Задæлесчы Нанайы бæрæгбон

0
468

 

Уый уыд рагзаманты. 1395 азы къуылых АхсахъТимур йæ æфсæндзых балбирæгътимæ æрбабырста аланты зæхмæ. Тæтæр-мангол уæлдай карз æмæ æнæтæригъддæр уыдысты, сæ ныхмæ сын фидарæй чи лæууыд æмæ сын аккаг ныхкъуырд чи лæвæрдта, уыцы адæмтæм. Уыдонæн сæ фыццæгтæ уыдысты алантæ. Хæстон стæртæ æмæ тохы чи сфæлтæрдта, уыцы хъал æмæ сæрыстыр алантæ. Фыдызнагимæ тохты дзы хъæбатырæй чи фæмард, уыдоны æвæгæсæг сывæллæтты Задæлесчы Нана йæ алыварс æрбамбырд кодта, тæтæр-манголы æнауæрдон хæцæнгарзæй сæ фервæзын кодта. Тар æмæ уазал лæгæты сæ æмбæхсгæйæ, сабиты аирвæзын кодта мæлæтæй.

Уыцы рагзамантæй фæстæмæ Тъæпæн Дыгурæй рацæугæ адæмæй, æппæт Ирыстоны дзыллæйæ Задæлесчы Нанæйæн йæ ном нæ ферох æмæ табуйаг ссис Ирыстоны алы цæрæгæн дæр. Рагæй-æрæгмæ алы аз сæрды йæ номыл Задæлескæй рацæуджытæ скæнынц стыр куывд, куывддон адæм Нанайæ ракурынц сабыр цард нæ райгуырæн зæххæн, хорздзинæдтæ — нæ кæстæртæн. Кадджын бæрæгбонмæ æрбахонынц бирæ уазджыты, цæмæй сæрмагонд сидтæй ногæй æмæ ногæй сбуц кæной, йæ ном цард æмæ рухсы нысан кæмæн ссис, уымæн.

Задæлескаг Цæллаты Олег куыд радзырдта, афтæмæй Нанайы номыл куывд азæй-азмæ кæны цытджындæр, кадджындæр æмæ егъаудæр. Æрвылаз фысым чи вæййы, уыдон æз хуыздæрæй бацæттæ кæнынц бæрæгбон, бацархайынц, хуыздæр цæмæй ацæуа, ууыл.

Ацы аз бæрæгбонмæ Задæлескмæ æрбамбырд уæлдай фылдæр адæм. Бæрæгбон рæсугъд æмæ мидисджынæй цæмæй ацæуа, ууыл тынг бацархайдта Хъодзасты мыггаг. Уазджытæ дзы уыд суанг фæсарæнтæй, Стыр Дыгурæй рацæугæ абон кæм цæрынц, уырдыгæй: Австрийæ, Герман æмæ Туркæй. Стыр цымыдисимæ уыдон байхъуыстой Задæлесчы Нанайы цардимæ баст хабæрттæм. Уазджытæ федтой, Нана йæ сидзæр сывæллæтты кæм хаста æмæ абон музей кæм ис, дурæй амад уыцы рагон хæдзар.

Бæрæгбон сæ аивадæй срæсугъд кодтой Æрæфы районы Культурæйы хæдзары сфæлдыстадон коллектив, стæй зарæггæнæг Секъинаты Элитæ.

З.АГЕЕВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here