Ног комплекс аразынц

0
555

 

Грознайы Октябры районы аразын райдыдтой ног бирӕкъабазджын комплекс «Минутка». Проект ӕххӕст кӕны ӕнӕххӕст бӕрнондзинады ӕхсӕнад «СМАРТ БИЛДИНГ».

Бындур кадджын уагӕй ӕрӕвӕрыны куысты архайдта Цӕцӕны Республикӕйы Сӕргълӕууӕг, Уӕрӕсейы Хъӕбатыр Рамзан Кадыров.

— ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм бирӕкъабазджын комплекс аразын райдыдтам. Ацы объекты фӕрцы сараздзыстӕм мин ног кусӕн бынаты бӕрц, — загъта республикӕйы разамонӕг.

Бирӕкъабазджын центр Уӕрӕсейы бындурон исбоны базары рӕвдзрӕзӕг хайыл нымад кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Цӕцӕны цӕрӕг адӕм «Минутка»-йы лӕггӕдтӕй парахатӕй кӕй пайда кӕндызсты, уый дызӕрдыггаг нӕу. ӕддаг бакастӕй цӕцӕйнаг мыггӕгты мӕсгуыты ӕнгӕс 60 метры бӕрзӕндӕн объект баиу кӕндзӕн дыууӕ 10-16-уӕладзыгон бӕстыхайы. Комплексы сӕрыл арӕзт уыдзӕн мӕзджыты ӕнгӕс ӕрдынӕг.

51450 квадратон метры кӕй фӕзуат уыдзӕн, уыцы комплексы арӕзт ӕрцӕудзысты 162 хӕдтулгӕйӕн дӕлзӕххон лӕууӕн бынӕттӕ, 214 фатеры ӕмӕ пентхаусы, нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты фитнес-центртӕ, кафе, минимаркет, дидинджыты дукани, афтек, ателье, фидауцы салон, спа-комплекс ӕмӕ дыууӕмвӕзадон ресторан.

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here