Ныййарæджы капиталы фæрæзтæй…

0
492

 

56 цæгатирыстойнаг бинонтæ Пенсион фондмæ курдиæттæ балæвæрдтой, цæмæй сын æрвылмæй æххуысы хуызы лæвæрд цæуа фæйнæ 9 372 сомы ныййарæджы капиталы фæрæзтæй. Уый тыххæй фехъусын кодта УФ-йы Пенсион фонды Цæгат Ирыстоны хайады пресс-службæ.

Уыдонæй ныридæгæн 49 бинонтæ исын райдыдтой уыцы паддзахадон æххуыс. Иннæты курдиæттæм дæр ныртæккæ каст цæуы æмæ сæ фæдыл хаст æрцæудзæн бæлвырд уынаффæтæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй 2018 азы райдайæнæй фæстæмæ ныййарæджы капиталы фæрæзтæ схардз кæнæн ис ноджыдæр ма иу нысаныл, ома, цыбыркъух бинонтæн закъон фадат дæтты, цæмæй уыцы сертификаты фæрæзтæй æрвылмæйон æххуысы хуызы исой фæйнæ 9 372 сомы. Ахæм социалон фиддон райсыны фæдыл сæрмагонд курдиат бадæттын хъæуы

Пенсион фонды территорион дæлхайадмæ. Уыимæ, ахæм социалон фиддон снысан кæныны размæ, Пенсион фонды специалисттæ банымайдзысты бинонты иумæйаг æфтиæгтæ æмæ уыдоны бæрцы бындурыл уынаффæ рахæсдзысты. Закъоны уагæвæрдмæ гæсгæ, Пенсион фонд курдиаты фæдыл йæ уынаффæ хъуамæ рахæсса иу мæйы æмгъуыдмæ.

Пенсион фонды Цæгат Ирыстоны хайады прессслужбæйы минæвар куыд радзырдта, афтæмæй ахæм социалон фиддон исыны фæдыл æппæт фарстатæ дæр сбæлвырд кæнæн ис ахæм телефонтæй: 51-80-92, 40-97-10 æмæ 40-97-07

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here