ЗНОН, АБОН ÆМÆ РАЙСОМ

0
546

Рæстæг фидæнмæ куыд арфдæр цæугæ цæуы, афтæ дунейы змæлд тынгæй-тынгдæр кæны, æмæ адæймаджы цард, адæймаджы хуыз зына-нæзына ивгæ цæуынц, уымæ гæсгæ та адæм се сфæлдисæг æрдзæй дарддæрæй-дарддæр кæнынц. Фæлæ, Зæххы къорийыл цыдæриддæр рантысы, уый вæййы комкоммæ зæххыл цæрыны аккаг, æмæ йын уымæй дард фæлидзæн нæй. Цард, æнæмæнг, хъуамæ размæ цæуа, æз афтæ нæ зæгъын, фæстæмæ ногæй рагдунемæ раздæхæм, зæгъгæ. Уæддæр, дæрдтæм тырнгæйæ, рохгæнгæ нæу, кæцæй стæм æмæ нын кæм цæргæ у, уый: зæххæй æмæ зæххыл. Виртуалон дунейы хъуыдытæ йеддæмæ ницы ис, адæймаг та буарæй конд у, йæ рагон æрдзон миниуджытæн сæ сæйрагдæртæ мин азы размæ куыддæриддæр уыдысты, афтæмæй баззадысты: цин кæны æмæ æнкъард дæр кæны, хæры æмæ уæлдæфæй улæфы, æмбары, хорз æмæ æвзæр цы сты, уый…

Цæмæ гæсгæ дзурын афтæ дæрдтыл?! Электрон информацион фæрæзтæ кæд, иуæрдыгæй æркæсгæйæ, тыхджын æмæ хъæугæ сты, нырыккон царды кæд æнæ уыдонæй «иу къахдзæф» акæнæн дæр нал ис, уæддæр традицион мыхуыры фæрæзтæн пайдайы хос не сты. Хъуыдыйаг у, глобализацийы «Балсæджы цалх» чысыл адæмыхæттыты мадæлон æвзæгтыл æвирхъауæй куы ратула, уый.

Чингуытæ, журналтæ, газеттæ æмæ иннæ ахæм дзыллон информацион фæрæзтæн бонæй-бонмæ уæззаудæргæнгæ цæуы сæ уавæр, сæ кæсджыты нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны. Афтæмæй та чиныг (кæнæ журнал, газет…) йæ «удæй» æрдзмæ æввахсдæр у, афтæ йæ, хуымæтæг хуызы, дæ къухтæм куы райсай, уæд ын йæ уæз æмбарыс, цыдæр æнахуыр æхсызгон хъарм æмæ рухс йæ фæлмæн бандзæвдæй æнкъарыс.

Абон у æвзарæн бон — хъæуы, æви нæ нæ хъæуы нæ мадæлон æвзаг?! Æппæт дунейыл зындгонд ахуыргонд Абайты Васо куыд фæдзæхста, афтæмæй национ хиæмбарынады хицæн кæнæн нæй мадæлон æвзагæй, æмæ, æвзæгтæй искæцы куы амæла, уæд йемæ фесæфдзæн адæмыхатт дæр, куыд этнос, афтæ. «Хъуамæ алчидæр æмбара: æвзаджы фесæфт у адæмы фесæфт. «Нæй æвзаг — нæй адæм», — загъта Абайты Васо. Абон куыд сарæхсæм, абон куыд бацархайæм, нæ фыдæлтæй баззайгæ стырдæр хæзна — не ‘взаг бахъахъхъæныныл, уымæй аразгæ у йæ фидæны хъысмæт.

Æмæ абон нæ ныхас у, не ‘взагмæ комкоммæ бар чи дары, уыцы журналтæй иу — «Ирæф»-ы тыххæй.

Журнал цæуын райдыдта 1991 азы. Уæдæй нырмæ дунейы рухс федтой 110 номырæй фылдæр. Аз цæуы 4 хатты. Иу номыры вæййы 304 фарсы. Уый у æнæхъæн том. Йæ хæрзхъæдмæ гæсгæ, журнал «Ирæф» нымад у Цæгат Кавказы æппæт литературон-аивадон журналты хуыздæртæй иуыл.

«Ирæф»-ы алы номыр дæр дзаг вæййы алыхуызон цымыдисаг æрмæгæй. Алы кæсæг дæр дзы йæхицæн ссары хъæугæ æмæ зæрдæмæдзæугæ уацмыстæ кæнæ уацхъуыдтæ. Журнал кæсынц нæ республикæйы хъæуты æмæ горæтты, Уæрæсейы алы къуымты, суанг ма дзы фæсарæнтæм дæр ахæццæ вæййы.

«Ирæф»-ы фæрстыл мыхуыргонд æрцыдысты æмæ цæуынц нæ адæмы зындгонддæр прозаиктæ, поэттæ, драматургтæ æмæ публицистты уацмыстæ. Авторты рæнхъыты сты: Хетæгкаты Къоста, Малити Геуæрги, Багъæрати Созур, Коцойты Арсен, Брытъиаты Елбыздыхъо, Къосирати Сæрмæт, Гурдзибети Блашка, Плиты Гриш, Цæрукъаты Алыксандр, Джыккайты Шамил, Малити Васо, Хъодзаты Æхсар, Ходы Камал, Дзасохты Музафер, Гадати Лазæр, Æгъузарти Саукуй, Бабочити Руслан, Хозиты Барис, Цъеути Замæдин æмæ ма бирæтæ.

Журнал «Ирæф»-ы арæх цæуынц Уæрæсейы æмæ дунеон литературæйы классикты уацмыстæ дыгурон æмæ ирон литературон æвзæгтæм тæлмацгондæй; наукон æмæ ахуырадон æрмæджытæ, адæмон сфæлдыстад æмæ фольклорон, историон æмæ политикон, археологион æмæ географион, стæй ма бирæ æндæр алыхуызон æрмæджытæ, журналкæсджыты зæрдæ кæмæй барухс уа, ахæмтæ.

Журнал йæ мидисмæ гæсгæ у дыгурон литературон æвзаг бахъахъхъæныны тыххæй, фæлæ дзы алы номыры дæр мыхуыргонд цæуы æрмæджытæ ирон литературон æвзагыл дæр.

Уыцы хъуыддаг тынг ахсджиаг у, уымæн æмæ фидардæр, стæй парахатдæр кæны нæ адæмы иудзинад. Журнал «Ирæф», нæ мадæлон æвзæгтæ хъахъхъæнгæйæ ма нæ адæмы иумæ кæй бæтты ноджы æнгомдæр, уымæй стыр пайда хæссы нæ республикæйы дзыллон-æхсæнадон цардæн. Ахæм вазыгджын хæстæ чи æххæст кæны, уыцы национ рауагъдæн æхцайы бæрцæй аргъгæнæн нæй: удварны хæзнатæ комкоммæ материалон пайдатæ нæ хæссынц. Æнæ паддзахады æххуысæй сæ бон сæхи фæдарын нæу.

Уымæ гæсгæ, алы республикæйы дæр национ журналтæн æххуыс кæны хицауад. Мах дæр арфæ кæнæм нæ республикæйы разамонджытæн, Мыхуыры хъуыддæгты æмæ дзыллон информацион комитетæн, нæ адæмон журналтæм сæ цæст кæй дарынц ацы тыхст рæстæджы, нæ уавæр нын кæй æмбарынц æмæ нын кæй æххуыс кæнынц, уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ хъуыддæгтæ ма нæ саразын хъæуы, цæмæй нæ куыст ноджы нывылдæр цæуа, æмæ нæхуыдтæг (нæхæдæг) дæр нæ хъарутыл нæ бацауæрддзыстæм. Иу цалдæр дзы ранымайæм:

— журнал «Ирæф»-ы тираж фæфылдæр кæнын;

— журналæн электрон архив саразын;

— журналæн йæхи сайт байгом кæнын;

— журналы материалон-техникон базæ фæрæвдздæр кæнын, æмæ а.д.

Ног рæстæг нæ размæ æвæры ног домæнтæ. Электрон архив саразыныл ис бирæ куыст (уæлдæр куыд бафиппайдтам, афтæмæй 110 томæй фылдæр сты «Ирæф»-ы номыртæ), фæлæ абон æнæ уымæй аив нæу.

Уæдæ, цæмæй рæстæгæй фæстейы ма баззайæм, уый тыххæй нæ хъæуы интернет-ресурстæй пайда кæнын. Хуыздæрхъуаг у журнал «Ирæф»-ы материалон-техникон базæ дæр, цæмæй нæ архайд æнæкъуылымпытæй цæуа.

Уыцы æппæт мадзæлттæ дæр æххуыс кæндзысты «Ирæф»-ы сæйрагдæр нысанæн: журналы æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн, фылдæр адæм-иу æй куыд фыссой æмæ кæсой, нæ кæстæр фæлтæртæн нæ рухс фыдæлты ныхасы фарн куыд ныууадзæм.

Ныртæккæ йæ рафыссыны рæстæг кæронмæ фæхæццæ кæны. Кæд искæмæн нал бантыса, уæд ног аз дæр тагъд æрбалæууы, æмæ йæ фидæнмæ йæ зæрдыл дарæд. Журнал рафыссæн ис нæ республикæйы кæцыфæнды посты хайады дæр. Йæхи чи уарзы, уый йæ мадæлон æвзаг дæр уарзы. Ма фæзивæг кæнут уæхи журнал «Ирæф» рафыссынмæ.

Рагацау уын арфæ кæнын нæ редакцийы номæй. Арфæ кæнын нæ фысым — газет «Рæстдзинад»-æн йæ юбилейон азы фæдыл. Бузныг ын зæгъын, æрвылаз дæр нын хæларзæрдæйæ, æнæхъæн фарс кæй ратты, уый тыххæй.

СКЪОДТАТИ Эльбрус, РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг, журнал «Ирæф»-ы сæйраг редактор

ХОЗИТЫ Хъуыдæберд

ДАВОЙ

Раги дзамани-еу нæ фиддæлтæ уотæ дзориуонцæ: куй æма тикис ци хæдзари нæ уа, е хæдзарæбæл нимад дæр нæй, зæгъгæ. Мах хæдзари тикис адтæй, фал куй ба нæма. Нигки ба ма цæхуæн тикис? Æгас синхбæстæ дæр æй фæсмардтонцæ. Зонгæ ба ‘й кодтонцæ æ давундзийнади туххæн, ном дæр ибæл уомæ гæсгæ æвæрд æрцудæй — Давой. Уогæ æ еу цæстæ дæр æ давуни туххæн исхаудтæй, æ сæр дæр фæрсмæ уомæн хæссуй. Цæветтонги, æ зæрдæ еу уæхæни æйкитæ æрзагъта æма кедæр кæркдони таунæгмæ багъузтæй, фал карк дæр бустæги рæдаутæй нæ разиндтæй, æхе имæ фæбберæгъ кодта æма ин æ циргъ къæботтæй æ тæккæ цæстæ сæргъавта. Дæ балгъетæг уой уавæри фæууæд, — цæстæ фæцъцъæртт æй. Зудæ губундзæли гъæугæ дæр уотæ кæнуй.

Кæд Давойбæл еунæг цæстæй æндæр н’ адтæй, уæддæр æй мах ме ‘нсувæр Хазбийи хæццæ берæ уарзтан. Нæ синхи тикистæй ибæл неке хъæбæрдæр кодта. Давойеу æнæгъæнæ къуæрегæйттæ хæдзарæмгæрон нæ цæуидæ, уæлдайдæр ба уалдзæги райдайæнти, фесæфидæ, æма ‘й цо агорæ.

Нæ баба ма цийнæ дæр бакодта: — Кæдимайди ба еугур исæвд фæккæнидæ æма нæ синхæгтæ нæбал æлгъетонцæ.

Дзæгъæли нæ фæззæгъунцæ: «Иуазæгуати хуарз æй, фал хæдзарæ дæр агорун гъæуй», зæгъгæ. Еци æмбесонд, æвæдзи, Давоййæй дæр иронхуати не ‘задæй.

Еу сæрдигон изæр æнæгъæнæ бийнонтæй дæр æхсæвæр кодтан нæ сæрддон цæлгæнæни. Уалинмæ ба дин нæ тугурæй нæ тикиси «меу-меу» ку æригъусидæ еци нидæнæй. Хазбийи хæццæ фæггæппитæ кодтан æма цæстæй райагурдтан Давоййи. Е бадтæй цæлгæнæни тугургъæдæбæл æма нæмæ æ еунæг цæстæй æрттевæнтæ кодта бунмæ. Мах имæ æ номæй ку сдзурдтан, уæд нæмæ æхе хæстæгдæр æрбаласта æма нæ цæстити цори æристадæй дессаги нивæ: тикисæн æ сæр тъунст адтæй банки хурфи, цума ибæл еске космонавти ходæ æркодта, уой хузæн. Баба æма нанамæ дæр еци нивæ дессаг фæккастæй, æма баба еци мæстæлгъæдæй фæтътъæлланг кодта:

— Æ гæлдæр губун æй тагъд мæрдтæмæ барветдзæй. Æвæццæгæн, еци банки ести хуæруйнаг адтæй, Давой ба си æ сæр фæтътъунста, сæр авги ниххастæй æма ‘й æ хæццæ æрбамедæг кодта. Гъæугæ дæр æй уотæ кæнуй.

— Мæгурæг, цума ‘й æ сæри тенкабæл цал бон хæссуй, æстонг дæр нæ кæнуй? Уæдта уингæ дæр кутемæйти кæнуй? Биццеутæ, марауагътæ, æ зинæй æй фæййервæзун кæнтæ, — æхе нæмæ бахатта нана.

Еци æхсæвæ нин Давоййи æрахæссун нæ бантæстæй, æвæццæгæн, æ тас нæма ссудæй. Сæумæй бабæй тикис еци тугургъæдæбæл куд бадтæй, уотемæйти имæ нæ хестæр æнсувæр Газак багъузтæй, æ цъеуæхсæнæй имæ нигъгъавта æма «цъинкк», зæгъгæ, æ сæрбæл ци авгæ адтæй, е багъзæлæнтæ ‘й.

Давоййи цума еске тæвдæ пеци къæйбæл æргæлста, уойау сонт уаст никкодта æма æрбадæлзæнхæ ‘й. Æппунæрæгиау æ кеми ку æрцудæй, уæд æхе махæрдæмæ æрбаласта.

Уæдæй фæстæмæ Давой хæдзарæй æндæбилæмæ нæбал рахизтæй. Мадта си синхонтæй дæр некæдбал неке рагъаст кодта. Æрмæст си миститæ ба сæ исæвд фæууидтонцæ.

Дзæгъæли нæ фæззæгъунцæ: «Басæ ке басодзуй, е æ донбæл дæр футт кæнуй», зæгъгæ.

КОЛИТИ Виталийы тæлмац

 

Цæссыгкалгæйæ…

Васойы мысгæйæ

Уæззау зиан æрцыди нæ литературæйыл: йæ цардæй ахицæн номдзыд поэт, прозаик, драматург Малиты Васо.

Васо райгуырди Мустыздæхы разагъды поэт Малиты Геуæргийы бинонты ‘хсæн. 1937 азы йын йæ фыды æнаххосæй æрцахстой. Лæппу йе ‘фсымæр Мурат æмæ йæ цыппар хоимæ баззад йæ мад Зæрæдайы æвджид. Бирæ зынтæ бавзæрстой бинонтæ. Хæст æмæ фæсхæсты азты Зæрæда — зондджын æмæ удвидар сылгоймаг — йе ‘ппæт хъарутæ дæр радта йæ цоты адæмы рæгъмæ ракæнынæн. Васо æмæ йæ карæнты хуыдтой «хæсты хъæбултæ», цардысты мамæлайы къæбæрæй. Æмæ уый иу бæллæх уыди, фæлæ ма уымæй уæлдай репрессигонд ныййарджыты бындартыл сбадти æлгъаг ном: «Адæмы знæгты цот».

Васо йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъолайы куы бакасти, уæд бацыди Цæгат Ирыстоны паддзахадон институты историон-филологион факультетмæ. 1961 азæй фæстæмæ куыста газет «Рæстдзинад»-ы, Цæгат Ирыстоны радио æмæ телеуынынады комитеты. 1969-1971 азты ахуыр кодта Мæскуыйы Уæлдæр литературон курсыты. Ирыстонмæ куы сыздæхт, уæд куыста чиныгуадзæн «Ир»-ы хистæр редакторæй, Чиныгуарзджыты республикон æхсæнады сæрдарæй. 1987 азы йæ равзæрстой Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдарæй. Уым кусгæйæ, Васо бахатыд СЦКП-йы обкомы фыццаг секретарь В. Е. Одинцовмæ, нæ республикæйы, дам, уадзын райдайæм журнал уырыссаг æвзагыл. Обкомы секретарь ын сразы йæ фæндоныл. Афтæ фæзынди журнал «Дарьял». Малийыфырт бацархайдта ноджы, цæмæй нæм фæзына журнал «Ирæф» — дыгурон æвзагыл. 1991 азæй фæстæмæ Васо куыста уыцы журналы сæйраг редакторæй. Журнал стыр ахъаз фæцис канд дыгурон литературæйы рæзтæн нæ, фæлæ, бирæ азты дæргъы архивты чи фæлæууыд, уыцы адæмон сфæлдыстад, историон æмæ этнографион æрмæг дзыллæтæм фæхæццæ кæнынæн.

Малиты Васойы поэтикон сфæлдыстад йемыдзаг у арф æнкъарæнтæй, ног, оригиналон фæлгонцтæй, ахадгæ хъуыдытæй. Афтæ зæгъæн ис йæ радзырдтæ, роман «Сурмейы хæдзар», йæ пьесæтæ «Калм æмæ хъисфæндыр», «Саст бандон», стæй иннæ уацмыстæй дæр.

Æцæг фыссæг уый у, йе сфæлдыстады йæхи миниуджытæ, йæ зонды рухс ирдæй кæмæн зынынц, йæ фысты уаг хæдхуыз æмæ зæрдæмæхъаргæ кæмæн у. Иу разагъды лæг афтæ загъта, кæд, дам, поэтмæфыссæгмæ цымыдисагæй исты ис, уæд йæ оригиналон цæстæнгас дунемæ, цардмæ. Малиты Васо кæддæриддæр хайджын уыд уыцы хорзæхæй. Æмæ ахæм лæгтæ не ‘хсæнæй куы ацæуынц, уæд нацийы фарн, æнæмæнг, фæкъахыр вæййы.

Рухсаг у, нæ уарзон æмгар. Дæ фыды фарн мæрдтæм цæуын нæ бауагътай. Хуыцау зæгъæд, æмæ уыцы фарн дæ кæстæртæ дæр рæсугъдæй куыд адæттой фидæны фæлтæртæм.

Цæссыгкалгæйæ цы хæлæртты, чиныгуарзджыты ныууагътай, уыдонæй рох никуы уыдзынæ, Васо.

ХЪОДЗАТЫ Æхсар

 

Фарс бацæттæ кодта АБАЙТЫ Эдуард

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here