæм æй раттын хъæуы, уыдæттæ.

Нырыккон мадзæлтты руаджы адæмæн сæ бон у бирæ хъуыддæгты бацархайын. Нæ сайтты ис алыхуызон фæрстæ, «Интернетприемная», коррупциимæ тохы тыххæй информаци, уæдæ телефоны бастдзинæдтæ: «Телефон доверия 8(8672) 53-92-64, «Остановим коррупцию» 8(8672) 54-16-93. Управленийы цур кусы Æхсæнадон совет, йæ архайдæй æвдисы, граждайнаг институттæ паддзахадон политикæ æххæст кæныныл кæй архайынц, уый. Уæдæ сидзæр сывæллæтты, интернатты хъомылгæнинæгты бартæ хъахъхъæныны, баххуыс сын кæныны охыл управленийы скодтам Консультативон совет… Æппæт уыцы фæрæзтæй пайда кæнæм граждæнты бартæ фыдгæнджытæй бахъахъхъæныны тыххæй.

— Бузныг, Эдуард.

Ныхас ныффыста

БУТАТЫ Эльзæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here