«Медицинон хо дæн æз»

0
562

 

ХАРЕБАТЫ Индирæ йæ куыст нымайы тынг бæрноныл, уымæн æмæ дзуапп дæтты адæмы æнæниздзинадыл. Йæ профессионалон хæстæ æххæст кæны сыгъдæгцæсгомæй, йæ равзæрст дæсныйадыл иузæрдион у.

— Дыууæ хойы уыдыстæм, æмæ нæ мадæн йе стыр бæллиц уыд, йæ чызджытæй исчи медицинон кусæг куы суаид, уый. Уæд Гуырдзыстоны цардыстæм, æмæ ахуырмæ бацыдтæн Тбилисы медицинон училищемæ, уыцы рæстæг горæты рынчындоны та куыстон хуымæтæг санитаркæйæ. 1994 азы нæ бинонтæ æрцардысты Дзæуджыхъæуы. Куыст агуырдтон æмæ, мæ амондæн, æрбацыдтæн, ныр 20 азы кæм кусын, уыцы æнгом коллективмæ, — зæгъы Индирæ. Паддзахадон медицинон академийы клиникæйы ревматологийы хайады Индирæ кусы медицинон хойæ. Фæлмæнзæрдæ æмæ сыгъзæрин къухты хицау æй фæхонынц рынчынтæ. Дохтыры рафыст уколтæ, капельницæтæ æмæ æндæр процедурæтæ кæнын йæ комкоммæ хæс у медицинон хойæн, фæлæ сæйрагдæр у рынчын адæймагæн ныфс раттын фидæны цардмæ.

Дæсны æмæ фæлтæрдджын медицинон хо у дохтырæн йæ фыццаг æххуысгæнæг, йæ рахиз цонг.

— Нæ хайады рынчынтæм уæлдай цæстæнгас хъæуы, арæх нæм æрбацæуынц медицинон æххуысмæ, уымæн æмæ ревматологимæ хауæг низтæ кæронмæ бынтон нæ дзæбæх кæнынц, кæрæдзиуыл сахуыр вæййæм, хорз ахастдзинæдтæ ис не ‘хсæн. Низимæ тох кæнын æнцон нæу, æмæ хъуамæ йæ зæрдæйы уаг æмбарай тыхст адæймагæн, æмæ дæ уæд фæбузныг уыдзæн, — зæгъы Индирæ.

Йæ куысты фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыцы æрыгон чызджытæн, йæ фæлтæрддзинады бæрзæндæй акæсгæйæ, Индирæ фæдзæхсы: «Лæмбынæгæй кæс дохтыры рафыст хостæ рынчынæн дæтгæйæ, дæ кусæн бынат сыгъдæг дар, мидбылхудт, фæлмæн ныхас ма бавгъау кæн рынчынæн, æнæнхъæлæджы макæй фæриссын кæн, дæ куыст уарз, фæлтæрддзинад та дæм азтимæ æрцæудзæн».

ГУГКАТЫ Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here