“Ногдзау”-ы сæйраг хæс

0
3380

 

 Нæ республикæйы мыхуыры фæрæзты æхсæн йæхи сæрмагонд бынат ис сывæллæтты журнал «Ногдзау»-æн. Уый ныр 80 азæй фылдæр циндзинад, зонды рухс æмæ фарн хæссы Ирыстоны сабиты зæрдæтæм. Сæ рæзгæ удтæм ын ис йæхи фæндаг. Кæд алы рæстæджыты журнал йæ ном ивта (йæ рацыды фыццаг азты хуынд «Сырх дидинæг», фæстæдæр — «Пионер»), уæддæр йæ нысан у иу — сабиты удты бæркадыл хорзæрдæм ахадын, цардмæ сæ цæттæ кæнын.

Æрæджы журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редакторæй нысангонд æрцыд ТОМАЙТЫ Сергей. Йемæ фембæлд газет «Рæстдзинад»- ы сæрмагонд уацхæссæг КАСАТЫ Аслæнбег æмæ се ‘хсæн рауад ахæм ныхас:

 

 

— Сергей, журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редакторы бынаты æрлæууыны размæ цы куыст кодтай? Дæ цардвæндаг мыхуыры фæрæзтимæ куыд баст у?

— «Ногдзау»-мæ æрбацæуыны размæ куыстон рауагъдад «Ника— пресс»-ы разамонæгæй. Уымæй уæлдай ма сарæзтон æмæ цард фенын кодтон сывæллæтты журнал «Барсик»-æн дæр. Уый мæнæн уыд ахæм хъомыс, кæцыйы фæрцы лæмбынæгдæр базонгæ дæн, абон мæ куыст куыд аразын хъæуы, уыимæ.

 

— Журнал «Ногдзау» у нæ республикæйы рагондæр мыхуырон фæрæзтæй иу. Цы фæрнджын æгъдæуттæ дзы æрæййæфтай, уыдонæй цы бахъахъхъæндзынæ , стæй ма сæм дæхæдæг цы бафтауынмæ хъавыс?

— Дызæрддыггаг макæмæн уæд, «Ногдзау»-ы фæрнджын æгъдæуттæ кæй бахъахъхъæндзыстæм. Фæлæ цард размæ цæуы, ивынц йæ домæнтæ дæр æмæ махæн нæ хæс у абоны домæнтæм гæсгæ журналмæ ивддзинæдтæ бахæссын, цæмæй йæ æрыгон фæлтæр зæрдиагдæрæй кæсой. Мæн тынг фæнды, цæмæй журнал баст уа ирондзинадимæ. Нæ рубрикæтæ баст сты не ‘гъдæуттимæ, культурæимæ, аивадимæ, бæрæгбæттимæ, этикетимæ… Фæзынд ма нæм ног рубрикæ «Ирон мыггæгтæ», кæцыйы зонгæ кæнæм мыггæгты равзæрдимæ. Рубрикæ «Ирыстоны зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ»-йы дзурæм, Ирыстоны цы зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ ис, æрмæст уыдоны тыххæй. Рубрикæ «Ахуыр кæнæм ирон æвзаг» æххуыс у, æвзаг ахуыр кæнын йæ зæрды кæмæн ис, уыдонæн. Ис ма нæм рубрикæ «Чысыл «зæдтæн» — бинонты хъарм», кæцыйы зонгæ кæнæм, æнæ ныййарджыты рæвдыдæй чи баззад, уыцы сабитимæ.

 

 — Журналы кæддæриддæр уыд рубрикæ «Хуры тын». Уым мыхуыргонд цыдысты æрыгон авторты уацмыстæ. Цæмæй дзы ног автортæ сæ уацмыстæ мыхуыр кæной, ууыл та куыд архайдзыстут?

— Уыцы рубрикæйæн аивта æрмæстдæр йæ ном. Сидæм æрыгон автортæм, табуафси, хæссут нæм уе ‘рмæджытæ, мах та сæ зæрдиагæй мыхуыр кæндзыстæм. Фæнды мæ, цæмæй нæм Хуссар Ирыстоны сабитæ дæр æрвитой се ‘рмæджытæ.

 

— Ныртæккæ сывæллæттæн уагъд ирон литературæ цы уавæры ис, дæумæ гæсгæ, уыцы уавæр журналкæсджытыл, журналы æрмæджытыл куыд зыны?

— Кæсын уарзæнт сывæллæттæ, æндæр, цы бакæсой, уый ис. Зæгъæм, æрæджы мын йæ чингуытæ балæвар кодта газет «Рæстдзинад»-ы кусæг, поэт Бызыккаты Земфирæ. Уымæн йæ æмдзæвгæтæ фылдæр фыст сты сывæллæттæн. Уæдæ ма ацы газеты фæрстыл хатгай бакæсæн вæййы йæ уацхæссæг Тохсырты Къостайы сывæллæттæн фыст æмдзæвгæтæ дæр. Æрмæст уыдон куы бакæса алы сывæллон дæр, уæддæр йæ миддуне фæхъæздыгдæр уыдзæн.

 

— Абон сывæллæттæ арæх пайда кæнынц Интернеты лæггæдтæй. Суанг ма сæ боныгтæ дæр электронон сты. Цы мадзæлттæй ис рапарахатгæнæн гæххæттыл фыст æрмæг ныры сывæллæтты æхсæн, кæд æмæ уыдонæн сæйрагдæр сты гаджеттæ, электронон чингуытæ, дзыппы даргæ телефонтæ. Уæвгæ, сывæллæттæн уагъд периодикæйæн цæрыны фадат ис?

— Мах тынг архайæм, цæмæй журнал ссара йæ кæсæджы æмæ йæ ма фесафа. Фæлæ нæ зæрды ис фидæнмæ скæнын «Ногдзау» электронон хуызы дæр, цæмæй сывæллон Интернетæй йæхицæн пайда иса. Цæмæй сывæллон йе ‘ргом нæ журналмæ раздаха, уымæн дæр нæм ис нæхи хъуыдытæ, кæцытæ, уырны мæ, нæ къухы бафтдзысты.

 

— Куыд дæм кæсы, журнал «Ногдзау»-ы сæйраг хæс XXI æнусы цавæр у?

— Пайда хæссын! Не ‘взаг бахъахъхъæныныл архайын! Æрыгон фæлтæрæн уарзын кæнын, нæ фыдæлтæй нæм цы хорз æгъдæуттæ баззад, уыдон!

 

— Дæ арфæтæ, дæ уды фæндиæгтæ журналкæсджытæн цавæр сты?

— Нæ журналкæсджытæ сты сабитæ, æмæ сын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад. Царды хæрзтæй хайджын куыд уой. Сæ ныййарджытæй та курын, цæмæй сын рафыссой журнал «Ногдзау». Мах та сын зæрдæмæдзæугæ æрмæджытæ мыхуыр кæныныл архайдзыстæм.

— Бузныг дæ ныфсæвæрæн дзуаппыты тыххæй!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here